Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Фæсивæды боны цытæн!

Æвзонгад  у алы адæймаджы царды дæр иууыл рæсугъддæр рæстæджытæй сæ иу,  у ногдзинæдтæ, ныфсытæ æмæ æнтысты рæстæг.

Мах сæрыстыр стæм не ‘взонг  адæмæй, кæцытæ æнтыстджын къахдзæфтæ кæнынц не ‘хсæнады æппæт фадгуыты. Мах сæрыстыр стæм нæ спортсменты уæлахизтæй, сфæлдыстадон коллективты ралæудтытæй, олимпиадæты æмæ æхсæнадæмон конкурсты ахуырдзауты æнтыстытæй.

Ма æрлæуут къухыбафтгæ æнтыстытыл,  ныфсджынæй  цæут  размæ, царды иууыл хорз фæндтæ æххæст кæнгæйæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны фидæн ис уæ къухты.

Мæ хæлæрттæ, мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ уæ разылæууæг хæсты, удцырынад, уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.