Ирон нæлгоймагмæ æдзухдæр хорзыл нымад уыд йæ цардæмбал. Кæд æм йæ номæй нæ дзырдта, уæддæр æй фырбуцæн хуыдта сывæллæтты мад, нæ къæбæргæнæг, нæ рæбинаг. Уый ныфсæй йæ хæдзармæ хуыдта уазæджы – зыдта йæ, йæхи йыл кæй нæ атигъ кæндзæн, тарæрфыгæй нæ, фæлæ йæм тынгæрфыгæй кæй ракæсдзæн, йæ мойы ном, кад хъуыды кæнгæйæ, йæ хорз, йæ къух цæмæй цы амона, уымæй хуыздæр суазæг кæндзæн. Гуыбынæн гыццыл æм куы уа, уæддæр æм зæрдæйæн бирæ разындзæн.

Сылыстæг хъаруйæ лæмæгъ у, фæлæ фæразон у. Æмæ йын уыцы миниуæг ирдæй разынд нæ хæхбæсты цæргæйæ. Кæд нæ фыдæлтæм нæлгоймаг тыхкуысты ихсыд, уæд сылгоймаг та бон-изæрмæ, стæй ма æхсæв дæр хæдзары зылдтытыл уыд. Уый бафиппайдтой, Ирыстонмæ цы дард-бæлццæттæ цыд, уыдон, æмæ сæ бæлццоны фыстыты дис кæнынц ирон сылгоймаджы фæразондзинадыл. Æмæ æрмæст ууыл нæ, фæлæ сæ рæсугъддзинадыл, сæ гуырвидауц æмæ аивдзинадыл. Æрмæст А.Пушкин афтæ кæй загъта: “Женщины их прекрасны” дæр кæуылты у!

Ирон нæлгоймаг аргъ кæнын зыдта йæ цардæмбалæн, йæ сывæллæтты мадæн, йæ къæбæргæнæгæн. Æмæ йæ зæрдæхъыджы нæ цыд. Дæлдзинæг æй никуы кодта, кæд йæ хæдзар нæлгоймæгтæн æмæ сылгоймæгтæн дыууæ дихы уыд, уæддæр. Уый сæ куыстыты, хæсты хицæндзинæд-тæм гæсгæ. Иннæ адæмыхæттытау ирон нæлгоймаг дыгай-æртыгай æмæ ма фыл-дæр устытæ нæ дардта. Ныры дуджы искæмæн йæ мой æндæр сылгоймагмæ куы адзæгъæл вæййы, уæд ын уый цы маст æрхæссы, уый ма абарут иу лæджы бирæ устыты уавæримæ. Ирон адæммæ, туджджынтæй туг исгæйæ, сылгоймагмæ йæ хæцæнгарз никуы ничи систа. Табуйагау æдас уыд алы ран дæр. Йæхицæн дæр йæ мойы разæй йæ къæбæр йæ хъуыры нæ хызт.

Ирон нæлгоймаг йæ цардæмбалы уыдта йе ‘мсæр адæймаг, иумæ царды æфсондзы бын кæй бацыдысты, æмæ сæ размæ æмхæст кæнын кæй хъæуы. Нæлгоймаг, дам, сыхырнайæ луары, сылгоймаг та – сасирæй, зæгъы ирон æмбисонд. Æмæ уыцы хуызы кæрæдзийæн æнцой сты. Кæрæдзиуыл æнувыд кæй сты, уый фæрцы сын æн-тысы размæ цæуын æмæ хорз кæстæртæ хъомыл кæнын дæр.

Ирон нæлгоймаг ахуыры фæндагыл куы бафтыд, уæд æй йæхицæн нæ ныббарста сылгоймаджы хъуагæй. Æмæ уайтагъд йæ сагъæс сси, архайын райдыдта, цæмæй уыцы рухсы цъыртт ныккæса ирон сылгоймаджы зæрдæмæ дæр, сахада йæ зондахастыл. Ууыл арф æмæ зæрдиагæй хъуыды кæнгæйæ, йæ æппæт хъарутæ æмæ гæнæнтæй пайда кæнгæйæ, ирон сылгоймæгты фыццаг скъола Дзæуджыхъæуы фæзынд 1862 азы.

Ирон чызджытæн æй йæ хæдзары байгом кодта чырыстон дины кусæг (протоиерей) æмæ ирæтты æхсæн рухстауæг Колы-ты Аксо. Уыцы рæстæгмæ ирон лæппутæ чырыстон дин æмæ уырысы æфсады æххуысæй Ирыстоны ахуыр кодтой фараст скъолайы. Скъолатæ уыдысты Дзæуджыхъæуы, Мæздæджы, Хъæдгæроны, Суададжы, Алагиры, Даргъ-Къохы, Чырыстон-хъæуы, Комгæрон æмæ Бæтæхъойыхъæуы. Ирон чызджыты фыццаг скъолайы фыццаг ахуырдзаутæ уыдысты Гæздæнты Зиновия, Наталия, Кетован æмæ Саломея, Таучелаты Агафия æмæ Гаянæ, Гуситы Варварæ, Кочысаты Мария æмæ Бабиты Даря. Сæ нæмттæ амынд сты, фыст куыд æрцыдысты, афтæ. Сæ бинонтæ, хиуæттæ, зонгæтæ сæм æндæр нæмттæй кæй дзырдтаиккой, уый дызæрдыггаг нæу. Сæ ахуырæй Аксойы зæрдæ рад. Уый фæдыл йæ рапортты фыста.

Æхсæз азы фæстæ ирон чызджыты скъолайы ахуыр кодтой 30 ахуырдзауы. 1885 азы та – 68. Уымæй, иууылдæр ирæт-тæ нæ уыдысты. 43 дзы уыдысты ирæттæ, 20 – уырыссæгтæ, 4 – гуырдзиæгтæ, иу та – удинаг. Уый бæрц адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, нал цыд Аксойы хæдзары, æмæ йын бынат баххуырстой. Скъола ссис æртæкъласон, цæттæгæнæн хайадимæ… Алы къласы ахуыры æмгъуыд дæр уыд дыууæ азы.

Ирон чызджыты скъолайы ахуыр кодтой чырыстон дин (закон божий), уырыссаг æвзаг, ирæттæ – ирон æвзаг дæр, арифметикæ, геометри, истори, географи, фыссын, æрдззонæн, черчени, зарын, гимнастикæ, æрмдæсныйад, педагогикæ, анатоми, зоологи æмæ гигиенæ. Уый бæрц зонындзинæдтæ лæвæрдта скъола ирон чызджытæн, æмæ уыдон рухс хастой сæ бинонтæм, хиуæттæм, зонгæтæм, цы хъæутæй уыдысты, уым се ‘мгæрттæм дæр. Афтæмæй ирон адæмы æхсæн рухсмæ бæллиц тынгæйтынгдæр кодта. Ирон чызджыты скъолайы хъысмæт фæстæдæр ссис дызæрдыггаг, йæ фæрæзтæ, йæ уавæртæ къуындæг кæй уыдысты, уый фыдæй. Мамæлайы къæбæрау ын “Кавказы чырыстон дин сног кæныны æхсæнад” цы фæрæзтæ лæвæрдта, уыдон йæ æппæт хæстыл не ‘ххæссыдысты. Уыцы уавæр тыхсын кодта Гуырдзыйы экзархы æмæ йæ сæхгæныны уынаффæ рахаста 1891 азы 5 январы. Уый Къоста рахуыдта фыдракæнд, уыцы уынаффæйы ныхмæ ирон интеллигенцийы хуыздæртæ æмгуырæй сыстадысты æмæ йæ бахъахъхъæдтой. Уымæн сын фæахъаз сты газетты мыхуыргонд уацтæ, синоды оберпрокурормæ хъаст, скъола кæй ном хаста, уымæ – къниаз Федоры чызг Ольгæ-мæ фыст куырдиат.

Фæстæдæр скъола ссис сылгоймæгты гимназ. Йæ бынат уыд Маркусы уынджы ЦИПУ-йы физикон-математикон факультеты æмæ педагогон институты агъуыстыты. Уæдæй фæстæмæ чызджыты ахуыры фарстмæ дардтой æндæр, хуыздæр цæстæнгас. Æмæ 1870 азæй фæстæмæ сылгоймæгтæн райдайæн скъолатæ байгом сты Салыгæрдæны, Æрыдоны, Даргъ-Къохы, Олгинскæйы, Джызæлы, Хъæдгæроны, Чырыстонхъæуы æмæ Хуымæллæджы. Уыдон уыдысты иукъласонтæ, цыппаразонтæ. Ахуыр сæ кодтой 20 – 40 чызджы бæрц. Ирон чызджытæ ахуырмæ тынг зæрдæргъæвд разындысты, хæлæг сæм код-той иннæтæ дæр, фæлæ сæ скъолатæм райсынæн фадат нæ уыд. Уымæн æмæ нæ фаг кодтой скъолаты бынæттæ, ахуыргæнджытæ. Ахуыргæнджытæ фылдæр та уыдысты, Ирон чызджыты гимназ каст чи фæци, уыдон.

Хъуыддаг хуыздæрæрдæм цæхгæр фæивта Октябры революцийы фæстæ. Алы хъæуы дæр рæзгæ фæлтæрæн сæ дуæрттæ бакодтой хи хæдзæртты иумæйаг скъолатæ. Æмæ кæд сæ уавæртæ къуындæг уыдысты, уæддæр сæм адæм æхсызгонæй æрвыстой сæ цоты. Фыццаг азты Дзæуджыхъæуы иумæйаг ахуырадон астæуккаг скъолатыл бафтыд дæс, байгом дзы ахуыргæнджыты дыууæ семинары, ахуыргæнджыты институт. Скъолайы ахуырдзаутæ фылдæр чызджытæ кæй уыдысты, уый æнæ бафиппайгæ нæ уыд. Уымæй уæлдæр ахуырмæ зын бахауæн уыд сылгоймæгты гимназтæм, уæлдайдæр та Ирон чызджыты гимназмæ.

Ирон чызджытæн æруромæн нал уыд ахуыры фæндагыл. Æмæ, Байаты Гаппо куыд фыста, афтæмæй кæд 1913 азы Мæскуыйы уæлдæр скъолаты 22 мин чызгстудентæй æрмæст æртæ уыдысты ирæттæ, Харьковы уæлдæр скъолаты та 15 ирон чызджы ахуыр кодта, уæд 1939 азы та Æппæтцæдисон сфысты амынд цæуы, мин адæймаджы хыгъды уæлдæр æмæ астæуккаг сæрмагонд ахуырад кæмæ уыд, уыдо-нæй сылгоймæгтæ балхъартæм уыд 13, мæхъæлмæ – 1, кæсæгмæ – 10, цæцæнмæ – 1, ирæттæм та – 69. 1959 азæй фæстæмæ абоны онг та уыдон ирон адæммæ нæлгой-мæгтæй сты бирæ фылдæр. Уымæн æвдисæн сты æрмæст нæхи уæлдæр æмæ астæуккаг сæрмагонд дæсныйады скъолаты ахуырдзауты номхыгъдты ирон чызг-фæсивæды мыггæгтæ дæр. Уæдæ дзы Уæрæсейы æмæ фæсарæйнаг бæстæты уæлдæр скъолаты дæр чысыл нæ ахуыр кæны.

Ирон сылгоймаг нæлгоймæгты æмрæнхъ æнтыстджынæй архайы паддзахадон, хæдзарадон æмæ æхсæнадон хъуыддæгты, раззагдæртимæ ис наукæйы дæр. Нæ сылгоймаг наукæты кандидатты, наукæты докторты, академикты нымад чи фæуыдзæн. Стыр æнтыстдзинæдтæ æвдисынц медицинæйы, филологийы, историйы, биологийы, фундаменталон наукæты. Ис нæм, йæ иртасæн куыстытæ Нобелы премийы аккаг кæмæн уыдысты, ахæм сылгоймагахуыргонд дæр. Бутаты Фатимæ, боны рухсы цырæгътæ чи æрхъуыды кодта, уый. Уæд ма Советон Цæдис уыд, æмæ йын преми радтын фæсарæйнаг политикты цæст нæ бауарзта.

Ирон сылыстæгæн ахуырмæ фæндаг байгом кодта дзæнæтыбадинаг Колыты Аксо æмæ йыл мæрдты æгъдауæй дæр рæстæрдæм ауды. Уый бæрæг у, абон нæ сылгоймæгтæ ахуыры бæрзæндтæм кæй хизынц, уымæй. Хорзæн, дам, бын ма скæн, æвзæрæн бын ма ныууадз, – зæгъы ирон æмбисонд. Уый мулкæй – фæуыдзæн ын. Удварн, зæрдæйы хорзæхæн та фæуæн нæй. Уæле исгæ, бынæй ахадгæ сты. Фæуæн сын нæй. Аксо ирон сылгоймаджы цы уды фарн, зæрдæйы хорзæхæй фæхайджын кодта, уыдонæн дæр фæуæн нæй, базырджын сæ кæнынц. Хистæрæй кæстæрмæ цæуы. Æмæ сгуыхынц не скъоладзау чызг фæсивæд дæр. Суанг, скъолайы кары чи нæма ис, уыдон дæр. Уымæн ирд æвдисæн систы, Центрон телеуынынады фыццаг каналæй равдысты Плиты чысыл чызг Николы архайд, йæ курдиат æмæ йæ зонды гæнæнтæ.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.