РАМБЫЛДТА СЫГЪЗÆРИН МАЙДАН

Хуыбылты Ирэнæ ссис сыгъзæрин майданы хицау Люксембургы уагъдцæуæг дзюдойæ æвзæнгты ‘хсæн Европæйы чемпионаты. Æвзæнгты Олимпион хъæзтыты уæлахиздзау, 2019 азы Европæйы чемпионкæ фæуæлахиз 48 кг уæзы категорийы спортсменты ‘хсæн. Ирон спортсменкæ финалы фæуæлахиз Айдан Валиевайыл (Азербайджан). Ерысты хайад исынц 43 бæстæйæ 350 атлетæй фылдæр. Ерыстæ фæуыдзысты 12-æм сентябры командон турнирæй 11 æмбырдгонды хайадистæй.

 

ХОРЗÆХДЖЫН ÆРЦЫД «ВО СЛАВУ ОСЕТИИ»-йы МАЙДАНÆЙ

ХОРЗÆХДЖЫН ÆРЦЫД «ВО СЛАВУ ОСЕТИИ»-йы МАЙДАНÆЙ

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло «Во Славу Осетии»-йы майданæй схорзæхджын кодта Токиойы 32-æм Олимпион хъæзтыты æвзист призер Хъæрæцаты Асланы. Республикæйы къухдариуæггæнæг раарфæ кодта спортсменæн Олимпион хъæзтыты йæ æнтыстджын ралæудтыты тыххæй. «Токиойы Олимпиадæйы ды æвдыстай æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ дæ чысыл Ирыстоны дæр. Стыр бузныг дæуæн æмæ дæ тренертæн стыр спорты уе ‘нтыстыты тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы дарддæры æнтыстытæ æмæ ног уæлахизтæ», – загъта Сергей Меняйло Хъæрæцаты Ас-ланæн хорзæх дæтгæйæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.