Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта Кавказы сæрыл тох кæныныл 80 азы сæххæсты цытæн бæрзæнд «Алани»-йы цъупмæ схизыны тыххæй.

Цъупп «Алани» у Сæйраг Кавказаг рагъы бæрзæндтæй сæ иу. Цъуппы бæрзонд у 3, 532 метры, æмæ ис Къуыдаргомы æфцæджы сæрмæ, бæрзæндтæ Халаца æмæ Сау хохы ‘хсæн. Растдæр йæ бæрзæндыл цæуы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы  Федерацийы арæн.

Æмбырды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы  Министр Зассеты Жаннæ, Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министр Цоциты Азæмæт, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæххон спорты хуызты Федерацийы Президент Тедеты Тамерлан, цæгат-ирыстойнаг фарсæрдыгæй делегаци фонд «Арт-Кавказы» Сæрдар, цъупп «Алани»-мæ схизыны инициатор Николай Хлынцовы сæргълæудæй.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн Фидауынгæнæджы боны цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта Николай Хлынцовæн цъупп «Алани»-мæ схизыны идейæйы тыххæй, Кавказы сæрыл тох кæныныл 80 азы сæххæсты цытæн.

«Стыр Фыдыбстæйон хæсты тох кодтой нæ дадатæ æмæ нæ дадаты дадатæ. Кавказыл тох кæнын ссис ахæм фронт, цыран фашисты фæндыд нефт байсын, Кавказаг рагъ бацахсын æмæ йæ тых Касп æмæ Сау денджызы рдæм аздахын.

Нæ дадатæ æмæ нæ дадаты дадатæ цы хъайтардзинад равдыстой, уый макуы хъуамæ  ферох кæнæм. Æз мæхæдæг хайад райсдзынæн цъупмæ схизыны хъуыддаджы», – загъта уый.

Йæ фарсæрдыгæй, Николай Хлынцов бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн йæ хъарм райсты тыххæй æмæ банысан кодта, йæ бон нæу æнæ Хуссар Ирыстонæй цæрын æмæ йын алыхатт æхсызгон кæй вæййы республикæмæ æрцæуын.

«Сæйраг идейæ уый мидæг ис, цæмæй цъупп «Алани»-йы ауадзæм акци «Æнæмæлгæ полк». Ома, дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайæ цъупп «Алани»-мæ схиздзысты æвзонг лæппутæ Ирыстонæй рацæугæ Советон Цæдисы хъайтарты нывтимæ, æмæ æрсадздзысты Уæлахизы тырыса», – загъта уый.

Цъупмæ схиздзысты 24 июлы, къорды сконды уыдзæн 30 адæймаджы, 15 Республикæ Хуссар Ирыстонæй, 15 – Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.