БОКС

Хуссарирыстойнаг боксертæ дыууæ майданы рамбылдтой Абхазаг горæт Пицундайы уагъдцæуæг дунеон турниры. Ерысты хайад райстой 300 æвзонг спортсменæй фылдæр. Уыдон уыдысты Абхаз, Хуссар Ирыстон, Уæрæсе, Хæххон-Къарабах, Приднестроваг-Молдоваг Республикæ æмæ Луганскы Адæмон республикæйæ. Цхинвалмæ сыгъзæрин майданимæ æрыздæхт Тыбылты Тамерлан. Уый архайдта 64 кг уæзы категорийы. 75 кг уæзы категорийы та бронзæ майдан рамбылдта Уалыты Алан. Тренер Хаситы Владислав куыд банысан кодта, афтæмæй тынг райгондæй баззад йæ хъомылгæнинæгты архайдæй. Уый ма куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ турниры фæлгæтты  Хуссар Ирыстон, Абхаз, Луганскы Адæмон Республикæ, Хæххон-Къарабах æмæ Приднестроваг-Молодоваг Республикæты ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты боксы размæцыды тыххæй иумæйагæй архайыны фæдыл бадзырдыл.

«Бадзырды фæлгæтты уагъд цæудзысты иумæйаг сбортæ, афтæ ма куыст цæудзæнг дунейы боксы федерациимæ, цæмæй нæ республикæйы минæвæрттæ хайад исой Европæйы æмæ дунеон чемпионатты», – загъта Хаситы Владислав.

Æвзонг спортсментæ бузныгæй баззадысты паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийæ, ерыстæм ацæуынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

ДЗЮДО

Хуыбылты Ирэнæ ссис дзюдойæ æвзæнгты ‘хсæн олимпион хъæзтыты чемпионкæ. Аргентинайы уагъдцæуæг ерысты ирон дзюдоисткæ архайдта Уæрæсейы æмбырдгонды сконды. Уый 52 кг уæзы категорийы архайгæйæ æрдæгфиналы рамбылдта италиаг Вероника Тониолойы, финалы та 43-æм секундыл «иппонæй» рамбылдта Монголийы минæвар Сосорбарам Лхагвасурпены.

ФУТБОЛ

Уæрæсейы профессионалон къорды «Хуссар» зонæйы 11-æм туры Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Спартак Владикаваз» уазæгуаты хъазгæйæ 2:0 хыгъдæй фæуæлахиз Ростовы клуб «Академия»-йыл. Пуртитæ бакъуырдтой Хацъæты Дзамболат æмæ Гæззаты Руслан.

Ацы уæлахизы фæрцы дзæуджыхъæуккæгтæ æрæмбырд кодтой 11 очкойы æмæ турнирон таблицæйы ахсынц 11-æм бынат.

Хуриты Батрадз

____________________________________

ТУРНИР МИНИ  ФУТБОЛÆЙ

Мидхъуыддæгты министрады управленийы командæты ‘хсæн уагъд цæуы турнир мини-футболæй. Хайад дзы исынц 6 командæйы.

«Командæтæ хъаздзысты кæрæдзиимæ æмæ тох кæндзысты фылдæр очкотæ рамбулыныл. Хъазт конд уыдзæн дыууæ таймæй – фæйнæ 20 минуты. Æмхуызон очкотæ чи æрæмбырд кæна, уыцы командæтæн аргъ цæудзæн хъазты сæ арæхстдзинад куыд равдыстой, уымæ гæсгæ, стæй фылдæр пуртитæ чи бакъуырдта æмæ бауагъта, уымæ гæсгæ» – загъта турниры къухдариуæггæнæг Джиоты Созыр.

Турнир цæудзæн цалдæр боны дæргъы. Фæуæлахизуæвджыты æмæ призерты схорзæхджын кæндзысты кубоктæ æмæ дипломтæй.

Джиоты Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.