Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Везур-Къуайсайы донуадзæн хахх, кæцы нуазыны донæй ифтонг кæны Къуыдаргомы.

Йемæ ма уыдысты Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Пухаты Эрик, Арæзтад, архитектурæ æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей æмæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг – горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади.

Бæззаты Геннадийы ныхæстæм гæсгæ, къæвдаты фæстæ дон тынг счъизи вæййы æмæ нал фæбæззы нуазынæн, уымæ гæсгæ Бибылты Анатоли радта бæрæг хæслæвæрдтæ ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

СЫГЪДÆГ ДОН – КЪУАЙСАМÆ

«Æруынаффæ кодтой ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны фарстытыл. Донвæдмæ хъус дарын æмæ дон сыгъдæг кæнын бахæсгонд æрцыд горæт Къуайсайы Паддзахадон униатрон куыстуат Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн. Афтæ ма хъуамæ раивтаиккой сеткæтæ, кæцытæ нæ уадзынц донвæдмæ сыфтæртæ, дуртæ æмæ æндæр чъизитæ хауын. Хъуыды ма кæндзыстæм, цæмæй нуазыны дон фæхуыздæр кæныны нысанæн сыгъдæг кæнæн фæрæзтæ æвæрд дæр æрцæуа», – загъта горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг.

Банысан кæнын хъæуы, донуадзæн реконструкцигонд  кæй æрцыд 2018-2019 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Донуадзæн Везур-Къуайсайы сæйраг арæзтадон модернизацийы фæдыл куыстытæн хицæн æрцыд 7 милуан сомы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.