Европæйаг адæмты ‘хсæн æрмæстдæр ирон адæмæн ис æрдзы бæрзонддæр бынæтты кувæндæттæ. Уыцы бынæттæ сбæлвырд кодтой нæ рагфыдæлтæ, æмæ уый дæр хуымæтæджы нæ, алы кувæндонæн дæр уыд йæхи сæрмагонд равзæрды истори. Кæм-иу арв æрцавта, кæм та, куыд нымадтой, афтæмæй Уæларвæй æндæр хуызы æрцыдысты нысангонд сæ бынæттæ. Кувæндæттæй алкæмæн дæр уыд сæрмагонд æгъдау, куывдтытæ æмæ йæ кувæн бонтæ. Уыдон кæд дугивæнты бирæ цæмæйдæрты фæивтой, уæддæр æнæфæивгæйæ баззадысты сæ ном сын арыны традицитæ, цæуынц сæм кувынмæ æмæ сыл сæхи фæдзæхсынц раздæрау ныры фæлтæртæ дæр.

Алы мыгкагæн дæр уыд йæхи кувæндон. Советон дуджы ныпырхимæ Ирыстоны бирæ хъæутæ сафтид сты, цæрджытæ хуыздæр цардагур фæлыгъдысты горæттæм, фæлæ йæ мыгкаджы, йæ хъæубæсты дзуарыбонтæ чи ферох кодта, ахæмтæ стæмтæ сты. Уыйхыгъд нæ республикæйы фæсхæст ног, хуыздæр уавæрты фæзындимæ, нæ фæсивæд здæхын райдыдтой сæ райгуырæн хъæутæм, банысан кæнынц сæ бæрæгбонтæ æмæ уымæй нæ рох кæнын нæ уадзынц нæ фыдæлты ацы æгъдæуттæ.

Æрæджы, Дзауы районы Сæриттаты комы рагъыл Багаты мыгкаг сæндидзын кодта йæ рагфыдæлты кувæндон – Хъугомы дзуар. Хъугомы дзуар баст у Дауджытимæ. Дауджытæ иу кæнынц авд дзуары – Рагъдзуар, Хъугом, Батлон, Хуссар, Тиб, Майрæм, Сагърат.

Хъугомы кувæндон арæзт æрцыд йæ рагон бынаты, систæ амайгæйæ спайда кодтой кувæндоны раздæры дуртæй. Кувæндоны арæзтад Багаты мыгкаг сæхи фæрæзтæй  райдыдтой ацы аз сæрды æмæ кæронмæ бахæццæ ис ивгъуыд къуыри. Кувæндоны кусæг Багаты Нугзар куыд загъта, сæ куыст кæронмæ куы бацæттæ, афтæмæй Багаты мыгкаг æгъдаумæ гæсгæ ам акодтой кусарт æмæ сæхи бафæ-дзæхстой сæ фыдæлты зæдыл. Нугзар ма куыд загъта, афтæмæй кæд ацы хъæуы цæрджытæ дæр фæлыгъдысты, иннæ хъæутау сафтид ис, уæддæр æрвыл аз дæр хъæу байдзаг вæййы фæсивæдæй, куыд сæрдыгон улæфт бонты, афтæ алы бæрæгбоны дæр æрæмбырд вæййынц æмæ хъæлдзæгæй банысан кæнынц сæ дзуарыбонтæ.

Цымыдисон у Хъугомы кувæндонæн йæ истори дæр. Хистæр кары адæм куыд радзырдтой, афтæмæй 1886 азы Кавказы бæстæты чырыстон дин куы рапарахат ис, уæд аскъуыддзаг кодтой алы хъæуы дæр аргъуантæ саразын. Сæриттаты хъæуы аргъуан аразынæн равзæрстой бынат Хъугомы дзуары хæдфарсмæ, фæлæ уыцы хъуыддаг нæ фæцыд бирæты зæрдæмæ. Уый фæдыл фæныхæй ныхмæ сты аргъуанаразджытæ æмæ хъæуы цæрджытæ. Хъæуы цæрджытæй 22 адæймаджы конд æрцыдысты ахæстонмæ. Уыдонæй ма фæстæмæ сæрæгасæй æрыздæхтысты æрмæстдæр дыууæйæ.

Аргъуан арæзт æрцыд, фæлæ йæ арæзтадимæ хъæуæн фыдбылыз кæй æрхаста, уымæ гæсгæ йæм нæ уыд хорз ахаст, адæм  æм нæ цыдысты уадиссаг. 1991 азы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн аргъуан бынтондæр ныппырх.

Ацы бынаты ныртæккæ ногæй кувæндон арæзт кæй æрцыд кæй нæ фесæфтысты йæ традицитæ, уый стырарфæйаг хъуыддаг у.  Табу йæхицæн!

ХУЫГАТЫ  Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.