Адæймаг æнусты нæ цæры, æнусты цæрынц йæ кад, кæнæ  йæ худинаг. Æмæ-иу фæрнджын адæймаг худинаджы бæсты кадимæ амæлын хуыздæрæн уымæн равзæрста.

Адæймагæй уæлæуыл баззайы æрмæстдæр ном: кæнæ кадджын лæджы ном, кæнæ – æгады. Нæ фæстæ цы кæстæрты ныууадзæм, уыдон нæ хъуамæ сæрыстыр уой, сæ сæртæ нæ бæрзонд хæссой: æз ирыстойнаг дæн, мæнæн ахæм кадджын фыд кæнæ мад уыд, зæгъгæ.

Фæстаг рæстæг фæсивæдæн фæзындис бирæ ног фадæттæ кæрæдзиимæ зонгæ æмæ ныхас кæнынæн. Уыдонæй иу у интернет. Æмæ уыцы ран ирон фæсивæд хъуамæ сæ зæрдыл æдзухдæр дарой, мингай адæмтæ сæм фæйнæрдыгæй кæй кæсынц æмæ æгас ирон адæмæн уымæ гæсгæ кæй аргъ кæнынц.

Ма дзы ‘вдис дæхи æнæуагæй, дзæгъæлдзыхæй, æрдæгбæгънæгæй, хъæбыстæгæнгæйæ, гъе ироны ном æгадгæнæг æндæр ахæм хуызы. Дæ зæрдыл дар ирон æмбисонд: «Хъæуæй хъæды дæхи хуыздæр дар!».

«Æндæр бæстæтимæ абаргæйæ, интер-неты æндæвдадæн Хуссар Ирыстоны æгæр стыр нысаниуæг лæвæрд цæуы. Социалон хызæджы цы дискусситæ вæййы, уыдоны гъæд вæййы тынг ныллæг, ницы мидис дзы вæййы», – зæгъы нæ горæты цæрæг  Гæззаты Маринæ.

Интернетæй пайдагæнгæйæ, æнæуаг митæ æмæ æнæуаг ныхæстæ чи кæны, уыдон фæстаг рæстæг республикæйы сарæх сты. Социалон хызæджы сцырен вæййынц æмæ хъаугъа кæнынц цалдæр адæймаджы æмæ цыфæнды хорз хъуыддаг куы уа, уæддæр æй афтæ æрзылдтытæ кæнынц æмæ йæ фæлдæхтæй рахæссынц адæмы размæ.

Сылгоймаджы намыс нæ фыдæлтæ нымадтой царды айдæныл. Хъыгагæн, абон афтæ  нал у.  Ныр цард размæ куыд цæуы, афтæ ивынц ирон æгъдæуттæ, сылгойма-джы хидарыны уаг дæр. Хъыгагæн, сæфынц канд фауддзаг æгъдæуттæ нæ, фæлæ нæм хорзæй цы уыд, уыдонæй дæр бирæтæ. Абон сылгоймаг йæхи афтæ къуындæг, æбарæй нал хаты. Уый нæ, фæлæ ма, хъыгагæн, бирæтæ цайдагъ кæнынц алыгъуызон æвзæрдзинæдтыл. Хъыгагæн, æвзонг сылгоймæгты дзыхæй фехъусæн вæййы æвзæр, æнæуаг ныхæстæ, æлгъыстытæ. Бирæтæ æмхиц сты нозтмæ æмæ æндæр æвзæрдзинæдтæм дæр. Æмæ ирон сылгоймаг та кæддæриддæр йе ‘гъдауæй фидыдта…

Ирыстоны хорз фæсивæд рæзы, зонд æмæ æгъдауыл хæст, хистæрæн, сылгоймагæн кадгæнæг. Фæлæ дзы фæзыны æмбыд картофау, иннæтæн дæр тæссаг кæмæй у, ахæм чызджытæ æмæ лæппутæ. Алчидæр дзы бинонты, сыхы ‘хсæн хъомыл кодта, фæлæ æмбæлон хъомылдзинад нæ райстой.

Æгъдау адæймагæй аразгæ у, адæмы рæгъмæ йæ чи куыд рахæсса, афтæ сахад-дзæн. Куырыхон æй срæсугъд кæндзæн, адæмы хъæр чи не ‘мбары, уый йæ счъизи кæндзæн. Алы ирон æгъдау дæр æнцой кæны арф хъуыдыйыл. Хъуыды æвæрд кæм нæй, уый æгъдау нæу.

«Махæн, ирæттæн, нæ  менталитет у æндæр, кæцыйæн, мæнмæ гæсгæ, стыр нысаниуæг ис. Æддагæттæ нæ республикæйы цæрджыты рæстмæ  нæ зонынц, æмæ хызæгты комментаритæм гæсгæ аргъ кæнынц нæ адæмæн. Мах кæрæдзи фаугæ æмæ æфхæргæйæ, нæ фыдæлтæн   кад кæнынæн дæр нал стæм», – загъта Цыбырты Дианæ.

Мах хъуамæ зонæм, нæ фыдæлтæ сæ монцтæ адæмы размæ нæ хастой, дзæгъæлдзырд æмæ æнæуаг ныхас нæ кодтой.

Сæфтмæ нæ абон тæрынц, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.