Гаглойты Федыры райгуырдыл сæххæст 110 азы

Сабибонтæ

 Зынгæ ирон фыссæг, поэт, публицист æмæ литературон критик Гаглойты Захары фырт Федыр райгуырдис 1913-æм азы 11 сентябры йæ адæм æмæ райгуырæн бæстæйæ дард горæт Бакуйы. Куыд бирæ æндæр æмбæстæгтæ, афтæ Федыры мад Машо æмæ йæ фыд Захар дæр Стыр Октябры революцийы размæ сæхи дардтой зæххы æмæ фосдарды куыстæй. Цы дардыл хъуыдытæ сæм уыд, уыдон æххæст цыдысты сæ куыстуарзондзинады фæрцы. Уыцы азты бирæ тыхст адæмтæ уыдис, фæлæ Захар æмæ Машо сæхи ницы цух уагътой. Уымæй дарддæр ма æххуыс уыдысты хиуæттæ æмæ зонгæтæн, тыхстдæр адæймæгтæн. Уыцы азты горæт Бакуйы æмæ уымæ æввахс бынæтты, Каспы денджызы былгæрæтты райтынг сты нефтисæг куыстуæттæ. Сæ æнтыстыты кæйттæ æрыхъуыстысты Ирыстонмæ дæр æмæ бирæтæ, сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны сæраппонд, кусынмæ цыдысты уырдæм. Иуæй-иутæ цы зындзинæдтыл æмбæлдысты, уыдон нæ быхстой æмæ здæхтысты фæстæмæ, сæ райгуырæн къуымтæм. Захар æмæ Машо сæ куыстуарзондзинады фæрцы сæ цард уым кодтой дарддæр. Æддагон бæстæйы дзæвгар ацæрыны фæстæ, зæгъгæ, стыр аргъ æмæ кад кæмæн кæнæм, уыцы Ирыстоны адæмы ‘хсæн нæ фæнды цæрын. Æрцыдысты æмæ æрбынат кодтой Дзауы районы Уанелы хъæуы. Сæ ног сыхæгтæ сæ райстой хорз, сæхæдæг дæр сæм кастысты худгæбылæй æмæ алцæмæй дæр рухс кодта æмкъæйтты зæрдæ. О, фæлæ афтæ кæй фæзæгъынц, зæгъгæ, цард мæнгард у, уый кæд алы хатт адæмты ʻхсæн йæхицæн бынат не скæны, уæддæр ацы хатт, уыцы æмбисонд æрцыд сомбоны поэты хæдзарыл. Уæззау низ дарддæр цæрынæн фадат нал радта Машойæн æмæ авдаздзыд Федыр мады рдыгæй баззад сидзæрæй. Уыимæ ма сæ хæдзар сыгъд æрцыдис Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонæн геноцид куы сарæзта, уæд. Чысыл Федыр иунæгæй баззад йæ фыд Захаримæ.

 

Ивгъуыд æнусы 20-æм азтæ

Ирыстоны Хуссар хайы уæды онг стыр зын æмæ æнамонддзинæдтæ никуыма бавзæрста. Уæд бирæтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, нал уыдзæнис Хуссар Ирыстон, фæлæ Хуыцау хорз, афтæ нæ рауад. Сæ бæстæ ныууадзой, уый хъуыды сæ никæмæ уыд æмæ уавæр куы фæхуыздæр, уæд здæхын райдыдтой сæ сыгъд хæ-дзæрттæ æмæ уæзгуытæм æмæ аны-гъуылдысты царды уылæнты. Арæзтой хæдзæрттæ, хуым кодтой сæ зæххытæ, скодтой фос. Сæйрагдæр æмæ уæззаудæр аразинаг куыстытæ уæд æххæст кодта Захар йæхæдæг, фæлæ Федыр дæр йæ чысыл тыхтæ нæ хæлæг кодта райста фыййауы лæдзæг æмæ йæ фæхаста цалдæр азы.  Федыр нæ уарзта йæ фыййауы азтæ мысын, фæлæ иу уæддæр арæх йæ цæстытыл ауад зымæгон бонты-иу йе ‘взонг уæнгтæ уазалмæ куыд «къуркъа» кодтой, сæрд та-иу йæ буар хурмæ куыд сыгъд, йæ гом къæхты кæдзæхдурты схъистæ куыд ныхстысты, уый… æмæ та-иу йæ зæрдæ срыст.

Бæлвырд бæрæг нæу, Федырмæ ахуырад райсыны хъуыдытæ кæд æрцыдысты. Фæлæ сæрдыгон бонты хызта фос, зымæг та ахуыр кæнын райдыдта райдиан скъолайы. Фæстæдæр цыдис  Сталиниры педагогон институты цæттæгæнæн къурсытæм. Уый фæстæ та ссис ахуыргæнæндоны студент. 1935-æм азы йæ хорз бæрæггæнæнтимæ каст куы фæцис, уæд кусын райдыдта Ленингоры районы Орчъосаны хъæууон æнæххæст астæуккаг скъолайы директорæй. Уым фæкуыста 1938-æм азмæ. Уыцы азты æвзонг поэтæн йæ уацмыстæ арæхæй-арæхдæр цæуын райдыдтой периодикон мыхуыры.

1937-38-æм азты репресситы азары бахаудысты ирон фысджытæ. Гафез дæр уæд ссис газет «Коммунист»-ы литературæйы хайады сæргълæууæг.

 

Литературон фæндагыл

фыццаг къахдзæфтæ

Æвзонг фыссæг йе ‘ргом тынгдæр аздæхта литературæмæ. Фæлæ уыцы хъуыддаджы литературæйы сусæгдзинæдтæ хуыздæр чи зыдта, хуыздæр фæндæгтæ йын чи бацамыдтаид, иу ахæм хистæр йæ фарсмæ нал уыдис. Уæддæр æвзонг лæппу тырныдта размæ. Бирæ хæттыты-иу сбон кодта чингуытæ кæсгæйæ, æмдзæвгæтæ фысгæйæ. Федырæн уымæй уарзондæр куыст нæ уыдис, фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ йæ бæстæ, адæмыл æнувыд чи уыд, йæ бахъахъхъæнынмæ цæттæ чи разынд, уыдон ‘хсæн слæууыд Гафез дæр. Акодтой йæ, хæсты райдианæй мæй æмæ æрдæг дæр нæма рацыд, афтæмæй.

Гафез хæстмæ йемæ  ахаста 1940 азы йын Хуссар Ирыстоны рауагъдад цы чиныг рауагъта «Фæндыры зæлтæ», уый. Федтой йын æй йæ командагæнджытæ дæр, базыдтой мыхуыры куыстмæ рæвдз кæй у, æмæ йæ баурæдтой дивизийы газеты инструкторæй. Фæстæдæр та уыд 12 сæрмагонд бригадæйы батальоны политкъухдариуæггæнæг æмæ къамисар дæр.

Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста æмæ федта Гафез хæсты уæззау быдырты. Бирæ хæттыты фемдзаст æхсарджын ирон лæппу æгъатыр мæлæты цæстытæм, фæлæ та-иу дзы йæхи атыдта. Ирон удыхъæд ын бар нæ лæвæрдта, цæмæй йæхи равдиса лæмæгъæй.

Хæсты фæстæ йæ публицистон чиныг «Хæстоны намысы фæндæгтæ»-йы Гафез иттæг хорз равдыста æндæр адæмты æмрæнхъ ирон хæстонтæ цы стыр ныфсхастдзинæдтæ æмæ хъæбатырдзинæдтæ æвдыстой, уыдон. Федыр йæхæдæг Керчы тохты фæцис уæззау цæф. Цалдæр мæйы фæхуыссыд æфсæддон госпиталы. Бæргæ тырныдта йæ хæстон æмбæлттæм, фæлæ æфсæддон камисы уæнгтæ аскъуыддзаг кодтой, хæстон архайтытæ æххæст кæнын йæ бон кæй нал у æмæ æрыздæхт йæ раддæг адæм, йæ райгуырæн къуыммæ. Йæ фыд Захар уæдмæ йе ‘цæг дунейы бар бацис.

Иуран бада, уый нæ фæндыд Гафезы æмæ райдыдта газет «Коммунист»-ы редакцийы хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæгæй. 1943 азы сентябры мæйы ногæй цæуын райдыдта журнал «Фидиуæг» æмæ Федыры уырдæм аивтой бæрнон нымæрдары бынатмæ. 1954 азы та ссис журналы редактор. Æцæг, редакторы бынаты бирæ нæ бакуыста. 1955 азы йæ снысан кодтой Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон нымæрдарæй, цыран фæкуыста 1972 азмæ.

Гафезæн цы бирæнымæц чингуытæ бантыст рауадзын, уыдонæй адæмы зæрдæтæм арфдæр бахызтысты: «Фæндыры зæлтæ, «Адджын у цард», «Аминæт», «Уæ бонтæ хорз адæм», «Фыдызæххы комулæфт», «Фыды артдзæст» æмæ æндæртæ.

Ирон чиныгкæсджытæ се ‘ппæт дæр тынг хор зонынц Федыры фæсномыг Гафез мыггаг, ном æмæ фыды номæй арæзт кæй у. Ахæм ном æрымысыд Ленингоры районы Орчъосаны æнæххæст астæуккаг скъолайы директорæй ма куы куыста, уæд. Орчъосан æмæ ма уымæ æввахс хъæутæ Цъинагар, Абреу æмæ Захъхъоры хъæуты цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæсномыг Гафезы (а) æмæ (е)  дам нысан кæнынц йæ хорз зонгæ æмæ хæлар Анна Елойтыйы инициалтæ.

Гафезы цардвæндаг ахæм уæззау куы нæ уыдаид, уыйбæрц зынтæ куы нæ федтаид æмæ бавзæрстаид, уæд ма, чизоны ацардаид. Куы цардаид уæд ма, кæй зæгъын æй хъæуы, сфæлдыстаид æндæр уацмыстæ дæр, фæлæ цы зынтæ федта, уыдон ыл стых сты. Йе уæнгты йын бауагътой низ, дæргъвæтин рæстæг нал сыстад йæ сынтæгæй æмæ 1983 азы Ирыстонæй фæхъуыд, стыр кад ын чи кодта, тынг æй чи уарзта, ахæм æмбæстаг.

ГÆЗЗАТЫ Иван

 

 

ГАФЕЗ

***

Кӕд дӕм, мыййаг, ӕнӕ аххосӕй, барӕй,

Тызмӕг ысдзырдтон, бафхӕрдтон ӕз дӕу, –

Хатыр мын уӕд;

 

Кӕд дыл, мыййаг, мӕ зӕрдӕйӕн йӕ хъармӕг

Нӕ бацин кодтон, не ’ррӕвдыдтон дӕу, –

Хатыр мын уӕд;

 

Кӕд мӕ, мыййаг, ныхдурӕн федтай истӕм

Дӕ фӕндагыл, хъыг дардта м’аууон дӕу, –

Хатыр мын уӕд;

 

Кӕд дын, мыййаг, сӕрбахъуыды дӕ ристӕ

Нӕ дих кодтон, ныууагътон иунӕг дӕу, –

Хатыр мын уӕд.

1963

 

 

***

Ир – мӕ цӕсты рухс, мӕ сагъӕс,

Ир – мӕ уд.

Сис мӕ цард ӕмӕ йӕ ахӕсс,

Уый дӕу у.

 

Искуы дын зын куы уа, рӕстӕг –

Уадау карз,

Фестдзынӕн ызгъӕр дӕ фӕрстӕн,

Де ’рттӕн – кард.

 

Зонын ӕй, ӕрцӕудзӕн адзал, –

Разы дӕн:

Рацӕуӕд ингӕны уазал, –

Айсӕд мӕн!

 

Мӕн фӕнды ӕвзонгӕй мӕлын, –

Уалдзӕг, зард…

Фӕлӕ ма кӕд уӕнгты змӕлой –

Тых, ӕхсар.

 

Мемӕ сӕ дӕуӕй куыд хӕссон? –

Байсӕфӕнт!

Чизоны дын искуы сбӕззой,

Айс сӕ уӕд.

 

Ир – мӕ цӕсты рухс, мӕ сагъӕс,

Ир – мӕ уд.

Сис мӕ дард ӕмӕ йӕ ахӕсс,

Уый дӕу у.

1964, 25 октябрь.

 

 

РАГВӔЗЗӔГ

Ӕрцыдтӕ ды нӕргӕ, хъӕргӕнгӕ нӕ,

Фӕлӕ сабыр ӕрхызтӕ хохӕй коммӕ.

Ысуагътай ӕрдзыл бур-бурид тӕлмӕн

Ӕмӕ йыл дымгӕ хъазыд дысон-бонмӕ.

 

Ӕлхынцъ ӕрфыгӕй адгуытӕ лӕууынц,

Цыдӕр сагъӕс сӕ удӕнцой нӕ уадзы.

Тӕдзынджытӕ кӕуынц ӕмӕ кӕуынц,

Нӕ комыдон тӕлтӕг къадатӕ нуазы.

 

Мӕн та фӕнды хъӕрӕй зарын. Мӕ уд

Нӕ быхсы, нӕ, цӕра кӕдӕмдӕр хастӕй.

Кӕм дӕ, мӕ уалдзӕг, иухатт-ма фӕхуд,

Фӕзынут мӕм, мӕ рагуалдзӕджы азтӕ!

 

***

Райгуырӕн Ир,

иунӕг дӕ, чысыл дӕ, –

иунӕджы фылдӕр фӕуарзы мад.

Нӕй ӕндӕр Ир

дунетыл ыссарӕн

ӕмӕ дыл

ӕз бафтыдтон мӕ ард.

 

Уарзын дӕ,

хъӕбулы уарзтӕй,

уарзын,

агурын дын

амонд ӕмӕ фарн.

Барын дӕ

зӕрин хур ӕмӕ уазыл, –

царды хӕрзтӕм

рухс фӕндӕгтӕ ар.

 

Райгуырӕн Ир,

хӕхтӕ ӕмӕ фӕзтӕ,

знаджы раз

нӕ къул кодтай дӕ сӕр.

Гас дунеты

адӕмтӕн

сӕ астӕу

ды рӕсугъдӕй,

амондджынӕй цӕр.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.