НОМАРÆН ТУРНИР

Цхинвалы уагъд æрцыд Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы тыхон структурæты минæвæрттæй чи фæмард, уыдоны номарæн дунеон турнир комплексон æмбуархæстæй. Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæ, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ирон адæмы хъайтардзинад хъуыстгонд у дунейы бирæ регионты. «Арфæ кæнын ерысты хайадисджытæн æмæ бузныг зæгъын йæ организатортæн. Ацы турнирæн ис стыр нысаниуæг. Афтæ ма уын арфæ кæнын Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы боны цытæн», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Ерыстæ стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой спортуарзджытæм. Зал йемыдзаг уыд адæмæй. Турниры уыд бирæ цымыдисон тохтæ. Комплексон æмбуархæсты федерацийы президент Тедеты Сослан куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæ уадздзысты æрвылаз дæр, сæ уавæр сæ куыд амона, уым гæсгæ.

«Ныр нын стыр æххуыс бакодта Президент Бибылты Анатоли æмæ йын спортсменты номæй зæгъын бузныг. Фæнд кæнæм турнир иннæ аз дæр ауадзын. Ерысты архайæг спортсментæ уыдысты хорз цæттæ. Се ‘хсæн ис ахæмтæ, кæцытæ аккагæй равдисдзысты сæхи дунеон ерысты дæр. Ныридæгæн хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой Уæрæсейы уагъдцæуæг турнирты», – банысан кодта Тедеты Сослан.

Комплексон æмбуар хæсты спортæй республикæйы архайын райдыдтой æрæджы. Цалдæр хатты республикæйы минæвæрттæ хайад райстой æрвылаз уагъдцæуæг Коллективон Æдасдзинады Бадзырды Организацийы турниры. Уым фæлтæрддзинад райсгæйæ, хуссарирыстойнаг спортсментæ ныр турниры архайдтой, куыд тæрхонгæнджытæ, афтæ.

«Турнир ацыд бæрзонд æмвæзадыл. Тæрхонгæнджытæ бакуыстой тынг хорз.Уыдон раздæр куыд спортсментæ, афтæ хайад истой дунеон турнирты æмæ æрвылхатт дæр уыдысты призертæ», – загъта ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Гæбæраты Инал.

Турниры командон хыгъды фыццаг бынат бацахста милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд, 2-агыл ацыд Хъахъхъæныны паддзахадон службæ, æмæ 3-аг бынат та адих кодтой 7007-æм æфсæддон хай æмæ Хъахъ-хъæнынады министрады командæтæ.

Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ Кады грамотæтæй.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Дагъыстаны уагъд цыд Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты цалдæр бæстæйы командæйы сконды хайад райстой Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уæрæсейы спортивон кад хъахъхъæнгæйæ, фыццаг хатт Европæйы чемпион ссис Байцаты Владислав. Уый иу балл дæр нæ фембылд йæ ныхмæлæуджытæн. Финалмæ цæугæйæ, æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз Абрахам Руано (Итали), Элизбар Одикадзе (Гуырдзыстон) æмæ Мурази Мчелидзейыл (Украинæ). Сæйраг тохы та 7:0 хыгъдæй рамбылдта белорусаг спортсмен Алесандр Гуштыны.

86 кг уæзы категорийы финалы фембæл-дысты Уæрæсейы командæйы сконды архайæг Найфонты Артур æмæ Азербайджаны спортивон кад хъахъхъæнæг Гостиаты Александр.  Ам æнтыстджындæрæй архайдта Найфонты Артур æмæ ссис Европæйы чемпион, Александр та – æвзист призер.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.