Ацы бонты Ирыстоны дзыллæ нысан кæны Рекомы уаз бæрæгбон. Уый ис бæрзонд ран, Цъæйы комы, Уæллаг Цъæйæ чысыл фалдæр æмæ нымад у æгас Ирыстоны нæлгоймæгты сæйраг кувæндоныл. Сылгоймагæн ардæм æрбахизыны бар нæй. Ацы Уаз кувæндон арæзт у сыгъдæг нæзыбæлæстæй, иунæг зæгæл дæр дзы къуырд нæй, афтæмæй.

Рекомы кувæндоны историйы фæдыл бынæттон цæрджытæй фехъусæн ис бирæ легендæтæ. Сæ иумæ гæсгæ Лæгты дзуар Уастырджи сфæнд кодта ирон адæмæн саразын кувæндон æнусон бæлас – сыфнæзыйæ. Уый никуы æмбийы æмæ у сыгъдæг.  Сыфнæзыджын та уыд хохæн иннæ фарс. Уæд Уастырджи загъта йæ галтæн, цæмæй цъитийы сæрты ахизой æмæ æрбаласой хъæдæрмæг. Легендæмæ гæсгæ бæлæстæ сæхæдæг хаудысты комкоммæ уæрдæттæм æмæ сæ галтæ афтæмæй хæццæ кодтой бынатмæ. Уым-иу уæрдæттæ цыдæр æнахуыр æгъдауæй сæхæдæг раафтид сты æмæ афтæмæй æр-дузы сырæзт кувæндон, адæймаджы къух æм æххæсгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй.

Иннæ версимæ гæсгæ Рекомы кувæндоны равзæрд баст у Нарты кадджытимæ. Нарты Батрадз йæ мæлæт куы ссардта, уæд ыл Хуыцау æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдонæй иу æрхауд Цъæйы комы æмæ дзы сырæзт Рекомы кувæн-дон.

Куыдфæнды ма уа, уæддæр, ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ Реком у уыцы кувæндон, цыран æппæт ирон адæм кувынц Уастырджийæн.

Стыр хъыгагæн, Рекомы кувæндон абон у ног арæзт. 1995 азы арвы цæфæй басыгъд. Бирæтæ дзырдтой, зæгъгæ, уый басыгъд нырыккон хæццæ дуджы аххосæй, зæгъгæ, ныры фæлтæр рох кæны йæ Хуыцауы, йæ дзуæртты, нал сын кувы. Ома, уый уал нын у карз фæдзæхст, йæ фæстиуæг та уыдзысты стырдæр æнамонддзинæдтæ.

Кувæндон сæндидзын кæныны ахсджиаг хъуыддаг сæхимæ райстой цалдæр энтузиасты. Уыдон къуырийы дæргъы ком дардтой æмæ-иу алы райсом дæр куыстыты агъоммæ скуывтой. Хъахъхъæд æрцыд кувæндоны рагон хуыз, æрмæст ныртæккæ уый арæзт у нæзыбæласæй – сыфнæзытæ дзы бынтондæр нал зайы.

Æрвылаз дæр Рекомы кувæндонмæ æрцæуы бирæ адæм. Уыдон фæкувынц Уастырджийæн, бафæдзæхсынц ын сæхи, цæмæй сын æххуыс кæна. Афтæ уыд ацы аз дæр. Ирæттæ ратагъд кодтой Ирыстоны алы къуымтæй дæр, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы бирæ горæттæй. Ирон æгъдаумæ гæсгæ кувæг куывта Лæгты дзуа-рæн, арфæ кодта Иры дзыллæйæн æмæ фæсивæды фæдзæхста: Кæмфæнды ма цæрой,  уæддæр кад кæной сæ дзуæрттæн, куыдфæндыйæ дæр ирон фарн æмæ фыдæлты намыс кæддæриддæр хъуамæ уой сæ царды сæйрагдзинад.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.