ДЗЮДО

Горæт Орехово-Зуевойы уагъд цыд фæсивæды спартакиадайы фыццаг этап. Хайад дзы райстой Мæскуыйы областы горæтты командæтæ. Ерысты горæт Котельникийы спортивон кад хъахъхъæдта хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ. Уый хæцыд иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг). Йæ ныхмæлæуджыты иу-уылдæр рамбулгæйæ та ссис сыгъзæрин майданы хицау æмæ хорз лæвар сарæзта йæ тренер Тъуриты Тенгизæн, кæцы уыцы бон нысан кодта йæ райгуырæн бон.

ТЕННИС

Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан йæ спортивон карьерæйы фыццаг хатт ссис АТР-500 серийы турниры уæлахиздзау. 27-аздзыд спортсмен Дубайы финалы фæуæлахиз хуссарафрикæйаг республикæйы минæвар Ллойд Харрисоныл. Аслан æй рамбылдта 6:3, 6:2 хыгъдæй.

Æрдæгфиналы та ирон спортсмен фæуæлахиз иннæ уæрæсейаг теннисист Андрей Рублевыл, кæцы дунейы рейтингы ис 8-æм бынаты.

Ацы æнтысты фæрцы Хъæрæцаты Аслан рейтингы 42-æм бынатæй схиздзæн 27-æм бынат-мæ. Афтæмæй ирон спортсмен дарддæр дæр дисы æфтауы дунейы спортуарзджыты. Уымæн æмæ иу азы размæ уый дунейы рейтингы цыд æрмæстдæр 253-æм бынатыл.

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 31-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты 3:3 хыгъдæй ахъазыд Мæскуыйы «Спартак – 2»-имæ. Алайнæгты сконды расгуыхтысты Бутта Магомедов, Гуырцъыты Батраз æмæ Саулохты Давид. Афтæмæй ныр дыккаг хъазт алайнæгтæ ахъазыдысты æмдыхæй æмæ та фесæфтой очкотæ. Фæлæ уæддæр, уымæ æнæкæсгæйæ, командæ нырма дæр турнирон таблицæйы ахсы 4-æм бынат.

Радон туры, 24-æм марты «Алани» уазæгуаты хъаздзæн Ивановойы «Текстильщик»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.