Горæт Налцыччы «Стъолы теннисы Уæрæсейы федераци»-йы тæрхонгæнджытæ æмæ рефериты комитет ауагъта тæрхонгæнджыты семинар. Уым хайад райстой хуссарирыстойнаг тренертæ «РХИ-йы стъолы теннисы федераци»-йы президент Джиоты Мирианы сæргълæудæй. Спортивон деле-гацийы сконды уыдысты Касаты Изетæ, Касаты Ларисæ, Куыдзеты Игорь, Елбачиты Иринæ æмæ Максим Ведмедеря.

Семинары æркастысты, ерысты рæстæджы тæрхонгæнджытæ куыд хъуамæ кусой, хæлттæппæрстытæ куыд хъуамæ цæуой, уымæ. Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд, хъазты рæстæджы æндæр æмæ æндæр ситуацитæн тæрхон куыд хъуамæ цæуа, уымæ.

«Семинар нын фæахъаз уыдзæн нæ профес-сионалон дæсныйад фæбæрзонддæр кæнынæн. Æркастыстæм, хъазты рæстæджы арæх цы быцæу уавæртæ сæвзæры æмæ сын куыд тæрхон кæнын хъæуы, уыдæттæм. Зæгъæм, бур кæнæ сырх карточкæ кæд хъæуы равдисын. Базонгæ стæм стъолы теннисы ног фæткимæ», – банысан кодта Джиоты Мириан.

Семинары кæрон йæ хайадисджытæ сæ категоритæ фæбæрзонддæр кæныны нысанæн радтой фæлварæн.

 

***

Токиойы райдыдтой XVI сæрдыгон паралимпиаг хъæзтытæ. Уым Уæрæсейы æмбырдгонд коман-дæйы сконды рог атлетикæйæ ерысты хайад райсдзысты Ирыстоны 8 минæвары: Кобесты Чермен, Хынцæгты Альберт, Давид Будоян, Слан-ты Виктория, Дзаттиаты Давид, Кокойты Алан æмæ Мæргъиты Георги.

 

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

 

Польшæйы уагъд цæуы 13-15-аздзыд спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионат уæззау атлетикæйæ. Чызджыты ‘хсæн ерысты 76 кг уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбылдта Козырты Мария. Уый равдыста 179 кг бæрæггæнæн (80+99).

Лæппуты ‘хсæн ерысты та 67 кг уæзы категорийы дыккаг бынат бацахста Зæгъойты Давид. Уый та дыууæ истæн скодта 232 кг (105+127).

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.