Уалдзыгон æрдз дидинӕг фестадис, йӕ цъӕх дарӕс скодта…

  Ирыстон йе ‘рдзы руаджы рæсугъд у. Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ уазал цæстæй кæсынц нæ æрдзы рæсугъддзинадмæ, уый нæ, фæлæ ма йæ фыдуынд дæр кæнынц. Кæм фæзынынц, уæлдайдæр та – улæфæн бынæтты, уым сæ   фæстæ ныууадзынц алыгъуызон брæттæ.

Куыд æрвылуалдзæг, афтæ ацы аз дæр нæ републикæйы цæрджытæ, скъоладзаутæ, куыстуæттæ æмæ студенттæ рахызтысты сыгъдæггæнæн зиумæ, горæт æмæ йæ алфæмблай æфснайынмæ.

ХИПУ-йы студенттæ алы аз дæр бафснайынц тулдзы къох. Ацы аз дæр фæсивæд ректор Тедеты Вадим, æмæ сæ ахуыргæнджытимæ араст сты тулдзы къохмæ. Рахастой æфснайæн кусæнгæрзтæ æмæ йын иумиаг тыхтæй, хорз зæрдæйыуагимæ  йæ хуыз скалдтой.

Махæй алчидæр зоны, æрдз нын кæй дæтты цард… Уый дæр зоны улæфын, ис ын йæхи ‘взаг. Æрдз у нæ ныййарæг æмæ нæ дарæг. Мах та йæ нæхи къухтæй сафæм, æндзарæм ыл арт æмæ  йæ «хурх» кæнæм.

О, фæлæ… иутæ сыгъдæг кæной, æндæртæ та чъизи? Хъыгагæн, республикæйы фылдæр кæны æнæран брондæтты нымæц.

Хъыгаг уый у æмæ брон кæныныл ахуыр чи у,  уыдон кæй нæ сæттынц. Уæвгæй,  сæ алкæй дæр фæнды сæ алыварс сыгъдæг уа, уый.  Фæлæ дæхæдæг рацу æмæ дæ алыварс бафснай æмæ йæ мауал чъизи кæн, дæ брон кæм æмбæлы, уым ныппар. Сыгъдæгдзинадыл чи нæ ауды, уыдон хъуамæ æмбарой, нæ горæт, нæ республикæ нæ иумæйаг хæдзар кæй у æмæ йæ чъизи кæнын кæй не`мбæлы. 

Цæрджытæй бирæтæ, хъыгагæн, не ‘мбарынц адæймаджы ном чи хæссы, уый хъуамæ брон æнæмбæлон бынаты ма æппара. Броны контейнертæ цæмæн сæвæрынц? Уырдæм бацæуын исчи йæ сæрмæ нæ хæссы, æви сын зын у, нæ йæ ‘мбарын… Мæнмæ гæсгæ, уый зын нæу. Уæдæ цæмæ хъуамæ уа нæ республикæйы ахæм нысæнттæ “Брæттæ æппаргæйæ дæ ма ферох уæт скъох-къох кæнын”.   Кæмæйдæрты фехъусæн дæр ис, ома, сæм машинæтæ ис æмæ сæ брæттæ аласынц. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй, машинæты хицæуттæй дæр бирæтæ сæ брæттæ кæронмæ нæ фæхæццæ кæнынц – машинæйы рудзынгæй сæ раппарынц…

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.