Диссагæн баззад ирон лæджы хъæбатырдзинад, æхсардзинад сæрбахъуыды рæстæджы. Кæцы тохы быдыры -иу не скалдта йе `хсаргард цæхæртæ! Цал æмæ цал иронæн раргом йæ хæстон курдиат знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ, Уæрæсейы паддзахы дуджы уыдаид æви Советон Цæдисы рæстæджы! Цал æмæ цал ирон хæдзары æрцыдис лæппу сабийыл ахæм куывд “афицер дæ рауайæд,” зæгъгæ. Инæларыл ма чи дзырдта. Фæлæ ахæм бинонтæ дæр уыдысты, се `хсæн фидæны инæлæрттæ кæм рахъомыл. Уыдонæн сæ нымæц фылдæрæй фылдæр кодта, сæ адæмы кад бæрзонд хастой æмæ хæссынц абон дæр. Уыдонæй алкæмæн дæр йæхи райгуырды аз ис. Фæлæ ис ахæм аз дæр, кæцы æртæ инæларæн у иумæйаг. Уыцы æртæйæн, кæцытæ акастысты æндæр ирон инæлæртты сæрты æмæ сæ нæмттæ фыст æрцыдысты æрмæст Ирыстоны нæ,  фæлæ нæ раздæры хъомысджын Советон Цæдисы историйы дæр.   Хистæр – Хетæгкаты Гиуæрги, астæуккаг –Мамсыраты Хаджи Умар æмæ кæстæр  – Плиты Иссæ.

Ивгъуыд æнусæн йæ æртыккæгæм аз. Цæгат Ирыстоны Алагиры районы Зæрæмæджы  хъæуы Хетæгкаты бинонтæн 25 апрелы райгуырд лæппу. Ном ыл сæвæрдтой Габо. Бинонтæ мæгуыр цард кодтой æмæ лæппу куы рахъомыл, уæд се`нцой балæууыд – æфснайдта бонджынты тыллæг, саукусæгæй куыста Садоны æрзæткъахæнты, уыд хуыйæн æрмадзы æфснайæг… 1919 азы бацыд сырх иартизанты рæнхъытæм æмæ хайад иста урсгвардионты ныхмæ тохты. Уæдæй, æхсæрдæсаздзыдæй райдыдта йæ хæстон цард фидæны номдзыд инæларæн. Сырх Æфсады рæнхъыты активон хайад иста æмбæстагон хæсты. Йæ хæстон зонындзинæдтæ фылдæр кодта æфсæддон скъола æмæ курсыты. 1929 азы райста йæ фыццаг хорзæх – Сырх Тырысайы орден.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст Ленинграды æфсæддон окруджы 21-æм  механизацигонд корпусы артиллерийы хистæр, булкъон Хетæгкаты Георгийы æрæййæфта Прибалтикæйы æмæ знагимæ сæмбæлд арæнгæрон тохты.

Ам мах нæ дзурдзыстæм Георгийы хъæбатыр хæстон фæндæгтыл, уыцы хæс нæ разы æвæргæ дæр нæ кæнæм, фæлæ зæгъдзыстæм 1945 азы 6 апрелы уымæн лæвæрд кæй æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном, æфсæдтæн арæхстджынæй кæй разамынд кодта, хæстон хæстæ иттæг хорз кæй æххæст кодта æмæ æхсардзинад, хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй.

Ирон инæлар йæ хæстон фæлтæрддзинадæй ныфсджынæй спайда кодта Берлин сисыны фæдыл тохты дæр. Куыд горæтмæ бацæуæнты,  афтæ йæ уынгты дæр немыцаг æфсæдты дæрæн кæнгæйæ, бырстой йæ центрмæ.

Берлины операцийы йæ хæстон архайды тыххæй армийыл командæгæнæг В.И. Чуйков Хетæджы фырты бавдыста Советон Цæдисы Хъайтары дыккаг сыгъзæрин Сырх Стъалы райсынмæ, фæлæ йæ цæмæдæр гæсгæ баивтой Суворовы 1-аг къæпхæны орденæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст фæцис, фæлæ нæ фæцис уый Георгийæн. Райдыдта советон-япойнаг хæст æмæ ныр та уым иста хайад æмæ йæ уæзгæ бавæрд бахаста япойнаг милитаристты ныддæрæн кæнынмæ. Хæсты зæлтæ ныссабыр сты,  Хетæгкаты Георги дарддæр йе `фсæддон хæс æххæст кодта æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Ссис армийы инæлар. Уыд Прибалтикæйы æфсæддон окруджы командæгæнæг. Къорд хæттыты æвзæрст æрцыдис ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутатæй, компартийы съездты делегатæй.

Советон Цæдисы Хъайтары “Сыгъзæрин стъалыйы” майданæй дарддæр йæ риуыл сæ бынат ссардтой Ленины æртæ ордены, Октябры революцийы орден, Сырх Тырысайы фондз ордены, Суворовы 1-аг къæпхæны орден, Кутузовы 1 æмæ 11 къæпхæны ордентæ, Сырх Стъалыйы орден, бирæ фæсарæйнаг бæстæты ордентæ æмæ майдантæ.

 

***

Ольгинскæйы хъæуы 1903 азы 15 сентябры зæхкусæг бинонты хсæн райгуырдис Георгийы кæстæр æмгар Мамсыраты Хаджи-Умар дæр. Æвзонг лæппуйæ уый дæр йæ хъысмæт сбаста Сырх Æфсадимæ. Уый уыд 1918 азы. Бахъуыд æй æмбæстагон хæсты цæхæрыл рацæуын. Тох кодта Деникин æмæ Шкуройы урсгвардионты ныхмæ Цæгат Кавказы. Афтæ ма активон хайад иста цæгаткавказаг республикæты бандитизмы ныхмæ тохты. Уыимæ сахуыр кодта æндæр æмæ æндæр æфсæддон скъолатæ æмæ курсыты, уыцы нымæцы равæдсгарæн курсыты æмæ йын уый бирæбæрцæй сбæлвырд кодта йе `фсæддон царды фæндаг.  Хаджи-Умар “булкъон Ксанти”- йы псевдонимимæ хайад иста Испанийы æмбæстагон хæсты, уыдис республикон æфсады штабы æфсæддон уынаффæгæнææг, зынгæ æхсæнадон-политикон архайæг Б.Дуруттийы уынаффæгæнæг, Мадриды бахъахъхъæныны хайадисæг.Уый ссис Э. Хэмингуэйы роман “По ком звонит колокол”-ы хъайтартæй сæ иуы прототип æмæ дзурæг у, Испаны уыцы дуджы исторйы цы фæд ныууагъта, ууыл.

Æртæ æмгары – æртæ бæгъатыры

Испанæй æрбаздæхгæйæ, Хаджи-Умар нысан æрцыд  развæдсгарæн управленийы сæрмагонд хайады хисдæрæй. Хайад иста советон-финаг хæсты.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Мамсырайы фырт уыд йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ. 24 июны маршал К.Е. Ворошиловимæ æрвыст æрцыд Ныгуылæн фронтмæ. Ам Сталины бадзырдмæ гæсгæ майор Мамсырайы фырт  æрцахста ацы фронтыл командæгæнæг Д.Г. Павловы æмæ йæ æрласта Мæскуымæ. Уыдис Сырх Æфсады Генералон штабы Сæйраг развæдсгарæн управленийы сæрмагонд оперативон къорды хистæр. Фæлæ цалдæр мæйы фæстæ йæхи куырдиатмæ гæсгæ æрвыст æрцыд фронтмæ, Цæгат Кавказы цы кавалерион дивизи сырæзт, уымæн командирæй. 1943 азы мартъийы мæйæ хæстæн йæ кæронмæ командæ кодта Хъырымы 2-аг гвардион кавалерион дивизийæн æмæ æндæр æндæр фронтты знаджы дæрæн кодта бирæ размæбырсæн операциты. Дивизи нымад цыд Сырх Æфсады хуыздæр ксвалерион баиугæндтæй сæ иуыл. Уæлдай тынгдæр та йæ хæстонтæ басгуыхтысты Берлин сисыны операцийы.

ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Барамындмæ гæсгæ гвардийы инæлар-майор Мамсыраты Хаджи-Умарæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном.

Хæсты фæстæ Хаджи-Умар каст фæцис Уæлдæр æфсæддон академи. Службæ кодта æндæр æмæ æндæр бынæтты.Уыд Прикарпаты æфсæддон окруджы 38-æм æфсадыл командæгæнæг æмæ хайад иста Венгрийы 1956 азы æрцæугæ цауты. Йе службæйы фæстаг бынат уыдис Гарзджын тыхты Генералон штабы Сæйраг развæдсгарæн управленийы хистæры фыццаг хæдивæг.

Мамсыраты Хаджи-Умары номимæ бæттынц Г.К.Жуковы хъахъхъæнынады министры бынатæй сисыны æнæнхъæлæджы цау дæр. Хъуыддаг уый мидæг уыдис æмæ Жуков ЦК-йæ бар нæ райсгæйæ уынаффæ райста диверсантты скъола сорганизаци кæныны тыххæй, цыран хъуамæ уыдаид  2 мин хъусæгæй фылдæр. Уый хъуамæ зыдтаиккой æрмæстдæр æртæйæ – Жуков, Штеменко æмæ Мамсыраты Хаджи-Умар. Фæлæ Мамсырайы фырт растыл нæ банымадта министры æнæзакъонон архайд æмæ уый тыххæй фехъусын кодта партийы Централон Комитетæн.

Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй инæлар-булкъон Мамсыраты Хаджи-Умар Советон Цæдисы Хъайтары Сыгъзæрин стъалыйæ дарддæр  хорзæхджын æрцыд Ленины æртæ орденæй, Сырх Тырысайы фондз орденæй, Кутузовы 1-аг къæпхæны орденæй, Суворовы 11- аг къæпхæны орденæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны орденæй, фæсарæйнаг бæстæты бирæ ордентæ æмæ майдантæй.

 

***

Алы дыууæ кæнæ фылдæр адæймæгтæй чи хистæр вæййы, чи – кæстæр, æгæрыстæмæй фаззæттæ куы уой, уæд дæр. Плиты номдзыд инæлар Иссæ Гиуæрги æмæ Хаджи Умарæй кæстæр у, фæстæдæр райгуырд – 25 ноябры, Зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Кæстæр та, нæ адæмон сфæлдыстадæй куыд зыны, афтæмæй сæрæндæр, ныфсхастдæр, æхсарджындæр вæййы. Æмæ Хетæджы фырты, Мамсырайы фырты стыр хæстон сгуыхтдзинæдтæ æппындæр нæ ныллæгдæр кæнгæйæ, Плийы фырт ноджы бæгъатырдæр разынд.

Æртæ æмгары – æртæ бæгъатыры

Мæгуыр бинонты `хсæн райгуырд Иссæ дæр. Чысыл саби уыд, афтæмæй йæ фыд, сæ уавæр фæхуыздæр кæныны ныфсæй кусынмæ фæцыд дард Канадæмæ, фæлæ дзы йæ сæр дæр нал æрхаста. Царды уæз кæд ноджы тынгдæр æрæнцад мад æмæ йæ цыппар æнахъом сывæллоныл, уæддæр Иссæ бæллыд ахуырмæ æмæ йæ хиуæтты æххуысæй каст фæцис Дзæуджыхъæуы 2-аг реалон ахуыргæнæндон.

Кусæгон – зæхкусæгон сырх æфсады (афтæ хуынд раздæр Советон æфсад) рæнхъытæм сырхæфсæддонæй службæ кæнынмæ бацыдис 1922 азы æмæ уæдæй райдыдта йæ кадджын фæндаг æфсады. Каст фæцис Æфсæддон академи æмæ службæ кодта æндæр æмæ æндæр бынæтты, командæ кодта Белорусийы æфсæддон окруджы 6 -æм кавалерон дивизийы 48 -æм кавалерион полкыл.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ булкъон Плийы фырт ахуыр кодта Генералон штабы академийы, фæлæ йæ бахъуыд йæ хъуыддаг ныууадзыны сæр æмæ 1941 азы 6 июлы нысан æрцыд Цæгат Кавказы æфсæддон окруджы 50 -æм кавалерион дивизийы командирæй. Легендарон инæлар Л.М. Доваторы æфсады сконды йæ дивизи хайад иста Смоленскы сæрыл, стæй та Мæскуы бахъахъхъæныны сæрыл карз тохты. Доватор куы фæмард, уæд Иссæ нысан æрцыд ацы корпусы командирæй.

1941 азы райдианы 3-аг украинаг фронтыл командæгæнæг Р.Я. Малиновскийы бардзырдæй арæзт æрцыд бæхджын-механизацигонд къорд æмæ ууыл командæ кæнын дæр бабæрн кодтой Плийы фыртæн. Ацы къордæн йæ разамындæй стыр æнтыстытæ уыд бирæ размæбырсæн операциты.

Æфсадæн арæхстджынæй кæй разамынд кодта æмæ йæхæдæг дæр æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй æвдыста, уый тыххæй игæлар- лейтенат Плиты Иссæйæн 1944 азы 16 апрелы лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном. Уый уыд иунæг хæстон – кавалерист, кæцы хæсты рæстæджы Хъайтары ном райста дыууæ хатты.

Фæстæдæр ацы къорды фестырдæр кодтой æмæ йæм бацыдысты дыууæ кавалерион корпус æмæ иу та механизацигонд корпус. Ахæм къордыл командæ кæнгæйæ, Плиты Иссæ хайад иста Будапешты, стæй та Братиславæ-Брновы æмæ Прагæйы размæбырсæн операциты. Афтæмæй номдзыд инæлар йæ хæстонтимæ цыфыддæр знаджы тардта йæ лæгæтмæ.

Хæст фæцис, фæлæ ма разæй уыдысты Дард Хурыскæсæны япойнаг миллитаристимæ тохтæ дæр. Ам та Иссæ командæ кодта Фæсбайкалаг фронты советон-монгойлаг бæхджын-механизацигонд къордæн. Квантунаг æфсады ныддæрæн кæныны йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йын дыккаг хатт лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном.

Хæсты фæстæ Плиты Иссæ командæ кодта æндæр æмæ æндæр æфсæддон округтыл, куыста æндæр бæрнон бынæтты дæр. Карибы кризисы рæстæджы та командæ кодта Кубæйы советон æфсæдты къордыл. Уæд уымæн бар уыдис атомон хæцæнгарзæй фыццаг спайда кæнын, фæлæ ууыл не сразы æмæ кæддæр Зæронд Бæтæхъойыхъæуккаг мæгуыр, сидзæр лæппу дунейы фервæзын кодта ядерон хъаймæтæй.

Кубæйæ æрбаздæхгæйæ, Иссæ дарддæр æххæст кодта Цæгат Кавказы æфсæддон округыл командæгæнæджы хæстæ. 1968 азæй фæстæмæ та куыста ССР Цæдисы хъахъхъæнынады министрады генералон инспекторты къорды æфсæддон инспектор -уынаффæгæнæгæй.

Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Советон Цæдисы Хъайтары дыууæ сыгъзæрин стъалыйæ дарддæр хорзæхджын æрцыд Ленины 6 орденæй, Октябры революцийы орденæй, Сырх Тырысайы æртæ орденæй, Суворовы фыццаг къæпхæны 2 орденæй, Кутузовы 1- къæпхæны орденæй, бирæ майдантæй. Афтæ ма хорзæхджын æрцыд фæсарæйнаг бæстæты бирæнымæц хорзæхтæй.

1971 азы 9 июны армийы инæлар Плиты Иссæйæн лæвæрд æрцыд Монголты Адæмон Республикæйы Хъайтары ном.

Уыд СЦКП ЦК уæнгтæм кандидат, ССР Цæдисы Сæйраг Советы авд æрсидты депутат.

… Хетæгкаты Георги, Мамсыраты Хаджи-Умар, Плиты Иссæ! Æртæ æмгары, æртæ æфсæддон раздзоджы, æртæ бæгъатыры, æртæ легендарон адæймаджы. Уыдон æрмæст стыр æфсæддон архайджытæ нæ уыдысты, фæлæ СЦКП-йы съездты делегаттæ, афтæ ма ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутаттæ дæр уæвгæйæ, активон хайад истой бæстæйы ахсджиаг паддзахадон хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæныны. Нæ адæмæн хорз зындгонд у Иссæйы бавæрд Транскам саразыны фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнынмæ дæр.

Абон не `хсæн нал сты ацы æртæ легендарон гоймаджы. 1968 азы 65 аздзыдæй не `хсæнæй фæхъуыд Мамсыраты Хаджи-Умар, 1975 азы 5 апрелы 72 аздзыдæй – Хетæгкаты Георги æмæ 1979 азы 76 аздзыдæй йе `нусон бынатмæ афæндараст кодтам Плиты Иссæйы.

Ацы аз сæ аз у. Сæ юбилейон аз. Сæххæст сыл фæйнæ 120 азы. Иры дзыллæ йæ фыццаг банысан кодтой Хетæгкаты Гиуæргийæн, уый фæстæ Мамсыраты Хаджы-Умарæн. Ацы бонты та йæ нысан кæнынц Плиты Иссæйæн.

Ирыстон сæрыстыр у йæ номдзыд фырттæй!

          БИАЗЫРТЫ Роланд

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.