ЕВРОПÆЙАГ ХЪÆЗТЫТЫ УÆЛАХИЗДЗАУ

Минскы уагъдцæуæг Европæйаг хъæзтыты Сидахъты Зауырбег уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты фæуæлахиз 74 кг уæзы категорийы. Ирон богал  фыццаг тохы 5:3 хыгъ-дæй рамбылдта Гуырдзыстоны минæвар Автандил Кентчадзейы, æрдæгфиналы та тыхджындæр уыд Белоруссийы командæйы уæнг Азамат Нуриковæй – 6:4. Финалы йæ ныхмæлæууæг уыд Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер, туркаг Демирташ Сонер. Ам дæр та Зауырбег йæхи равдыста тынг хорз. Йæ ныхмæлæууæджы авæрдта йе уæхсчытыл æмæ афтæмæй ссис 2019 азы Европæйаг хъæзтыты уæлахиздзау.

ДЗЮДО

Европæйаг хъæзтыты дзюдойæ æвзист майдан рамбылдта Тасойты Инал. Инал архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+100 кг). Ирон богал ацы аз фыццаг хатт хæцын райдыдта хистæр кары спортсменты ‘хсæн.

Фæстæдæр Инал уæддæр рамбылдта Европæйаг хъæзтыты сыгъзæрин майдан. Ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд командон ерысты. Финалмæ цæугæйæ, Уæрæсейы æмбырдгонд командæ рамбылдта Турк, Серби æмæ Белоруссийы æмбырдгонд командæты. Финалы уæрæсейæгтæ тох кодтой португалиаг дзюдоисттимæ, кæцытæ раздæр фæуæлахиз сты ахæм тыхджын командæты æмбырдгондтыл, куыд Испани, Франц æмæ Нидерландтыл.

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Европæйаг хъæзтыты ма расгуыхт ноджы иу ирон богал. Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй сыгъзæрин майдан рамбылдта Хъæбæлоты Зауыр. Зауыр 67 кг уæзы категорийы, финал-мæ цæугæйæ, фæуæлахиз Германы минæвар Эрик Уейссыл – 10:0, Белоруссийы спортивон кад хъахъхъæнæг Дауыраты Сосланыл  1:1 æмæ 4:0 хыгъдæй та фæуæлахиз украинæйаг Алексей Калиниченкойыл. Финалы Зауыр 3:1 хыгъдæй та рамбылдта гуырдзиаг спортсмен Шмаги Болквадзейы. 

Ерысты Дауыраты Сосланæн та бантыст бронзæ майдан рамбулын.

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Новосибирскы уагъдцæуæг уæззау атлетикæйæ Уæрæсейы чемпионаты сыгъзæрин майдан рамбылдта Тъуриты Тима. 2013 азы дунейы чемпионкæ 64 кг. уæзы категорийы равдыста 221 кг. бæрæггæнæн (98+123). Дыккаг бынат æрцахсæг Александра Козлова систа 7 кг  къаддæр – 2014 (97+117).

Тъуриты Тима Уæрæсейы чемпионат ныр рамбылдта фæндзæм хатт.

Ацы чемпионаты ма сыгъзæрин майдан рамбылдта Наниты Тимур. Уый архайдта 109 кг  уæзы категорийы, равдыста 385 килограммы (178 +207 кг) æмæ бацахста фыццаг бынат.

ФУТБОЛ

Ног спортивон сезонмæ йæхи цæттæ кæны Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Спартак». Футболисттæ улæфтæй рацыдысты 17-æм июны. Тренер Гогниты Спартакы къухдариуæгадæй сын фыццаг цæт-тæгæнæн сбортæ уагъд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы. 22-æм июнæй та командæ ис Железноводскы. Уым ныридæгæн акодта дыууæ контролон хъазты. Нырма уал 2:1 хыгъдæй фæуæлахиз Махачкалайы «Легион Динамо»-йыл, стæй та 4:1 хыгъдæй рамбылдта Стъавраполы «Динамо»-йы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.