Амбрози у æппæты зианхæссæг æмæ тæссагдæр хæмпæлгæрдæджытæй сæ иу. Уымæн йæ мыггæгты нымæц хæццæ кæны 50 хуызы онг.  Адæймаджы æнæниздзинад æмæ мæры скондæн дæр стыр зиан кæй хæссы, уымæ гæсгæ йæ ныхмæ рагæй тох кæны адæймаг, фæлæ уæддæр бындзарæй йæ фесафын нырма къухты нæ бафтыд. Вæййы афтæ дæр æмæ йæ скуынæг кæныны тыххæй иутæ кæнынц кæрдгæ. Фæлæ ахæм амалæй уый нæ фесæфдзæн, уый нæ, фæлæ та дыккаг аз ногæй стау кæндзæн, уыимæ ноджы – фылдæрбæрцæй. Æппæты хуыздæр амал у, уый бындзарæй æд уидæгтæ сыскъуынын æмæ басудзын. Ацы зианхæссæг зайæгойы ныхмæ æрмæст иугай адæймæгты къухты нæ бафтдзæн æнтыст. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у æнæмæнгхъæуæг куыстмæ бавналой куыстуæттæ, организацитæ, бирæуæладзыгон хæдзæртты æмбæстæгтæ. Афтæ нæ алчидæр куы фезмæла, уæд æй бындзарæй скуынæг кæндзыстæм.

Куыд бæрæг кæнынц, афтæмæй зианхæссæг хæмпæлгæрдæджы райгуырæн зæхх у америкæйаг континент æмæ фыццаг æрбахауд 20-æм æнусы райдианы Украинæмæ, уырдыгæй та тагъд рæстæджы апырх æндæр регионтæм, сæйраджыдæр та – хуссайраг бæстæтæм. Амбрози стау кæны уалдзæджы кæрон, дидинæг та рафтауы сæрды дыккаг мæйы кæрон æмæ августы райдианы æмæ ахæм хуызы вæййы суанг фæззæджы  кæронмæ. Ацы зайæгойæн ис цалдæр хуызы æмæ дзы иууыл парахатдæр у скъæлдзой сыфтæрты æнгæс амбрози, уыимæ у æнцондæр тохгæнæн. Дыккаг хуыз та зайы бирæ рæстæджы æмæ уымæ гæсгæ йе скуынæг кæнын у зындæр. Уымæй æвзæры дзæвгар тауинаг, сæ нымæц хæццæ кæны 150 минмæ. Йæ тæссагдзинад ма уый мидæг дæр ис æмæ æгæрыстæмæй стау кæны, йæ тауинаг æххæстæй куынæ смыггаг кæны, уæд дæр. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй ацы хæмпæлгæрдæджы цæрдхъомдзинад аххæссы 40 дæргъвæтин азы онг. Æппæрццагæй æндавы тыллæгæрзадыл, стæй цæхæрадоны зайæгойты рæзтыл дæр. Стур дзы куы бахæра, уæд тынг мæгуырау вæййы йе ‘хсыры гъæд æмæ а.д.

Ацы зайæгой æвзæрæрдæм тынг æндавы адæймаджы æнæниздзинадыл дæр. Чысыл рыг дæр куы бахауа сæтцъармæ, уæд уый дæр расайы ахъаззаг аллерги бронхтæн, æхснырсын райдайы, фæхуыфы, схизы йæ тæвд, фæлæ иууыл тæссагдæр та у, астмæмæ куы ахизы, уый. Нæ республикæ дæр цух нæу ацы тæссаг æмæ æгъатыр хæмпæлгæрдæгæй, фенæн æй ис алы рæтты дæр. Нæ тох кæнæм йæ ныхмæ æмæ азæй азмæ йæ фæзуат кæны уæрæхдæр.

 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.