ЛÆВÆРД ЫН ÆРЦЫД «УФ-йы ФИЗИКОН КУЛЬТУРÆЙЫ

СГУЫХТ КУСÆГ»-Ы КАДДЖЫН НОМ

УФ-йы Президент Барамындмæ гæсгæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы генералон менеджер æмæ хистæр тренер Куымæридтаты Вадимæн лæвæрд æрцыд «УФ-йы физикон культурæйы сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном. Ирон специалист Уæрæсейы æмбырдгонды кусы ныр æртæ олимпион циклы. Уыцы рæстæджы уæрæсейаг богалтæ рамбылдтой 7 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 3 та бронзæ майданы.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Куымæридтаты Вадим йæ спортивон карьерæ кæй райдыдта Цхинвалы тренер Джиоты Руфины къухдариуæгадæй.

ДЗЮДО

Хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ ссис Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Грознæйы, хайад сæ райстой 243 спортсмены. Аланæ архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг). Финалы йæ ныхмæлæууæг уыд Дагъыстаны минæвар, кæцыйы ирон спортсменкæ  рамбылдта æмгъуыдæй раздæр.

Æлборты Аланæйы тренертæ сты Тъуриты Тенгиз æмæ Гæбæраты Автандил.

СТЪОЛЫ ТЕННИС

Мæскуыйы областы горæт Видноейы уагъд æрцыд ССР Цæдисы спорты сгуыхт дæсны, дунейы дыууæ хатты чемпионкæ Зоя Рудновайы номарæн турнир стъолы теннисæй. Майдантыл тох кодтой Мæскуы, Мæскуыйы область, Тверь, Калуга, Рязань, Ярославль, Воронеж æмæ Уæрæсейы æндæр горæтты минæвæрттæ. Ерысты хайад райста хуссарирыстойнаг æвзонг теннисисткæ Плиты Аланæ.  Аланæ кæд  турниры иууыл æвзонгдæр хайадисæг уыд, уæддæр ын бантыст бронзæйон призер суæвын. Æвзарæн къорды тренер Остъаты Лидияйы хъомылгæнинагæн бантыст дыккаг бынат бацахсын. Турниры финалон хайы 9-аздзыд спортсменкæ рамбылдта Мæскуыйы, Мæскуыйы областы æмæ Калугайы минæвæртты 3:0, 3:1 æмæ 3:2 хыгъдæй. Æмæ æрмæстдæр фæхæрд 2:3 хыгъдæй турниры уæлахиздзау, воронежаг Олеся Усовайæн, кæцы Аланæйæ хистæр у дыууæ азы.

Аланæ æрмæст бронзæ майданæй хорзæхджын не’рцыд, фæлæ ма нымад æрцыд турниры иууыл перспективон спортсменкæйыл дæр.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

УФ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили куыд фехъусын кодта, афтæмæй уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионат Дзæуджыхъæуæй хаст æрцыд Наро-Фоминскмæ æмæ уагъд æрцæудзæн æнæ спортуарзджытæй. Чемпионат уыдзæн 15-19 октябры. Хайад дзы райсдзысты 150 богалæй фылдæр.

«Æрæджы Наро-Фоминскы уыд фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат æмæ уагъд æрцыд тынг хорз. Абоны сывзæргæ эпидемиологон уавæры æдасдзинады фæдыл нюанстæ æххæстгонд æрцыдысты», – загъта Мамиашвили.

ФУТБОЛ

Футболон национ къорды 11-æм туры фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» фысымиуæг кодта турниры лидертæй сæ иу – мæскуыйаг «Спартак-2»-йæн. Æнæхъæн хъазты дæргъы хуыздæр архайдтой алайнæгтæ æмæ сын бантыст 2:1 хыгъдæй рамбулын. Дзæуджыхъæуккæгтæй расгуыхтысты Бутта Магомедов æмæ Гуырцъыты Батраз.

Ацы уæлахизы фæрцы турнирон таблицæйы «Алани» схызт 7-æм бынатмæ. Радон хъазт дæр Ирыстоны сæйраг командæ акæндзæн Дзæуджыхъæуы. 27-æм сентябры йæ ныхмæлæууæг уыдзæн Ивановойы «Текстильщик».

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.