Хъӕууон цӕрӕгӕн йӕ ӕрвылбонон фыдӕбон зӕххы ӕмӕ фосдарды куыстыл баст у, фылдӕр уыдонӕй сты йӕ райсгӕ ӕфтиӕгтӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн хуыздӕр кӕнынц сӕ царды уавӕртӕ. Нӕ республикӕйы бирӕ ис, ацы ахсджиаг къабӕзтӕм ӕмбӕлон хъусдард чи здахы ӕмӕ сӕ куыст ӕмӕ архайдӕй зӕрдӕ кӕмӕн рухс кӕны, ахӕм куыстуарзаг фӕллойгӕнджытӕ. Ахӕмты нымӕцмӕ хауынц Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы цӕрджыты фылдӕр хай дӕр. Ам ис, фермерон хӕдзарадты ӕнувыд фӕллой чи кӕны, стӕй ма хисӕрмагонд фосмӕ чи зилы, ахӕмтӕ. Цӕвиттон, дзӕвгар фос дарынц фермерон хӕдзарадты сӕргълӕуджытӕ Хуыбиаты Алихан, Хъабанты Хъазбег, Мӕлдзыгаты Ирбег ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уыдон фосдарды къабазӕй райсынц хорз ӕфтиаг ӕмӕ уымӕй сӕ хайбавӕрд хӕссынц фосдарды продуктивондзинад сырӕзын кӕнынмӕ. Фӕлӕ банысан кӕнын хъӕуы, ӕрмӕст фосдарджытӕн сӕхи тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзты фӕрцы къухты нӕ бафтдзӕн продуктивондзинад сырӕзын кӕнын, ӕнӕниз фос дарын. Уый уымӕн, ӕмӕ фос фӕрынчын вӕййынц ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр низтӕй, рӕстӕгыл сын куы нӕ схос чындӕуа, уӕд та ӕнӕфтиаг фӕвӕййынц.

Цӕмӕй афтӕ ма уа, фос хызт уой низтӕй, уымӕ ӕмбӕлон хъусдард здахы Цхинвалы районы ветеринарон службӕ (сӕйраг ветдохтыр Дудайты Леонид). Цӕвиттон, æрæджы цӕрджыты стуртӕн низы ныхмӕ дыууӕ хатты арӕзт ӕрцыдысты судзинтӕ. Ацы бонты та пастереллиозы ныхмæ ногӕй ӕрӕвнӕлдтой стуртӕн хос кӕнынмӕ. Ацы хӕс Къостайыхъӕуы цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕны бынӕттон специалист Козаты Бабули. Уый куыд загъта, афтӕмӕй судзинтӕ хъуамӕ сараза 260 стурӕн. Пастереллиоз у дыууӕ хуызы, иу хуызӕй дзы бахъыгдард вӕййынц фосæн сӕ рӕуджытӕ, фӕкӕнынц тӕвд, иннӕ хуызӕй та фӕриссынц сӕ тъӕнгтӕ, схизы сӕ тæвд ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Фӕлӕ ныр ӕмбӕлон ветеринарон ӕххуысы фӕрцы стуртӕ уыдзысты ӕнӕниз ӕмӕ фӕззыгон бонты сӕрвӕтты хиздзысты ӕдасӕй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.