Нæ адæмы, не ‘хсæнады тыхсын кæны не ‘взаджы уавæр. Уый тыххæй бирæ дзурæм, фæлæ аразгæ уый бæрц ницы кæнæм. Раст у, ирон æвзаджы тыххæй уадзæм мадзæлттæ, фæлæ уый фаг нæу.

Мах нырмæ сæйрагыл нымадтам, цæмæй хæдзæртты дзурæм иронау. Æмæ уый раст у. Кæстæртæ бинонты ‘хсæн ирон дзырд куы хъусой, уæд мадæлон æвзагæн стырдæр аргъ кæндзысты. Фæлæ хъуыддаг æрмæст кæстæртыл баст нæу. Нæ интеллигенцийы минæвæрттæй сæ фылдæр официалон мадзæлтты дæр, куысты æмæ уынджы дæр дзурынц уырыссагау.

Ам мæ зæрдыл æрлæууы 1980 азы дыккаг æмбис. Гуырдзиæгтæ нæ ныхмæ сытынг кодтой информацион хæст, ирæтты æфхæрдтой алы рæтты, тыхæй нын се ‘взагыл документаци аразын кодтой, суанг ма нæм Тбилисæй гуырдзиаг æвзагыл мыхуыргæнæн машинкæтæ дæр æрвыстой. Не ‘взагæн стыр тæссагдзинад кæй сæвзæрд, уый банкъардтам мах иууылдæр. Уыцы рæстæджы Дзауы арæзт æрцыд Къостайы æхсæнад, æз дæр уыдтæн йæ уæнг. Мах райстам уынаффæ, цæмæй алы ран дæр дзурæм иронау, алы рабадты, алы æмбырды дæр ныхас кæнæм нæхи æвзагыл.

Гуырдзы нæ рагæй фæстæмæ уымæн æфхæрынц æмæ стæм ирæттæ, ис  нын нæхи æвзаг æмæ диссаджы æгъдæуттæ. Не знæгты фæндыд, цæмæй мах дæр дзырдтаиккам гуырдзиагау, нæ мыггæгтæ раивтаиккам «швилитæй» æмæ рох кодтаиккам мадæлон æвзаг. Хъыгагæн, уыцы политикæйы æндæвдады бын бахаудтой бирæтæ Гуырдзыстоны мидæггаг районты æмæ сын сæ мадæлон æвзаг ссис æцæгæлон. Нæ фидæн нæ уыдаид хорз, нæ сыхæгты фæндиаг куы фæуыдаиккам, уæд. Фæлæ нæ адæм рагæй тох кодтой сæ бартыл, се ‘взаджы сæрыл бирæ туг ныккалын нæ бахъуыд хæдбардзинад къухты бафтын кæныны тыххæй. Тагъд 10 азы сæххæст уыдзæн нæ хæдбардзинад банымайыныл. Ныр нæ хъысмæт ис нæхи къухты. Фæлæ не ‘взаджы уавæр уæддæр нырма бæллиццаг нæу. Афтæмæй та мах бæрндзинад хæссæм фидæны фæлтæрты раз, цахæмæй сæм фæхæццæ уыдзæн, уый тыххæй.

Уырыссаг æвзаг дæр нын дæрддаг нæу. Суанг ма йæ паддзахадон æвзæгтæй сæ иуыл банымадтам. Хъуамæ алчи дæр зона æмæ дзура уырыссагау. Æмæ канд уырыссаг нæ, уадз, ахуыр кæнæнт æмæ зонæнт æндæр æвзæгтæ дæр, дзæгъæлы нæ фæдзурынц, лæг, дам, цал æвзаджы зоны, уал адæймаг у. Фæлæ нæхи æвзагыл нæхæдæг куынæ дзурæм, куынæ йын аргъ кæнæм, уæд иннæтæй цы хъуамæ бадомæм?

Уæлдæр куыд банысан кодтон, афтæмæй нæ республикæйы арæх вæййы фембæлдтытæ, уыцы нымæцы ирон æвзаджы проблемæты тыххæй дæр æмæ дзы ирон æвзагыл чи фæдзуры, уыдонæй сæ иу у Битарти Зойæ.

Ацы бонты нæхи телеуынынады равдыстой дзæнæты-бадинаг стыр ахуыргонд, ирон æвзагыл зæрдиагæй чи куыста, уыцы Гæбæраты Сосланы тыххæй æрмæг. Дзуццаты Тамерланимæ ныхас кæнгæйæ, уый дзырдта сыгъдæг ирон æвзагыл. Цы хъæуы, цæмæй ирон æвзаг рæза, уыцы фарстæн Гæбæрайы фырт дзуапп радта, зæгъгæ, бирæ-бæрцæй кæнгæ у разамонæг кусджытæй, афтæ бынæттон телеуынынадæй дæр. Ис нæ республикæйы разамынады ахæмтæ, кæцытæ иттæг рæсугъд дзурынц ирон æвзагыл. Фæлæ дзы бирæтæй иу ирон ныхас дæр нæ фехъусдзынæ. Æмæ кæй æхсæн фæныхас кæны, телеуынынады кæй раз ралæууы, уыдоны ‘хсæн æндæр æвзагыл цæмæн фæдзурынц, кæд æмæ сæм чи фæхъусынц, уыдон сæйраджыдæр ирæттæ вæййынц?

Алы ирон адæймаг дæр хæсджын у æмæ дзура иронау, канд æмбырдты нæ, фæлæ бинонты ‘хсæн æмæ уынджы дæр.

Бамбарæм æй, не ‘взагыл куынæ дзурæм, куынæ дзы пайда кæнæм, уæд сæфгæ кæны!

Джиоты Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.