Кæронмæ бахæццæ сывæллæтты командæты ‘хсæн республикон турнир футболæй. Ерысты хайад райстой 10 командæйы. Уыдон уыдысты Цхинвал, Дзау æмæ Знауыры районтæй, афтæ ма Цхинвалæй. Командæтæ дихгонд уыдысты дыууæ кары къордыл. Хистæр кары къорды фыццаг дыууæ бынат адих кодтой тренер Хъазиты Аланы командæтæ – «Барсалан – 1» æмæ «Барсалан – 2». Æртыккаг та ссис тренер Бекъойты Булаты командæ «Фæранк». Кæстæр кары къорды фыццаг бынат бацахста «Барсалан», кæцыйы хъазджытæ уыдысты тренер Кокойты Юрийы хъомылгæнинæгтæ. Дыккаг ссис Бекъойты Булаты командæ «Фæранк» æмæ æртыккаг бынатмæ та рахызт «Барсалан». Уый та тренировкæ кæны тренер Хъазиты Алан. Командæтæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ æмæ Кады грамотæтæй. Афтæ ма хорзæхджын æрцыдысты турниры иууыл хуыздæр хъазджытæ. Уыдон ‘хсæн уыд фæуæлахизуæвæг командæйы къулдуаргæс Хъуылымбегты Арсен. Уый кæд æрдæгфиналы травмæ райста, уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ финалы рахызт хъазæн фæзмæ æмæ стыр хайбавæрд бахаста йæ командæйы æнтыстмæ.

«Æрдæгфиналы фæрыст мæ къух. Уыдтæн рынчындоны. Уым мын æй бабастой æмæ мæ тынг нал хъыгдардта. Тынг мæ фæндыд сæйраг хъазтмæ дæр рахизын, фæлæ мæ тренер нал  бауагъта ахъазын», – банысан кодта Арсен.

Йæ командæйы æнтыстыл цин кодта «Барсалан»-ы размæбырсæг Лалыты Хетæг. Уый ма цин кодта йæ индивидуалон хорзæхыл. Æвзонг футболист нымад æрцыд турниры хуыздæр хъазæгыл. «Райгондæй баззадтæн нæ командæйы хъазтæй. Æхсызгон мын у мæ хайбавæрд кæй бахастон мæ командæйы уæлахизмæ.  Ныфс мæ ис дарддæр дæр алы хатт дæр кæй ахсдзыстæм фыццаг бынæттæ», – загъта Лалыты Хетæг.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсæг командæты схорзæхджын кодтой «РХИ-йы футболы федераци»-йы президент Пухаты Владимир, фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей æмæ футболон скъолайы директор Битеты Зауыр.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.