УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг богал Бестауты Андрей ссис, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты æвзист призер. Андрей хæцыд иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (125 кг).

Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг фыццаг тохы æнцонтæй фæуæлахиз Мæскуыйы областы минæвар Джабраил Анзоровыл – 10:0. Фæстæдæр 4:0 хыгъдæй рамбылдта дагъыстайнаг Саид Гаирбековы. Ирон богал тыхджындæр разынд æрдæгфиналон тохы дæр, цыран йæ ныхмæлæууæг уыд Мæскуыйы командæйы уæнг Ис-маил Ниров – 2:0. Андрей финалы та ерыс кодта Дагъыстаны иннæ минæвар Сайпудин Магомедовимæ. Ацы тохы 3:2 хыгъдæй уæлахиз бафтыд Магомедовы къухты.

Ирон богалтæй ерысты уæлахиздзау ссис Уалыты Чермен. Уый 74 кг уæзы категорийы финалы фæуæлахиз Хъарданты Магометыл, кæцы ссис æвзист майданы хицау. Ерысты ирон богалтæй æртыккаг  бынæттæ та бацахстой Хынцæгты Сослан (125 кг), Коцойты Тамерлан (92 кг), Сабанты Александр (61 кг), Наниты Славик (86 кг), Хуыгаты Хох (97 кг) æмæ Гæззаты Асланбег (97 кг).

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 15-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» Томскы хъазыд бынæттон «Томь»-имæ. Фембæлды 12-æм минутыл фыццаг пурти бакъуырдтой фысымтæ. Уымæй 3 минуты фæстæдæр алайнæгтæн бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Ныхмæлæууæг командæйы кулдуары пурти бакъуырдта Кобесты Давид. 22-æм минутыл та «Алани»-йы раразмæ кодта Багаты Алан. Уымæн ма ноджы иу хатт расгуыхын бантыст хъазты фыццаг æмбисы кæрон. Афтæмæй хыгъд ссис 3:1. Фембæлды дыккаг æмбисы кæд дыууæ командæ дæр активонæй атакæ кодтой, уæддæр хыгъд нал фæивта. Ацы уæлахизы фæрцы «Алани» æрæмбырд кодта 29 очкойы æмæ турнирон таблицæйы цæуы 4-æм бынатыл. Ныр радон туры «Алани» 9-æм октябры Грознæйы хъаздзæн чемпионаты лидер «Оренбург»-имæ.

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Ирон штангист Абайты Мурат ссис, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн уæззау атлетикæйæ Европæйы чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Финляндийы. Абайты Мурат 102 кг уæзы категорийы архайгæйæ равдыста 360 кг (170+190) бæрæггæнæн.

ХУРИТЫ Батрадз   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.