ФУТБОЛ

Кæронмæ бахæццæ сты футболæй дунейы чемпионаты 2-æм туры хъæзтытæ. Къорд «F»-йы Германи хъазыд Швециимæ. Ацы хъазты уæлахизмæ тырнындзинад равдыстой немыцаг футболисттæ, кæцыты æнæмæнгæйдæр хъуыд рамбулын, цæмæй сын уавæр уа къордæй ахизынæн. Фæстаг минутты онг хыгъд уыд 1:1, стæй ма Германы æмбырдгонд хъазыд дæсæй, фæлæ йын уæддæр хъазтмæ уæлæмхас рæстæджы бантыст пурти бакъуырын æмæ 2:1 хыгъдæй рамбулын. Мексикæ та тыхджындæр разынд Хуссар Кореяйæ – 2:1. «G» къорды Бельгийы командæ 5:2 хыгъдæй ныддæрæн кодта Тунисы, ацы къорды иннæ хъазты та Англис бæрæг тыхджындæр разынд Панамайæ  6:1. Къорд «H» Сенегал æмæ Японы командæтæ ахъазыдысты æмдыхæй – 2:2 æмæ Колумби та 3:0 хыгъдæй фæуæлахиз Польшæйыл.

 

ДЗЮДО

Хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ ссис Абхазы Кубокы уæлахиздзау. Æвзонг спортсменкæ архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+70 кг). Йæ тренер Тъуриты Тенгиз куыд фехъусын кодта, афтæмæй Аланæ акодта 4 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз иппонæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Аланæ раздæр та фыццаг кæй ссис æвзæнгты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Ацы уæлахизы фæрцы уый бар райста æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсынæн, кæцы уагъд цæудзæн Мæскуыйы.

Æлборты Аланæйæ стыр ныфс æвæры йæ тренер Тъуриты Тенгиз. Куыд банысан кодта, афтæмæй йæ хъомылгæнинаг у тынг курдиатджын æмæ  азæй азмæ бæрæг фæхуыздæр вæййы йæ цæттæдзинад.

 

БОКС

Профессионалон боксер Челехсаты Георги фæуæлахиз аргентинаг  боксер Леонардо Фабио Амитранойыл. Фем-бæлд уагъд æрцыд Мæскуыйы боксы изæры фæлгæтты. Алы раунды дæр Георги архайдта хуыздæр æмæ кæд хъавыд нокаутæй рамбулынмæ, уæд-дæр йæ ныхмæлæууæг ба-фæрæзта 10 раунды æмæ ирон боксер фæуæлахиз очко-тæм гæсгæ.

Ацы аз ма Георги акодта иу тох, уый дæр Мæскуыйы, æмæ 1-аг раунды нокаутæй рам-былдта Золтан Сабойы.

Хуриты Батрадз

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.