Æрхæццæ кæны Стыр уæлахизы бæрæгбон. Стыр Фыдыбæстæйон хæст æппæт Советон Цæдисы адæмæн æрхаста цæссыг, удзиæнттæ æмæ хъизæмар цард, сæ зæрдæты сын ныууагъта арф хъæдгæмттæ. Мингай æвзонг цардбæллон фæсивæдæн  æгъатыр хъысмæт сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодта. Фыдыбæстæйы зæхх знагæй ссæрибар кæныны тыххæй цы адæмтæ цыдысты тохы быдырмæ, уыдоны æмрæнхъ слæууыдысты Ирыстоны æвзонг фæсивæд дæр. Цыдысты знаджы ныхмæ æнæмсæр тохы, цæмæй Фыдыбæстæ знагæй сæрибар æрцæуа, цæмæй кæстæртæ рæзой æмæ дидин æфтауой   цъæх арвы бын.

Стыр Уæлахизы бæрæгбонмæ йæхи цæттæ кæны нæ республикæ дæр. Ныридæгæн скъолаты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты уагъд цæуынц алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ.

28 апрелы нæ республикæйы Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы уагъд æрцыд мысæн мадзал «Кто сказал, что надо бросить песни на войне?», зæгъгæ. Мадзал бацæттæ кодтой аивæдты лицейы организатор Лолаты Жаннæ, сфæлдыстадон коллектив æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ. Цытджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты Президент Бибылты Анатоли, Хицауады бæрнон кусджытæ йæ сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй, афтæ ма нæ горæты æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзалы хайадисджытæ сæ музыкалон номырты руаджы æрæмбырдуæвджыты зæрдæтыл æрлæууын кодтой уæззау хæстон рæстæджы цаутæ,  нæ адæм цы хъайтардзинад равдыстой, уыдæттæ. Афтæ ма æххæст кодтой уырыссаг æфсæддон зарджытæ, уыимæ иумæ чысыл экраныл æвдыст цыдысты æфсæддон кинонывтæй скъуыддзæгтæ. Чысыл артистты арæхстдзинад мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдæтæм хастой хæстон азты уæззау  æнкъарæнтæ.   Рохуаты нæ баззадис организатортæй Ленинграды блокадæйы истори. Мадзалы æвдыст æрцыдис, сывæллæттæ цы хъайтардзинад равдыстой знаджы ныхмæ, уыцы темæйыл сценкæ. Сæ архайдæй залы бадджыты зæрдæтæ уынгæг кодтой.

Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, рох кæнын нæ хъæуы истори, хъæуы йыл  дзурын, цæмæй нæ сомбоны фæлтæртæ зоной, цы аргъæй æрцыд æлхæд сæрибардзинад: «Мæн фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын, ацы мадзал чи бацæттæ кодта, уыдонæн, мæнæ ацы чысыл кæстæртæн, кæцытæ сæ артистон архайдтытæй махæн    равдыстой хæстон архайды зындзинæдтæ.  Ахæм патриотикон мадзæлттæ, æнæмæнг, аразын хъæуы æмæ мæ ныфс ис, иннæ скъолаты дæр уагъд кæй цæудзысты, егъау нысаниуæг кæмæн ис, ахæм мадзæлттæ. Рох кæнын нæ хъæуы, мах сæрибардзинад кæй фæрцы райстам, уыдоны. Мах абон æвдисæн стæм не ‘ппæт дæр, нæ кæстæртæ кæй хъомыл кæнынц патриотикон зæрдæйыуагыл. Фæнды мæн ацы кæстæртæн, сæ ахуыргæнджытæн бузныджы ныхæстæ зæгъын, ахæм диссаджы мадзал кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй», –  банысан кодта Бибылты Анатоли.

Ахуырдзаутæ тырныдтой, цæмæй равдисой хæстонты рыстдзинад æмæ сæ цинтæ дæр. Уымæн æвдисæн сси  сценкæ, Уæлахизы боныл цы зæрдæйыуагимæ æм-бæлдысты, уый.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.