Нæ фарн не ‘гъдауы кæй ис, уый хорз æмбæрстой нæ фыдæлтæ, уымæн æмæ сæ цард иууылдæр баст уыдис æгъдауимæ.

О, фæлæ, нæ фыдæлтæ уыцы фарн æмæ æгъдау семæ нæ ахастой, ныууагътой йæ махæн кæрæдзи фылдæр уарзынæн, рæсугъд æмæ амондджынæй цæрынæн æмæ сæ уымæ гæсгæ, хъуамæ мах нæ зæрдыл дарæм æмæ сæ æххæст кæнæм.

Нæ фыдæлты фæрныг æгъдæуттæ, сæ царды уаг, сæ зæрдыл дарынц нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ сæ хынцынц, арæх ауадзынц алыгъуызон мадзæлттæ, уый фæдыл. Ацы скъолайы ахуыргæнджытæ се ‘ргом уæлдай тынгдæр здахынц хъомыладон куыстмæ, уымæн æмæ хорз æмбарынц, скъола кæй цæттæ кæны ног фæлтæрты царды сæхи бынат ссарынмæ.

Рæзгæ уды раст фæндагыл бафтауын, мадæлон æвзагмæ, райгуырæн бæстæмæ, не ‘гъдæуттæм сæм уарзондзинад æвзæрын кæныны тыххæй, ацы скъолайы арæзт æрцыд «Рагон ирон хæдзар – музей». Музей арæзт æрцыд скъолайы историйы ахуыр-гæнæг Еналдыты Жаннæйы хъæппæрисæй. Йе ‘нцой æрбалæууыдысты æмæ йæм се ‘ххуысы къух фæдардтой иннæ ахуыргæнджытæ дæр. Сæ хъуыдымæ гæсгæ хъомыладон куысты фæрцы хъæздыг кæны сывæллæтты удыхъæд, рæсугъддæр кæны сæ удварн, уæрæхдæр – сæ миддуне. Сæ фыдæлты æгъдæуттæ зæрдыл даргæйæ та сæ чысыл зæрдæты гуырынц рæсугъд нæртон миниу-джытæ.

«Рагон ирон хæдзар-музей» байгом кæныны церемонимæ æрбацыдысты Ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элиса,  скъолайы агъоммæ, иумиаг æмæ уæлæмхас ахуырады управленийы хистæр Джиоты Эльзæ æмæ ахуырады æндæр бæрнон кусджытæ. Ирон æгъдаумæ гæсгæ, уазджыты размæ рацыдысты ахуыргæнинæгтæ ирон аив дарæсы, æртæ чъири æмæ бæгæныйы къусимæ.

«Рагон ирон хæдзар-музей» мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдæтыл рæсугъд тæл-мæнтæ ныууагъта.Скъолайы директор Туаты Мæдинæ банысан кодта, музей саразыныл Еналдыты Жаннæйы кæй бахъуыд стыр куыст бакæнын. Фæлæ, уый хыгъд, ныр сы-рæзт, скъола буц æмæ сæрыстыр кæмæй уы-дзæн, ахæм музей. Уый тыххæй директор бузныджы ныхæсты загъта Жаннæйæн æмæ ныфс бавæрдта, музей ноджыдæр кæй аивдæр кæндзысты, уымæй.

Йæ тæлмæнтæ загъта Ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Елиса дæр.

«Ацы музей арæзт æрцыдис монон-ду-ховон программæйы райрæзты бындурыл. Ахæм хъуыддæгтæн та скъолайы фæлгæтты ис стыр нысаниуæг. Национ традициты ах-уыргæнæгæн, ныр фадат уыдзæн йæ урок ахæм бынаты ауадзынæн. Нырыккон фæлтæр хъуамæ зоной, цавæр мигæнæнтæй пайда кодтой нæ фыдæлтæ. Нæ цард ныртæккæ бынтон æндæргъуызон аразæм, райстам европæйаг цардуаг. Уый иуæй хорз у, нæ цард æнцондæр кæнæм, фæлæ иннæр-дыгæй та махæй рох кæнынц нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ цардуаг. Æмæ ахæм музейты сырæзт абон тынг ахсджиаг у, уымæн æмæ  кæстæр фæлтæр зондзысты, нæ фыдæлты цардуагон уавæртæ та цахæм уыдысты. Уый тыххæй æз стыр бузныг дæн Еналдыты чызгæй. Зонын, уый бирæ тыхтæ кæй бахардз кодта йæ саразыныл, фæлæ йæ разы цы хæс сæвæрдта, уый уæддæр сæххæст кодта æмæ йын зæгъын, уæлдай бузныг. Стыр хъуыддаг уыдис, иннæ ахуыргæнджытæ дæр йæ фарсмæ кæй балæууыдысты, уый. Æмæ сын мæ цæст уарзы, цæмæй фæрнджын уой сæ фыдæлты фарнæй», – загъта йæ раныхасы кæрон Гаглойты чызг.

Мадзалмæ æрбацæуджытæ баззадысты райгондæй. Се ‘ппæты дæр иу кодта, ахæм хъуыды: ахæм куыст куы цæуа рæзгæ фæлтæримæ, уæд нæ уидæгтæн сæфæн нæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.