Китайы уагъд цыдысты дунеон æфсæддон хъæзтытæ. Уым та расгуыхтысты ирон спортсментæ. Уæгъдибар хъæбысхæсты ерысты сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Цæболты Хетик æмæ Найфонты Артур. Бронзæйон призер та ссис Байцаты Владислав.

Цæболты Хетик архайдта 74 кг уæзы категорийы. Финалмæ цæугæйæ, уый рамбылдта Европæйы чемпион Сонер Демирташы (Турк), дунейы æмæ Европæйы чемпионатты призер Зелимхан Хаджиевы (Франц). Финалы та 12:0 хыгъдæй рамбылдта Нуркожу Кайпановы (Казахстан).

Найфонты Артур та 86 кг уæзы категорийы акодта 5 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр бæрæг тыхджындæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй. Байцаты Владислав та æртыккаг бынат бацахста 97 кг уæзы категорийы.

 Китайы дунеон æфсæддон хъæзтыты ма хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой ирон дзюдоисттæ дæр. Ерысты 100 кг уæзы категорийы уæлахиздзау ссис Тасойты Инал. Финалы уый рамбылдта Узбекистаны минæвар Бекмурод Олтибоевы. Инал ма архайдта командон ерысты дæр. Уым та сыгъзæрин майдан рамбылдта иннæ ирон богалтæ Хуыбецты Алан æмæ Лæппынаты Иналимæ.

АРМРЕСТЛИНГ

Хуссарирыстойнаг армрестлертæ хайад райсдзысты дунейы чемпионаты æмæ æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпионаты дæр. Ерыстæ уагъд цæу-дзысты 26 октябрæй 4 ноябрмæ Румыны горæт Констанцайы. Хайад сæ райсдзысты Гасситы Сослан, Хæбæлаты Арсен æмæ Дыгъуызты Миленæ. Тренер Джиоты Валерийы ныхæстæм гæсгæ спортсментæ сты хорз цæттæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ерыстæм нæхи цæттæ кодтам сæрмагондæй. Ныфс нæ ис, æмæ æнтыстджынæй нæхи кæй равдисдзыстæм. Гасситы Сослан архайдзæн хистæр кары спортсменты ‘хсæн 100 кг уæзы категорийы. Хуыбылты Арсен æмæ Дыгъуызты Миленæ ерыс кæндзысты æвзæнгты ‘хсæн. Арсен архайдзæн 70 кг уæзы, Миленæ та – 80 кг», – загъта Джиоты Валери.  

УÆГЪДИБАР

ХЪÆБЫСХÆСТ

28 октябры Венгрийы столицæ Будапешты уагъд æрцæудзæн  23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн дунейы чемпионат. Ацы кары Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренер Мæргъиты Анатоли ацы ерысты хайад райсыны тыххæй командæмæ фæхуыдта Уалыты Чермен (70 кг), Уалыты Радик (79 кг), Цæкуылты Батырбег (92 кг) æмæ Голойты Виталийы (125 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

****

Хуссар Ирыстоны каратисттæ, спортивон комплекс Олимпы хъомылгæнинæгтæ, сæ тренер Созайты Владимиры сæргълæудæй хайад райсдзысты Уæрæсейы фыццагады.

Ерыстæм раразмæ кодтой Дудайты Донна, Гаглойты Диана, Тадтаты Софья æмæ Георгий Полищукы. Ерыстæ цæудзысты 25-æм октябрæй 29-æм октябрмæ г. Ульяновскы. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ фидар æрцæудзæн Уæрæсейы æмбырдгонд командæ.

«Ацы ерыстæ ацæуынц тынг бæрзонд æмвæзадыл. Æз цы командæимæ цæуын Ульяновскмæ, уыдоныл мæ зæрдæ дарын. Æртæ чызг дæр сты хорз цæттæ. Развæлгъау дзурын нæ уарзын, фæлæ чызджытæ физикон æгъдауæй цы цæттæдзинад райстой сæрды, уымæй мæн уырны, сæ къухы та радон æнтыст кæй бафтдзæн. Æртæ дæр хъуамæ уой майдантимæ», – зæгъы чызджыты тренер Созайты Владимир.

Уый ма загъта Ульяновскы цы фыццагад цæудзæн, уым ма майдантæ райсынæй дарддæр фæсивæд тырндзысты Уæрæсейы æмбырдгонды скондмæ бахауыныл.

Дудайты Донна æмæ Гаглойты Дианæ ивгъуыд азты хатдзæгтæм гæсгæ сты Уæрæсейы æмбырдгонды сконды, ныр сæ ногæй иннæ спортсменты æмрæнхъ хъæуы сæ къласс сбæлвырд кæнын.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.