Грекъаг-римаг стилы богал Дойаты Герман рамбылдта ӕвзист майдан Сыбыры федералон зылды чемпионаты.

Дойаты Герман кады пьедесталы дыккаг къӕпхӕнмӕ схызт 60 кг онг уæзы категорийы архайгӕйӕ.

Ӕвзист майдан спортсменæн дæтты Уæрæсейы чемпионаты архайыны бар, кӕцы ацӕудзӕн Ростовы 2021 азы январы.

Богалы бацæттæ кодта тренер Фæрниаты Сослан.

Уый размæ та цӕгатирыстойнаг спортсмен Тыбылты Георги рамбылдта ӕвзист майдан Уӕрӕсейы фыццагады грекъаг-римаг хъӕбысхӕстӕй 21 азы кары онг фӕсивӕды ‘хсӕн Владимиры.

Гасситы Мурат уыд ЦСКА æмæ Реалы матчы

Дунейы уый размæйы уæлахиздзау бок-сæй фыццаг уæззау уæзы Гасситы Мурат уыд ЦСКА æмæ Реалы баскетболон матчы Евролигæйы. «Раст зæгъгæйæ, баскетболмæ ахæм хуызы фыццаг хатт кæсын, телевизорæй йæм арæх фæкæсын. Сывæллонæй баскетбол уарзтон. Горæты æмбырдгонд командæмæ дæр мæ исынмæ хъавыдысты, уæд Краснодары крайы цардтæн. Фæлæ бокс равзæрстон, уымæн æмæ уый мæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы», – загъта боксер.

ЦСКА мадридæгтыл фæуæлахиз 74:73 хыгъдимæ æмæ Евролигæйы турнирон таблицæйы дыккаг бынат бацахста.

Диего Марадона – футболы историйы номдзыддæр хъазджытæй сæ иу

 «Хъыгагæн, Диего Марадона йæ цардæй ахицæн. Уый стыр фæд ныууагъта дунеон спорты историйы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, футболы. Уый уыд милуан фарсхæцджыты, профессионалон футболистты, спортивон скъолаты архайæг сывæллæтты кумир. æцæгдæр, Марадонæйы футбол у уæлмонц, уый у сфæлдыстад æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иттæг хорз кæй зыдта, ахæм аивад. Йæ цардæй ахицæн футболы историйы номдзыддæр хъазджытæй иу, уымæ гæсгæ æппæт дунеон æхсæнад, уыимæ канд спортивон нæ, абон тæфæрфæс кæны хиуæттæн æмæ хæстæджытæн», – загъта ПД депутат Гæззаты Валери. Зæрдыл æрлæууын кæнæм, Диего Марадона у 1986 азы дунейы уæлахиздзау, нымад у ХХ æнусы хуыздæр футболисттæй иуыл. Уый архайдта аргентинаг клубтæ «Архентинос Хуниорс», «Бока Хуниорс» æмæ «Ньюэллс Олд Бойз», испайнаг «Барселона» æмæ «Севилью», стæй ма италиаг «Наполи»-йы номæй. Аргентинаг  размæбырсæг рамбылдта Италийы чемпионат æмæ Кубок, Испанийы Кубок æмæ УЕФА-йы Кубок, æдæппæтæй уый ахъазыд 687 матчы æмæ бакодта 363 голы, уыимæ Аргентинæйы æмбырдон командæйы сконды – 113 матчы, 50 голы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.