Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл 30 азы сæххæсты цытæн Знауыры районы Гомарты дзуармæ æввахс 11 октябры ауагъдæуыд бæхты дугътæ. Ацы мадзал уагъд æрцыд Знауыры районы къухдариуæгады хъæппæрисæй æмæ йæ организаци та скодтой районы культурæйы хайад æмæ спорт æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет.

Ерысты хайад райстой авд барæджы республикæйы алы районтæй. Знауыры районы спорт æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæг Гаглойты Михаилы ныхæстæм гæсгæ, кæд æмæ ерысты хайадисджытæ цъус уыдысты, уæддæр мадзал рауад цымыдисон, æхцондзинад радта æрæмбырдуæвджытæн. Фыццаг æмæ дыккаг бынæттæ бацахстой Знауыры районы Дзагъинайы хъæуы цæрджытæ Хъæцмæзты Шамиль æмæ Хъæцмæзты Родион. Æртыккаг та – Дзауы районы цæрæг Харебаты Алан. Призерты цытджын æгъдауæй схорзæхджын кодтой зæрдылдарæн кубоктæй æмæ Кады грамотæтæй районы администрацийы сæргълæууæг Хуыбиаты Сослан æмæ РХИ-йы культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Зассеты Жаннæ æмæ ма сын радтой æхцайы фæрæзтæ дæр. Фыццаг бынатæн лæвæрд æрцыд 20, дыккагæн – 15 æмæ æртыккагæн та – 10 мин сомы.

Бæхты дугътæ – нæ паддзахады 30 азы сырæзты цытæн

Зассеты Жаннæ йæ раныхасы зæрдиагæй раарфæ кодта ерысты хайадисджытæн, банысан кодта, зæгъгæ, рагæй фæстæмæ нæ фыдæлты ном хъуыстгонд уыдис йæ барджытæй æмæ бахатыд районы администрацийы сæргълæууæгмæ, цæмæй иумæйаг тыхтæй баконд æрцæуа профилон спортивон скъола.

«Рагзамантæй фæстæмæ нæ фыдæлтæ бæхтимæ арæхстджынæй архайдтой æмæ абоны бон уынын, нæ фæсивæд уыцы дæсныйад кæй нæ ферох кодтой. Мæн фæнды, цæмæй районы конд æрцæуа бæхты спортивон скъола æмæ зæрдæргъæвд сывæллæттæ ахуыр кæной ацы дæсныйадыл», – загъта Зассеты Жаннæ.

Знауыры районы сæргълæууæг Хуыбиаты Сослан иттæг хорзыл банымадта бæхты спортивон скъола бакæныны хъуыды æмæ баныфсæвæрдта, кæй бацархайдзæнис йæ саразыны хъуыддагыл.

«Фыццаджыдæр мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ ерыстæ кæй ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл æмæ мæ фæнды, цæмæй ахæм мадзæлттæ цæуой арæхдæр. Стыр бузныг зæгъын ерысты хайадисджытæн, æппæт æрæмбырдуæвджытæн æмæ организатортæн. Уадз, æмæ фæсивæд ахуыр кæной спортыл, зоной сæ фыдæлты истори æмæ ерысты фæрцы рæзгæ фæлтæр разæнгарддзинад æвдисой ацы спорты хуызмæ», – загъта районы сæргълæууæг.

Бæхты дугътæ ауадзыны æддейæ ма бацæттæ кодтой концертон программæ дæр, цыран хайад райстой районы æмæ горæт Цхинвалы артисттæ. Æрæмбырдуæвджытæн сæххæст кодтой «Симд», «Хонгæ» æмæ æндæр кæфтытæ, афтæ ма зарджытæ дæр.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.