ЧЕМПИОНАТ МИНИ-ФУТБОЛÆЙ

Физкультурникы боны цытæн та радон хатт Дзауы поселочы уагъд æрцыд районы чемпионат мини-футболæй. Ацы аз ерысты призтыл тох кодтой 8 командæйы. Уыдон дихгонд æрцыдысты дыууæ къордыл. Ерысты финалон хъазты фембæлдысты Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды æмæ Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæйы командæтæ. Хъазт рауад æндыгъд. Милицийы сæрмагонд нисаниуæджы командæйы хъазджытæ ивгъуыд аз систы чемпионаты уæлахиздзаутæ, æмæ та сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ацы аз дæр хъавыдысты се ‘нтыст сфæлхатт кæнынмæ. Фæлæ сын нал рауад. Дыууæ командæйæн дæр пурти бакъуырынæн цы гæнæнтæ уыдис, уыдонæй хуыздæр спайда кодтой 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ, фæуæлахиз сты 4:2 хыгъдæй æмæ систы чемпионаты сæйраг кубокы хицæуттæ.

Ерысты уæлахиздзаутæн æмæ призертæн раарфæ кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Хъоцыты Мендик.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ бæрæг æрцыдысты чемпионаты хуыздæр хъазджытæ дæр. Хуыздæр дуаргæс ссис Къодоты Вадим, хуыздæр хъахъхъæнæгыл нымад æрцыд Елбачиты Александр, хуыздæр æрдæгхъахъхъæнæджы приз райста Къацты Александр, хуыздæр бомбардир ссис Санахъоты Сослан æмæ турниры хуыздæр хъазæг та разынд Артур Урбицкий.

Физкультурникы боны цытæн ма Дзауы районы чемпионаты рæстæджы хицæнæй мини-футболæй уагъд цыд Къуайсайы чемпионат. Уым хайад райстой 6 командæйы, кæцытæ уыдысты куыд  горæт Къуайсайæ, афтæ æввахс хъæутæй дæр.

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» йæхи фæзуатыл фæхæрд Новороссийскы «Черноморец»-æн. Хъазт уагъд æрцыд дыккаг дивизионы «Хуссар» зонæйы 4-æм туры фæлгæтты. Хъазты фыццаг æмбис фæцис æмдыхæй – 0:0. Фембæлды дыккаг хайы 58-æм минутыл хыгъд байгом кæнын бантыст уазджытæн. Дзæу-джыхъæуккæгтæн хыгъд сæмхуызон кæнын бантыст 65-æм минутыл. Хъазты кæронмæ ма 9 минуты куыд хъуыд, афтæ æнæнхъæлæджы «Черноморец» бакъуырдта дыккаг пурти. Æмæ сын афтæмæй бантыст рамбулын 2:1 хыгъдæй. Радон хъазт «Алани» акæндзæн уазæгуаты 16-æм августы «Краснодар-3»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.