Нӕ горӕты уынгтӕн сӕ фылдӕр нарæг сты, бирӕтыл дзы хатгай хӕдтулджытӕй азмӕлӕн нал вӕййы. Шофыртӕ сӕ машинӕтӕ баскъӕрынц тротуартӕм ӕмӕ цъӕх нӕутӕм, ӕмӕ фистӕг бӕлццӕттӕн ӕдӕрсгӕ ахизӕн нал вӕййы. Стӕй ма уыцы уынгты цӕрджытӕ дӕр фӕхъаст кӕнынц, сӕ хӕдзӕрттӕм бахизын сын зын кӕй вӕййы, уый тыххӕй. Бынӕттон цӕрджытӕй ма разыны ахӕмтӕ, кӕцытӕ ӕнхъӕлынц, зæгъгæ, мӕ хӕдзары размӕ тротуар дӕр мӕн у, ӕмӕ дзы сӕ хӕдтулджытӕ бауромынц. Фӕлӕ уый мӕнг хъуыды у – тротуартӕм цӕрджытӕ ницы бар дарынц, тротуартæ иумӕйаг сты.

Ацы проблемӕ рагӕй лӕууы милицийы фӕндагон ӕдасдзинады инспекцийы раз ӕмӕ исынц алыгъуызон мадзӕлттӕ йӕ аиуварс кӕнынӕн. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ауадзынц рейдон мадзӕлттӕ ӕмӕ фӕивар кӕнынц шофырты. Инспектортӕ бамбарын кӕнынц шофыртӕн, тротуартыл ӕмӕ цъӕх нӕутыл уромыны бар кӕй нӕй ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхсынц, цӕмӕй ма халой фӕндагон фӕткойтӕ.

«Махмӕ хъаст кӕнынмӕ цӕуынц бынӕттон цӕрджытӕ, сӕ хӕдзӕртты рахизӕнты хӕдтулджытӕ урӕд кӕй вӕййы, уый тыххӕй. Хъаст ма кӕнынц фистӕг бӕлццӕттӕ дӕр – бирӕ рӕтты тротуартыл ахизӕн нал вӕййы машинӕты цӕхгӕрмӕ урӕдӕй. Уынгӕг ахизӕнты, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллонимӕ тулæнимæ нӕ ацӕудзынӕ ӕмӕ дӕ бар-ӕнӕбары рахизын бахъӕудзӕн машинӕты фӕндагмӕ. Ӕмӕ уым та тӕссаг у хӕдтулӕджы бын бахауынӕй. Махӕн нӕ хӕс у сӕвзӕргӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕнын», – зӕгъы фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспектор Дзеранты Георги.

Хӕдтулгӕ ӕнӕран бынаты бауромыны тыххӕй шофыры фӕивар кӕнынц 200 сомы ӕмӕ бирӕтӕм ивар бафидын ӕнцондӕр фӕкӕсы автомобилæн бауромыны бынат ссарынӕй. Уымӕ гӕсгӕ ацы ивар хъӕуы фӕфылдӕр кӕнын ӕмӕ уыимӕ ӕнӕмӕнг фӕкъаддӕр уыдзӕн фӕткхалджыты нымӕц дӕр.

Хъæндзинад аиуварс кӕнынӕн ма ис ӕндӕр мадзал дӕр – ахӕм уынгтыл хӕдтулджытӕн хъӕуы радтын ӕрмӕстдӕр иуӕрдӕм цӕуыны бар. Зӕгъӕм, Абайты Васойы уынгыл ӕрмӕстдӕр иуӕрдӕм цӕуыны бар куы уаид, уӕд уавӕр бӕрӕг фӕхуыздӕр уаид. Ацы хъуыддаг саразын феххуыс уаид Сталины уынгӕн дӕр. Театралон фӕзуатмӕ æввахс ис бирӕ уагдӕттӕ ӕмӕ кусгӕ бон ацы территорийы ныттыгуыр вӕййынц дæсгай хӕдтулджытӕ. Сталины уынгыл Исахъы уынджы фӕзилӕнӕй Пушкины уынджы фӕзилӕны онг ӕрмӕстдӕр иуӕрдӕм цӕуыны бар куы уаид, уӕд дзы ӕндыгъд уавӕр къаддӕр уаид.

ДЖИОТЫ Алыксандр 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.