ФУТБОЛ

Кæронмæ фæхæццæ кæны футболæй дунейы чемпионат. Турниры финалы фембæлдзысты Франц æмæ Хорватийы командæтæ. Франц æрдæгфиналы рамбылдта Бельгийы – 1:0. Хорвати æмæ Англисы командæты ‘хсæн хъазты сæйраг рæстæг фæцис 1:1 хыгъдæй æмæ сæ бахъуыд уæлæмхас рæстæг ахъазын. Уым хорватæгтæн бантыст дыккаг пурти дæр бакъуырын æмæ рамбылдтой 2:1 хыгъдæй.

Турниры финалон хъазт уыдзæн 15-æм июлы. 3-аг бынат бацахсыны сæраппонд хъазт та – абон 14-æм июлы.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Цхинвайлаг богал Джиоты Азæмæт ссис Казахстаны уагъдцæуæг дунеон турниры æвзист призер. Азæмæт архайдта 79 кг уæзы категорийы. Тренер Коцты Тамерланы 20-аздзыд хъомылгæнинаг ерыс кодта, йæхицæй хистæр чи сты, ахæм спортсментимæ.

«Азæмæт хорз бæрæггæнæн равдыста æмæ дзы баззадтæн райгондæй. Уый дунеон ерысты хайад райста фыццаг хатт. Фæлæ уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, рахæцыд бæрзонд æмвæзадыл», – банысан кодта Коцты Тамерлан.

Йæ архайдæй райгондæй баззад Азæмæт йæхæдæг дæр.

«Гауызмæ рахызтæн 5 хатты. Фыццаг уал æнцонтæй рамбылдтон Узбекистаны, стæй та Киргизийы минæвæртты. Уый фæстæ зындæрæй рамбылдтон Украинæйы спортивон кад хъахъхъæнæг цæцæйнаг хъæбысæйхæцæджы – 11:9. Зын тох мын уыд æрдæгфиналы дæр, цыран тох кодтон америкæйаг богалимæ, кæцы 2015 азы æвзæнгты ‘хсæн ссис дунейы чемпион. Уый та рамбылдтон 8:6 хыгъдæй. Финалы та мын карз спортивон тох рауад бынæттон спортсменимæ, фæлæ хорз спортивон формæйы кæй нæ уыдтæн, уымæ гæсгæ фæхæрд дæн», – загъта Джиоты Азæмæт.

Турниры УФ-йы æмбырдгонд командæ командон хыгъды бацахста дыккаг бынат.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.