ТЕННИС

Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан ссис Мæскуыйы уагъдцæуæг турнир «ВТБ Кубок Кремля»-йы уæлахиздзау. Аслан финалы фæуæлахиз хорватиаг спортсмен Марин Чиличыл. Хъазт фæцис 6:2, 6:4.

Уый финалы 1/4 хайы рамбылдта французаг Жиль Симоны – 6:4, 6:3. Æрдæгфиналы та тыхджындæр уыд иннæ уæрæсейаг спортсмен Карен Хачановæй. Фембæлд фæцис 7:6, 6:1.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ турниры рæстæджы Аслан иу сет дæр кæй нæ фæхæрд. Афтæмæй йæ ном бахаста Уæрæсейы теннисы историмæ.

«Ацы турнир ахсджиаг у мæнæн. Мæ фыдимæ-иу чысылæй арæх æрцыдыстæм ардæм, уый фæстæ-иу арæх хъазыдтæн турниры квалификацийы, арæх-иу бахаудтæн сæрмагонд скондмæ, фæлæ дыккаг зылдæй дарддæр никуы рахызтæн. Ныр мæ бæллиц сæххæст», – загъта Хъæрæцаты Аслан.

Кремлы Кубокы призон фонд у 697 мин доллары.

Турнир рамбулгæйæ, Хъæрæцаты Аслан йæ карьерæйы фыццаг хатт схиздзæн профессионалон теннисистты рейтингы 18-æм бынатмæ.

 

НОМАРÆН ТУРНИР

Краснодары уагъд цыд спорты сгуыхт дæсны Къудухты Бесикы номарæн æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ирон богалтæй ерысты уæлахиздзаутæ систы Гобаты Артем (57 кг), Хапсаты Аслан (86 кг). Æвзист призер ссис Коцты Амур. Бронзæ майданты хицæуттæ та систы Дзеранты Эрик (125 кг) Джиоты Жорик (97 кг), Джиоты Арсени (79 кг) æмæ Кортиаты Артур (97 кг).

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы ерыстæ кæй уыдысты фыццаг ахæм ерыстæ, цыран сæрмагонд къамис йæ хъус дардта спортсменты документтæ раст сты æмæ сын документтыл цы азтæ фыст ис, æцæгæйдæр сыл уыйас цæ-уы, уымæ. Ацы къамис арæзт æрцыд 19-æм октябры Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы æххæстгæнæг комитеты уынаффæмæ гæсгæ.

«Бирæ азты дæргъы ис проблемæ спортсментæн мæнг документтæ саразыны тыххæй. Рагæй фæстæмæ цæуынц дискусситæ, цахæм эффективон мадзæлттæ ис райсæн, цæмæй спортсментæ æвзæнгты ‘хсæн ерысты хæцой се ‘мцахъхъæнтимæ. Æмæ ныр рахастам уынаффæ документты æцæгдзинадмæ хъусдарды фæдыл комитет саразын. Йе скондмæ бацыдысты федерацийы вицепрезиденттæ, командæты сæргълæуджытæ æмæ тренертæ. Ацы къамисы кусдзысты профессионалтæ. Æмæ фидарæй мæ бон у зæгъын,  ерыстæм уагъд кæй нæ цæудзысты, йæ азтæ раст чи нæ дзура, уыдон. Мах æй æмбарæм, арæх спортсмен йæхæдæг аххосджын нæ вæййы æмæ уæд дисквалификацигонд не ‘рцæудзæн. Æрмæст æй хъæудзæн рахизын æцæгæйдæр кæцы кары спортсментæм хауы,  уыцы къордмæ. Фæлæ кæд сæ документацийы фæткхалæн цаутæ ссарой, уæд йæхи æмæ йæ тренеры ныхмæ ист æрцæудзысты карз санкцитæ. Уæлдай мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ уыцы хабар кæй бандавдзæн алы спортсменыл дæр», – банысан кодта УФ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили.

 

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды радон туры Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» фембæлд Волгограды «Ротор»-имæ. Алайнæгтæ фæстаг дыууæ хъазты фæхæрд сты. Уымæ гæсгæ дæ ныр уæлдай тынгдæр фæндыд рамбулын. Фæлæ та сын нæ бантыст. Ныр та ахъазыдысты æмдыхæй. Фембæлд фæцис 0:0 хыгъдæй. Уыцы хабар турнирон таблицæйы фæуæззаудæр кодта «Алани»-йы уавæр. Кæд æртæ туры размæ Ирыстоны сæйраг командæ ахста дыккаг бынат, уæд ныр та ахсы фæндзæм бынат.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.