Стыр зиан æрцыд Ирыстоны театралон аивадыл. Цыбыр рæстæджы уæззау рынчыны фæстæ, йæ царды 47-аздзыдæй йæ цардæй  ахицæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт артист Багаты Георги.

Хуссарæй Цæгатмæ Иры сценæмæкæсджытæ хорз зонгæ уыдысты Георгийы удыгъæды хорз миниуджытимæ, йе сценæйон арæхстдзинæдтимæ. Йæ диссаджы архайд æмæ змæлд Георгийæн йæхи ном байрох кæнын кодтой, алчи дæр æй хуыдта «Ладикъо».

Георгийæн йæ фæстаг роль не  сценæйыл уыд Саулæг (Гаглойты Владимиры «Тугæйдзаг чындзæхсæв»). Иры театрдзауты ацы фæлгондз æркодта иу стыр хъуыдымæ – рæзы не сценæйыл Цхуырбаты Барис, Таугазты Гаврил, Мамиты Димитр æмæ æнд. бæрзæндмæ рæхджы чи схиздзæн, уыцы актер – Багаты Георги. Фæлæ йыл хъысмæт рахæтыд æмæ йæ не ‘хсæнæй аскъуыдта.

Георги райгуырд Дзауы районы Хъемултайы хъæуы 1971 азы службæгæнæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Нодар кæд фосы дохтыр уыдис, уæддæр тынг хорз зыдта йæ адæмы сфæлдыстад, рæхст сæ дзурынмæ æмæ ирон аив дзырдыл цайдагъ кодта чысыл Георгийы дæр.

Йæ мад йæ царды бонтæ схай кодта ахуыргæнæджы куыстæн. Хъемултайы скъолайы кусгæйæ, йæ фырты цайдагъ кодта ирон аивады хъæзныг суадæттимæ. Нырма хъæууон скъола, стæй нæ сахары фæндзæм скъола, уырдыгæй йæ фæндаг уыдис нæ театрмæ. 1990 азы ссис Мæскуыйы М.С. Щепкины номыл театралон институты студент.

Æрыздæхт 1994 азы æмæ уæдæй абонмæ нæ рахызт сценæйæ. Иннæ сценæ та йын уыд телекомпани «Ир».

Георги куысты уыд арæхстджын, ныфсхаст, рæхст куыд комедион рольты, афтæ трагедион рольты дæр хъазынмæ. Йæ саразгæ фæлгæндзтæ фæндаг ссардтой нæ театрдзауты зæрдæтæм.

Цæстæвæрæн фæцис, цы пьесæты хъазыд, уыдоны архайгæйæ. Сæ сæйрагдæртæ та уыдысты: Хуыгаты Георы «Сæтти æмæ Бæтти», «Æрдхорд æфсымæртæ»; Уанеты Владимиры «Шахмæттæ-1», «Шахмæттæ-2», Гаглойты Владимиры «Тугæйдзаг чындзæхсæв»; Нартыхты Григолы «Файнустытæ», «Æз президент куы суон»; Хаситы Вильгельмы «Расыг-гæнджытæ», Гуыцмæзты Михалы «Бирæгътæ».

Георги канд национ цардæвдисæг пьесæты нæ уыд архайæг, адæм ыл стыр райгондæй æмбæлдысты, цы тæлмацгонд пьесæты хъазыд, уыцы фæлгæндзтæм кæсгæйæ дæр.

Уыдон та уыдысты: Шекспиры «Ромео æмæ Джульеттæ»; Пушкины «Куывд», Гольдонийы «Æнахуыр цау», Браны «Чарлейы мады хо», Цагарелийы «Фæныкгуыз», Лопе де Вегайы «Иуæндæсæм фæдзæхст», Мольеры «Бынатмæ бырæг», Ал.Толстойы «Буратино» æмæ æндæртæ.

Георги уыдис коллективы уарзон адæймаг, хъæлдзæг, æнæхин, раст æмæ уæздан æмгар. Бирæ уарзта йæ абоны æмгæртты, стыр аргъ кодта хистæр фæлтæр актертæн.

Георгийы чи зыдта, уыдон хъынцъымгæнгæйæ æнæмæнгдæр зæгъдзысты:  куы  ма бахызтаид ног театры къæсæрæй, куы ма азæлыдаид йæ хъæлæс ног сценæйыл, куы ма йæ федтаиккой ног сценæйыл Къостайы «Фатимæ»-йы хъазгæ.

Дзæнæты бад, Георги. Уадзыс дæ бинонты, дæ мыггаджы, Ирыстоны, дæ уарзон театры. Мæрдты цы хуызддæр ис, уымæй хайджын у. Нæ уыдзынæ рох дæ раттæг адæмæй, дæ коллектив, дæ театрæй.

Дæ сыджыт фæлмæн уæт. Хæрзаудæн кæн дæ Ирыстоныл.

Рухсаг у!

Хетæгкаты Къостайы номыл

Хуссар Ирыстоны драмтеатры

коллектив

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.