УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

РЦИ-Аланийы Октябры поселочы уагъд æрцыд XVIII æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым иттæг хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой Хуссар Ирыстоны богалтæ. Ацы ерыстæ нымад цæуынц 15-16-аздзыд богалты ‘хсæн Уæрæсейы иууыл тыхджындæр турниртæй сæ иуыл. Ныр та дзы хайад райстой Цæгат Кавказы Федералон зылды республикæты, Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Азербайджаны минæвæрттæ. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд иууыл престижондæр уæзты категориты. 92 кг уæзы категорийы финалмæ ахызтысты Зассеты Азæмæт æмæ Дзæгъиаты Сослан. Уыдон æрдæгфиналы фæуæлахиз сты Мæхъæл æмæ Дагъыстаны минæвæрттыл æмæ афтæмæй фембæлдысты сæйраг тохы. Уым æнтыстджындæрæй архайдта Зассейы фырт æмæ ссис турниры сыгъзæрин майданы хицау, Сослан та ацыд дыккаг бынатыл.

Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (110 кг) та цæттæдæр уыд Бестауты Андрей. Уый финалы фæуæлахиз Горæтгæрон районы богал Хуыбецты Сосланбегыл.

Йæ хъомылгæнинæгты архайдæй райгондæй баззад тренер Коцты Тамерлан.

САМБО

Дзауы самбойы скъолайы минæ-вæрттæ хайад райстой æвзæнгты ‘хсæн Дзæуджыхъæуы чемпионаты. Ерысты призтыл тох кодтой 100 богалæй фылдæр. Тренер Хъоцыты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой дыууæ майданы. Æвзист майдан рамбылдта Тедеты Эдуард. Уый 54 кг уæзы категорийы акодта 3 тохы æмæ дзы фæуæлахиз дыууæ тохы. Бронзæйон призер та ссис Карсанты Тамерлан. Уый 50 кг уæзы категорийы архайæг спортсментæй фембæлд цыппаримæ æмæ дзы фæуæлахиз æртæйыл.

«Ерыстæм акодтон æртæ адæймаджы æмæ дыууæ майданы кæй рамбылдтой, уый у хорз бæрæггæнæн. Хорз фа-дат уыд не’ртыккаг спортсме-нæн дæр призерты нымæцмæ бахауынæн, фæлæ йын не сфаг фæлтæрддзинад», – банысан кодта Хъоцыты Тамерлан.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.