Нæ республикæмæ ‘рцыд инвестор, фирмæ «Аланты бындар», кæцыйы проекты ис Знауыры районы Аунеуы хъæумæ хæстæг  быдырты æхсæры талатæ ныссадзын.

22 январы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев æмæ экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади бабæрæг кодтой, инвестор куыд æххæст кæны йæ проект, уый.

Фирмæ «Аланты бындар»-ы генералон директор Тæтæраты Алан куыд радзырдта, афтæмæй  ацы аз фæнд кæнынц ныссадзын 350 гектары, уыцы зæххытæй ныридæгæн куыст æрцыд 180 гектары: «Абоны онг нын бантыст 10 гектары æхсæры талатæ ныссадзын. Талатæ æрластам Италийæ, ацы сорт æхсæрæй пайда кæнынц дунейы кондитерон кондадты. Фыццаг тыллæг райсынмæ хъавæм цыппар азы фæстæ. Республикæйы къухдариуæгад ныл сæмбæлд æхсызгонæй. Махæн Хуссар Ирыстоны нæ зæр-дæмæ тынг фæцыд, мах фæнд кæнæм нæ куыст ноджыдæр рауæрæх кæнын. Нырма нæм кусы 12 адæймаджы, фæлæ, куыдфæстагмæ, сæ нымæц кæндзæн фылдæр. Фæнд кæнæм дыууæ адæймаджы Уæрæсейы горæттæй иумæ агрономы дæсныйад ахуыр кæнынмæ арвитын. Мах фембæлдзыстæм бынæттон колледжы профилон студенттимæ, кæцыты фæхондзыстæм кусынмæ нæ фирмæмæ».

Президент æмæ йе ‘мбæлццæттæ сæхи къухæй ныссагътой æхсæры талатæ. Бибылты Анатоли банысан кодта, инвесторы æрцыд æвæрццагæй кæй бандавдзæнис Хуссар Ирыстоны экономикæйы размæцыдыл æмæ социалон сферæйы райрæзтыл.

«Инвесторы æрцыд нæ республикæмæ алы хатт дæр у æхсызгон цау. «Аланты бындар»-ы генералон директор цы проект æрбавдыста, уый æвдисæн у, Хуссар Ирыстоны цы уавæртæ æмæ гарантитæ аразы æрхонгæ инвестортæн, уыдон кæй сты бизнесæн зæрдæмæдзæугæ. Нæ фидæны экономикæйæн та ис размæцыды бындур. Хицауад йæ къух хъуамæ араза инвесторæн æмæ уымæй йæхимæ хона æндæр амалиуæггæнджыты дæр», – загъта Президент.

Президент стыр аргъ скодта проекты социалон нысаниугæн дæр. «Проектæн ис ахсджиаг социалон нысаниуæг. Инвестор кæд, сæйраджыдæр, йæхи пайдайæн æрцæуы йæ амалиуæгад рауæрæх кæнынæн, уæддæр ам, бынаты, сырæзы куысты бынæттæ. Æнæуый дæр хъæуты цæрджытæ æппынæдзух æгуыстæй фæлмæцынц æмæ сын ныр ахæм уавæртæ кæй фæзындзæн, уый хорзæрдæм бандавдзæн сæ бинонты цардыл. Инвесторы проекты куыд нысан ис, афтæмæй уый разы у бынæттон цæрджытæн товарон кредит раттыныл дæр. Кæд æмæ куысты рæстæджы æвзонг бинонтæн райгуыра дыууæ сывæллоны, уæд хатыргонд æрцæудзæн сæ кредит», – дзырдта паддзахады сæргълæууæг.

 «Аланты бындар»-ы генералон директор Тæтæраты Алан загъта, зæгъгæ, кæд нырма æххуырст техникæйæ кусынц, уæддæр ацы бонты балхæндзысты куыстæн æппæтхъæуæг техникæ æмæ æххуыс кæндзысты, кæд æмæ искæцы бынæттон чысыл æмæ астæуккаг амалиуæггæнæджы бафæнда, уыдонимæ бадзырд саразын, йæхи зæххы фадыгыл æхсæртæ ныссадзын, уæд. Уыдонæн лæвæрд æрцæудзæн товарон кредит дæр æмæ ма сын баххуыс кæндзыысты сæ зæххытæм æртахон донхæр саразынæн дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.