ФОСДАРД – СÆ ЦАРДЫ ФÆРÆЗ

Незамантӕй фӕстӕмӕ адӕм сӕхицӕн царды фӕрӕз аразынц сӕйраджыдӕр фосдарды ӕмӕ зӕхкуысты руаджы. Ахӕм царды уагыл хӕст уыдысты нӕ раг фыдӕлтӕ ӕмӕ нӕм ӕрхӕццӕ ис абоны бонмӕ дӕр. Фӕлӕ сӕм уӕддӕр раздӕр фӕзынд фосдард. Афтӕ кӕй у, уый лингвистикон ӕгъдауӕй бӕлвырд кӕнынц ахӕм зындгонд ахуыргӕндтӕ, куыд Всеволод Миллер ӕмӕ Абайты Васо. Уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, фосдарды бирӕ терминтӕ ирон ӕвзаджы сты тынг рагон ӕмӕ сын ис ирайнаг равзӕрд. Банысан кӕнын хъӕуы уый дӕр ӕмӕ ирӕтты цардуаджы хицӕн фӕзындтӕ дӕр ууыл дзурӕг кӕй сты. Цӕвиттон, рагзамантӕй фӕстӕмӕ ирон адӕммӕ ис фыры культ, ӕмӕ уыцы культ дӕр равзӕрыд, фосы куыст массон ӕгъдауӕй куы кодтой, уӕд.

«Ныры ирӕтты рагфыдӕлты цӕрӕнбынӕтты цы археологион къахӕнтӕ ссардтой, уыдон ‘хсӕн сты фысы ӕмӕ сӕгъы алыгъуызон фигурӕтӕ, рӕсугъдгӕнӕнтӕ. Зындгонд у уый дӕр ӕмӕ динон ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕныны стыр бынат кӕй ахстой кусӕрттӕгты сыкъатӕ ӕмӕ сӕртӕ. Рагон кувӕндӕттӕ уыдонӕй уыдысты йедзаг. Ритуалон ӕгъдау у куыд цины, афтӕ хъыджы фынгыл дӕр хистӕрты раз кусӕрттаджы фых сӕр ӕвӕрын. Фосы культимӕ баст динон ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын ӕркодта ирон адӕммӕ фосы бардуаг – Фӕлвæра фӕзынынмӕ. Фыры ӕмӕ сӕгуыты сӕр систы традицион ирон адӕмон  орнаменты иу хай, ныв сӕ кодтой куыд дарӕ-сыл, афтӕ хӕдзары кӕмӕй пайда кодтой, ахӕм мигӕнӕнтыл.

Фосдарды куыст стыр бынат ахсы ирон фольклоры дӕр. Нарты эпосы ӕдзух ӕмбӕлӕм фосы дзугтыл, бӕхты рӕгъӕуттыл. Афтӕ у ирон адӕмон аргъӕутты дӕр. Аланты дуджы дӕр нӕ фыдӕлтӕ фосы куыст кӕй кодтой, ууыл дзурӕг сты Цӕгат Ирыстоны Змеикӕйы станицӕмӕ хӕстӕг цы археологион къахӕггӕгтӕ ссардтой, уыдон дӕр. Цы бирӕ стӕджытӕ дзы ссардтой, уыдон сӕйраджыдӕр уыдысты лыстӕгкъах фосы. Ссардтой дзы фысӕлвынӕн хӕсгӕрдтӕ, афтӕ ма фӕсмын дзаумӕттӕ дӕр», – зӕгъы этнограф Тедеты Ливӕ.

Уый ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй хӕххон бынӕттӕм ӕрбафтгӕйӕ, алантӕ-ирӕттӕн сӕ фос дарыны мидис бирӕбӕрцӕй фӕивта. Дарддӕр кодтой фысдарды куыст. Дардтой хъуццытӕ, галтӕ, хӕрджытӕ, хӕргӕфстӕй та пайда кодтой уӕзтӕ ласын ӕмӕ хӕссынӕн. Бӕхтыл цыдысты бӕлцуаты. Фӕлӕ хӕхты бирӕ фос дарӕн нӕ уыдис, уыгӕрдӕнтӕ ӕмӕ сӕрвӕттӕ кӕй нӕ фаг кодтой, уымӕ гӕсгӕ. Уалдзӕджы ӕрбалӕудимӕ хӕххон ирон адӕм сӕ фос скъӕрдтой сӕрдыгон хизӕнуæттӕм – ахӕм рӕттӕм, кӕцытӕ уыдысты ӕвадат ӕмӕ нӕ бӕззыдысты куыд зӕххы куыстӕн, афтӕ уыгӕрдӕнтӕн дӕр. Сӕрдыгон хизӕнты фосы ӕртӕ мӕйӕ фылдӕр нӕ дардтой, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты бӕрзонд рӕтты, цъититӕм хӕстӕг ӕмӕ дзы уалдзӕджы ӕрӕгмӕ хъарм кодта, фӕззӕджы та иу раджы рауазӕлттӕ кодта.

Фосдарды куысты ахсджиаг рӕстӕг вӕййы уыдонӕн зымӕгмӕ холлӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Адӕм ӕм сӕхи цӕттӕ кодтой развӕлгъау. Куыстӕввонг кодтой ӕппӕт хъӕуӕг кусӕнгӕрзтӕ. Уыцы рӕстӕгмӕ ӕфснайдтой хуыздӕр хӕлц дӕр. Хоскӕрдын-иу кӕй куыд фӕндыд, уӕд нӕ райдыдта. Уыдис сӕрмагонд бон – Атынӕджы бӕрӕгбон ӕмӕ уымӕй раздӕр не ‘мбӕлд ацы куыстмӕ ӕрӕвналын, кӕд-иу кӕрдӕг исчи раздӕр райдыдта кӕр-дын, уӕд та-иу ӕй фӕивар кодтой, кӕнӕ та-иу ыл хъоды бакодтой. ХIХ ӕнусы кӕронӕй ацы ӕгъдау тынг хъахъхъӕд нал цыд ӕмӕ-иу кӕрдӕг кӕд сбӕззыд, уӕд-иу ацыдысты кæрдынмæ.

Холлӕгтӕ цӕттӕ кӕныны куыст уыдис иууыл уӕззаудӕр ӕмӕ тыхдомӕгдӕр куыст. Бирӕ рӕтты угӕрдӕнтӕ ахӕм къул уыдысты ӕмӕ сыл хосдзауы къах нӕ лӕууыд, уыдысты зын ссивӕн ӕмӕ кусджытӕ хъуамӕ куыстаиккой тынг арӕхстгай. Уыдис иу афтӕ ӕмӕ-иу хосдзау йӕхи куы бабаста бӕндӕнӕй фидар ранмӕ.

Карст кӕрдӕг куыд хус кодта, афтӕ йӕ ӕмбырд кодтой ӕмӕ дзы амадтой мӕкъуылтӕ, цъеритӕ. Уыдоны, фылдӕр хатт, ӕмбырд кодтой, зӕй рацӕуынӕй тас кӕм нӕ уыд, ахӕм ранмӕ, фӕндаджы былмӕ, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй зымӕджы ластой се скъӕтты цурмӕ.

Хӕххон бынӕтты адӕм сӕ фос фылдӕр дардтой, кӕм цардысты, уыцы бӕстыхайы. Астӕуккаг цӕрджытӕ арӕзтой дыууӕуӕладзыг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сын фыццаг уӕладзыг уыдис фосӕн. Мӕгуыр цӕрӕг та цыран цард, уый дих кодтой дыууӕ хайыл ӕмӕ дзы иуы конд уыдысты йӕ фос.

Хъӕзныджытӕн сӕ уавӕр ӕндӕр уыд – сӕ фос дардтой, уыдонӕн хицӕнӕй арӕзт сӕрмагонд скъӕты.

Фосдарды куыст сӕйрагдӕр кодтой нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕн сӕ куыст фӕуд кодта хос ссивын ӕмӕ хъуццытӕ дуцынӕй. Фос зымӕгон дарӕнӕй рацӕуынӕй зымӕгон дарӕнмӕ бацӕуынмӕ уыдысты фыййауы бӕрны. Йӕ уӕззау куыстыл дзуры ирон адӕмы дзургӕ сфӕлдыстад, дзурынц ыл аив дзырды дӕснытӕ дӕр сӕ уацмысты. Куыд фӕтк, афтӕ бонджынты фосӕн фыййӕуттӕй цыдысты мӕгуыртӕ. Мӕгуыртӕм та цы фос уыд, уыдонӕн иумӕ ӕххуырстой фыййау. Уый бӕрндзинад хаста, цӕмӕй дзы ма фӕхъуыдаид иу сӕр дӕр. Зӕгъгӕ, дзы фесӕфт, уӕд йӕ хицауӕн фыста йӕ аргъ йӕ мыздӕй. Мызд та йын фыстой ӕхцайӕ, мӕнӕуӕй, фосӕй кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй. Иудзырдӕй, цӕуыл иу бафидыдтой, уымӕй.

Фыййауӕн хорз ӕххуысгӕнӕг уыдис йӕ куыдз, кӕцы фосы хъахъхъӕдта абырджытӕй ӕмӕ тугдзых сырдтӕй.

Хъӕзныджытӕм фыййауӕй ӕххуырсты цӕуын арӕх уыд Ирыстоны.

Цӕвиттон, хъӕзныг иу йӕ фыстӕй мӕгуыр лӕгмӕ радта лӕскъ цалдӕр азмӕ. Уыцы рӕстӕджы сӕм мӕгуыр лӕг зылдис, цы къуымбил сӕ ӕлвыдта, уымӕн дӕр йе ‘мбис уыдис йӕхи. Бадзырды рӕстӕг-иу куы фӕцис, уӕд-иу фысты ӕмӕ сӕ цоты дих кодтой ӕмбисыл. Хъӕздыгмӕ ма цыдысты лӕскъ-дзӕрӕн дӕр. Уый та ноджы тынгдӕр тыхтона цыдис. Зӕгъӕм цы фысты дзугтӕн иу ӕй сфыййау кодтой, уыдонӕй йӕхӕдӕг иу къорд фысыл кодта гакк. Æхсыры продукттӕ уыдыс-ты фысты хицауы. Лӕскъдзӕрӕнӕн лӕвӕрд цыдис ӕрмӕстдӕр гакк кӕуыл уыд, уыцы фыстӕ ӕмӕ сӕ къуымбилӕн йе ‘мбис. Лӕскъ лӕвӕрдтой ставд фосӕй дӕр. Хатт иу рауад афтӕ ӕмӕ-иу фосӕй куы амард, уӕд-иу фый-йауӕн фидинаг фӕцис ӕмӕ-иу мызд нӕ, фӕлӕ-иу йӕ хицауы раз хӕсджын дӕр фӕцис.

Фосдард Ирыстоны уӕлдай тынгдӕр райтынг ХХ-ӕм ӕнусы, советон хицауады азты фос дардтой куыд хисӕрмагонд афтӕ ӕхсӕнадон хӕдзарадты дӕр. Бынӕттон холлӕгтӕ кӕй нӕ фаг кодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ ластой ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕй. Фӕлӕ хъӕууон цӕрджыты нымӕц куыд къаддӕр кодтой, афтӕ къаддӕр кодта фосы иумиаг нымӕц дӕр. Советон хицауады фехӕлдӕй фӕстӕмӕ та бынтон фӕкъаддӕр сты паддзахадон хӕдзарадты фосы нымӕц. Ныртӕккӕ хъӕууон цӕрджытӕн арӕзт ӕрцыд хӕрзиуӕгон уавӕртӕ фосдард райтынг кӕнынӕн ӕмӕ даргӕ дӕр кӕнынц, цас сӕ бон у, уыйбӕрц фос, фӕлӕ уӕддӕр, бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ, хъӕууон цӕрджытӕ фылдӕр нӕма кӕнынц, кӕд сӕ хъыгдарӕг нӕй, уӕддӕр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.