Сæумæрайсомы хуры хъарм æмæ узæлгæ тынты бын балæууыдтæн  «Тулдзы къох»-ы. Фехъуыстон, ардæм æрвылбон дæр кæй фæцæуы бирæ адæм æмæ мæ бафæндыд сæ фенын, семæ аныхас кæнын. Фыццаг кæуыл амбæлдтæн  уыдонæй иу уыдис нæ горæты цæрæг Плиты Гимзер. Уый æрмæст сыгъдæг уæлдæфмæ нæ фæулæфы, фæлæ ма йæ хъус фæдары æрдзы сыгъдæгдзинадмæ дæр. Мемæ аныхас кæнынмæ йæ не ‘вдæлд, фæлæ фæуагъта йæ лыгъд æмæ райдыдтам ныхас кæнын.

– Ардæм цæуын дохтырты амындтæм гæсгæ. Иу рæстæджы фæцудыдта мæ ‘нæниздзинад. Сфæлмæцыдтæн хостæй, рынчындæттæй. Уæд мын мæ дохтыртæй сæ иу бацамыдта, зæгъгæ, бафæлвар æмæ сæумæрайсомты, цалдæр мæйы бæрц цу «Тулдзы къох»-мæ. Æнцон мын нæ уыдис дохтыры ацы хæс æххæст кæнын, фæлæ адæймаг йæ ‘нæниздзинады тыххæй цæттæ у цыфæнды зындзинæдтæм дæр æмæ æз дæр райдыдтон цæуын. Куыдфæстагмæ бауарзтон ардæм цæуын æмæ уыимæ фæхатыдтæн, мæ æнæниздзинад кæй фæхуыздæр ис, уый дæр. Куыдфæстагмæ райдыдтон згъорын, арæх гомкъахæй, аразын райдыдтон спортивон фæлтæрæнтæ. Цалдæр аз хос цы у, уый та зонгæ дæр нал кæнын. Ныр арæх аныгъуылын хъуыдыты æмæ зæгъын, хорз у æмæ нæ фæзивæг кодтон сæумæрайсом сыстынмæ, ардæм  ссæуын, æндæра цы бауыдаин?..

Æрвылбон дæр «Тулдзы къох»-мæ цы бирæ адæм ссæуы, сыгъдæг уæлдæфмæ чи фæтезгъо кæны, уыдон ‘хсæн вæййы сылгой-мæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ, æрыгæттæ æмæ хистæр кары адæм дæр. Горæты поликлиникæйы дохтыр Гояты Валентинæ афтæ зæгъы.

– Райсом раджы сыстын, сыгъдæг уæлдæфмæ рахизын æмæ тезгъо кæнын, уый адæймагæн æвдадзы хосæй хъауджыдæр нæу. Уымæй адæймаджы æнæниздзинад кæны хуыздæр æмæ хъæддыхдæр, йæ куыстхъомдзинад дæр фæфылдæр вæййы уæлдайдæр та у йæ рæуджытæ хъыгдард кæмæн сты, йæ зæрдæйæ чи хъæрзы,  ахæм адæймæгтæн.

«Тулдзы къох»-мæ цæуджытæ фæстаг рæс-тæджы дзæвгар фæфылдæр сты. Уый та уымæн æмæ ам фæзынд  ногарæзт спортивон дзаумæттæ. Сæвæрдта сæ Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим. Йæ ахæм ахаст æмæ архайды тыххæй йæ куы афарстон, уæд мын загъта.

– Æвзонгдæр ма куы уыдтæн, уæд арæх цыдтæн ардæм. Куы æмбæлттимæ, куы та – иунæгæй, фæлæ мыл цыдæр аххосæгтæ стых сты æмæ иу рæстæг нал цыдтæн. Нал цыдтæн, фæлæ ардæм цæуын мæ хъуыдыйæ никуы аппæрстон. Ацы аз, иу уалдзыгон бон, цалдæр æмбалимæ ссыдыстæм ардæм. Фæтезгъо дзы кодтам йæ сыгъдæг æмæ рæсугъддзинадæй барухс сты нæ зæрдæтæ, райстам стыр æхцондзинад. Федтон,  чидæртæ бæлæстыл лæдзгуытæ кæй бахуыдтой, турниктæ дзы кæй сарызтой, уый æмæ уæд аскъуыддзаг кодтон, ам спортивон дзаумæттæ сæвæрын. Фæстæдæр мæ хъуыды раргом кодтон Годжыцаты Павел, Джиоты Рудик, Плиты Шота æмæ Хъуылымбегты Иванæн. Балхæдтам, цы хъуыд, ахæм æфсæйнæгтæ, сарæзтам сæ спортивон дзаумæттæ, сластам сæ æмæ сæ ныфидар кодтам, цы бынат равзæрстам, уым. Мæнæн тынг æхсызгон вæййы, куы ссæуын æмæ дзы искæй куы фенын, уæд.

Уымæй дарддæр ма Вадим фæнд кæны, ам раздæр цы доны цад уыд, уый сцалцæг кæнын, дон æм бауадзын. Уый куы срæвдз уа, уæд уырнинаг у, ардæм фылдæр адæм кæй цæудзæнис, уый.

         Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.