Стъолы теннис

Сочийы «Уæрæсейы стъолы теннисы федераци»-йы хыгъдон конференцимæ хуынд æрцыд «РХИ-йы стъолы теннисы федераци»-йы президент Джиоты Мириан. Уый конференцийы хайад райста куыд кадджын уазæг, афтæ. Конференцийы фæлгæтты Джиоты Мириан фембæлд «Уæрæсейы стъолы теннисы федераци»-йы президент Александр Бабаковимæ. Дзырд цыд æмгуыстады фæдыл.

«Фембæлды рæстæджы йын радзырдтон Хуссар Ирыстоны стъолы теннисы уавæры æмæ нæ спортсментæн цы æнтыстытæ ис, уыдон тыххæй. Æрдзырдтам æмгуыстады фæдыл. Александр Бабаков мын куыд баныфсæвæрдта, афтæмæй дарддæр дæр æххуыс кæндзысты Хуссар Ирыстоны спорты ацы хуыз размæ кæнынæн», — загъта Джиоты Мириан.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы аз «Уæрæсейы стъолы теннисы федераци» «РХИ-йы стъолы теннисы федераци»-йæн кæй балæвар кодта стъолы теннисы 6 спортивон фæзуаты.

Джиоты Мирианæн ма конференцийы фæлгæтты фембæлдтытæ уыдис «Уæрæсейы стъолы теннисы федераци»-йы фыццаг вице-президент æмæ генералон директор Олег Завалюевимæ æмæ федерацийы æххæстгæнæг комитеты уæнг Виктор Батовимæ.

Уæгъдибар хъæбысхæст

Бишкекы уагъд æрцыд Poddubny Wrestling League (PWL-3). Ацы турнир арæзт æрцыд World Series-ы форматы. Ома дзы цы тыхджын богалтæ хæцыдысты, уыдон акодтой æрмæстдæр фæйнæ иу тохы. Ерысты цы ирон хъæбысæйхæцджытæ хæцыдысты, уыдон иууылдæр фæуæлахиз сты сæ ныхмæлæуджытыл. 74 кг уæзы Олимпион чемпион Сидахъты Зауырбег 6:4 хыгъдæй фæуæлахиз ирайнаг Йонес Эмамийыл. 86 кг Найфонты Артур 3:1 хыгъдæй тыхджындæр уыд Казахстаны минæвар Азамат Даулетбековæй. Ирон спортсментæй иууыл уæззаудæр тох рауад Козырты Сергейæн. Уый æмбылды кодта 2:3 хыгъдæй, фæлæ ма дыууæ секунды куыд хъуыд, афтæ йæ бон ссис дыууæ баллы рамбулын æмæ фембæлд фæцис 4:3. Турниры фæлгæтты ма 62 кг уæзы Кæсæбиты Алинæ рамбылдта азербайджанаг Элис Маноловайы.

Ерысты ма дыууæ тохы та арæзт æрцыд скъоладзаутæн. 32 кг уæзы Туаты Феликс æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз бынæттон спортсмен Ариет Калибековыл.

Хуриты Батрадз