Хуссарирыстойнаг богал Бикойты Вадим ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй Уралаг федералон зылды чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Нижневартовскы. Вадимæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 61 кг уæзы категорийы. Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæй ма сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Хæдæрцаты Алик (65 кг), Хъизинты Дзамболат (70 кг) æмæ Багаты Алан (92 кг).

 

ШАХМАТТÆ

Радон хатт та Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны цытæн ХИПУ-йы шахматон клубы уагъд æрцыд турнир шахматтæй. Хайад дзы райстой 40 спортсменæй фылдæр. Призтыл тох кодтой республикæйы иууыл хуыздæр шахматисттæ, афтæ ма шахматон секциты æмæ шахматон скъола «Белая ладья»-йы хъомылгæнинæгтæ. Йæ цæттæдзинад ма фæлвæрдта Донецкы Адæмон Республикæйæ минæвар.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста Саулохты Георги, дыккаг ссис Гæбæраты Ацæмæз æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд Чилæхсаты Вадим.

Студентты ‘хсæн иууыл хуыздæр ссис Къодоты Андрей. Скъоладзауты ‘хсæн æмхуызон очкотæ æрæмбырд кодтой æмæ фыццаг фондз бынаты адих кодтой Бахъаты Гамлет, Михаил Логачев, Уанеты Лера, Тыбылты Аланæ æмæ Тыджыты Арсен.

12 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæтты ‘хсæн та фыццаг дыууæ бынаты адих кодтой Джыгкайты Артур æмæ Герман Наумов. Æртыккаг бынат та адих кодтой Гæззаты Леонид, Тедеты Спартак, Ходты Валери æмæ Бесаты Батрадз. Уыдон дæр æрæмбырд кодтой æмхуызон очкотæ.

Традицимæ гæсгæ хорзæхджын æрцыдысты æрмæст уæлахиздзаутæ æмæ призертæ нæ, фæлæ ма ерысты иннæ хайадисджытæ дæр.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.