ТЕННИС

Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан фæуæлахиз канадæйаг Денис Шаповаловыл æмæ рахызт америкæйаг Индиан-Уэллсы уагъдцæуæг турниры цыппæрæм зылдмæ. Фембæлд фæцис 7:5, 6:2 28-аздзыд ирон спортсмены пайдайæн.

Профессионалон теннисистты ассоциацийы рейтингы Хъæрæцаты Аслан ахсы 23-æм бынат.

Индиан-Уэллсы турнир хауы «Мастерс»-ы категоримæ. Йæ призон фонд у 8,3 милуан доллары.

 

БОКС

РХИ-йы æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Сланты Витали куыд фехъусын кодта, афтæмæй зындгонд боксер Гасситы Мурат рингмæ рахиздзæн декабры фыццаг хайы. Специалист нæ загъта йæ хъомылгæнинаджы ныхмæлæууæджы ном, фæлæ банысан кодта уый бæрæг тыхджындæр кæй уыдзæн Мурат фæстаг хатт кæимæ тох кодта, уымæй.

Фæстаг хатт Мурат ацы аз сæрды нокауты арвыста Германы минæвар Михаэл Валлишы.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Ирон богалтæн 7 майдан рамбулын бантыст уæгъдибар хъæбысхæсттæй студентты ‘хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Дагъыстаны. Уæлахиздзаутæ систы Гобаты Артем, Хъызынты Джамбулат, Бадтиаты Алик æмæ Цхуырбаты Артем. Ирыстоны хъæбысхæсты хъомылгæнинæгтæй æвзист майдантæ та рамбылдтой Тауитты Чермен, Санахъоты Алан æмæ Харыс-хан Баппагай.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.