РÆСТÆГЫЛ БАЗИЛÆМ НÆ ДЫРГЪДÆТТÆМ

Æрбалæууыдис царддæттæг уалдзæг. Райхъал æрдз æмæ нæ хъæуы уалдзыгон куыстытæм æрæвналын, дыргъдæттæм базилын. Хъæуы сæ санитарон-профилактикон куыстытæ бакæнын. Фыццаджыдæр уал дыргъбæлæстæн хъæуы сæ хус æмæ уæлдай къалиутæ ралыг кæнын, стæй та бæлæсты зæнгты хъæуы æрхафын, уымæн æмæ сæ хус цъæртты бын зымæгиуæг фæкæнынц алыгъуызон зианхæссæг уырынгонтæ. Фæткъуыты зæнгтæ куы хафæм, уæд сын сæ бынты алыварс æрæвæрын хъæуы целлофан, цæмæй хафæнтæ æрхауой уырдæм æмæ сæ хус къалиутимæ хъæуы басудзын. Уый фæстæ бæлæстæн сæ алыварс хъæуы къахын, цæмæй уæлдæфы æрзылд мæры фæхуыздæр уа, æмæ уидæгтæ уымæлад хуыздæр райсой. Дыргъты хъæздыг тыллæграйст бирæбæрцæй баст у нæхиуыл, куыд сæм базилай, афтæ бæркадджындæр тыллæг райсдзынæ.

Ацы аз хъарм зымæг кæй ахаста, мит, зæгъæн ис, кæй не ‘руарыдис æмæ дыргъбæлæстæ фаг уымæлад кæй нæ райстой, уымæ гæсгæ сæм фæкæсын хъæудзæн донæй. Ныртæккæ у ахæм рæстæг, дыргъбæлæстæн сæ къуыбыр хæлын куы райдайдзæн æмæ цалынмæ бынтон нæ райхæла, уæдмæ хъæудзæн шитовкæ хъæндилы ныхмæ тох кæнын. Пырх та сæ кæнын хъæудзæн – Препарат-30 кæнæ та эмульсийæ. Кусæн тæнгъæд цæттæ кæнын хъæуы афтæ: 100 литр  доныл  батайын   хъæуы – Препарат-30 4 килограммы кæнæ та эмульси 5 килограммы. Уыдонмæ ма бафтауын хъæуы 30 граммы Актара æмæ уæд кусæн тæнгъæд уыдзæн цæттæ. Уыцы хосæй дыргъ-бæлæсты хъæуы хорз ныннайын æмæ уæд зианхæссæг шитовкæмæ уæлдæф нал фæхæццæ кæны æмæ скуынæг вæййы. Уыцы хъæндил та дыргъбæласы цъары æрбынат кæны æмæ бæласæн фæцъиры йæ сой æмæ йæ афтæмæй бахус кæны. Æмæ, цæмæй уый ма уа, уый тыххæй та ацы хостæй хъæуы æнæмæнгæй спайда кæнын. Дыргъбæлæсты бапырх кæнын хъæу-дзæн хъарм боны, дымгæ куынæ уа, уæд. Дыргъдæтты рагуалдзæджы хъæуы донхæр кæнын.

Уымæн ис дыууæ нысаниуæджы: Иуæй – бæлæстæ райсдзысты фаг уымæлад, иннæмæй та бæласы бын цы зианхæсджытæ ис, уыдон доны куынæг кæнынц.

Хъарм бонтæ нын хорз уавæртæ дæттынц, цæмæй уæлдæр цы куыстыты кой ракодтам, уыдон рæстæгыл ауадзæм. Кусæгыл æнæмæнг хъуамæ уа сæрмагонд уæлæдарс. Куысты рæстæджы нæй гæнæн тамако дымын, дон нуазын æмæ хæринаг хæрын. Фæскуыст та хи ныхсын хъæуы хъарм дон æмæ сапонæй.

ТОХЪМАЙТЫ Хъазбег,

 агроном

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.