Амброзийæн йæ хуызтæ бирæ сты, хæццæ кæнынц 50 фылдæрмæ æмæ се ‘ппæт дæр тынг зиан хæссынц адæймаджы æнæниздзинадæн. Ацы тæссаг зайæгой сæйраджыдæр фæзынд Цæгат Америкæйы æмæ уырдыгæй йæ фæндаг акодта бирæ бæстæтæм, зæгъæн ис æмæ ныппырх алы рæтты. Уæрæсейы сты æртæ хуызы. Æрвылаз дæр йæ куынæг кæныныл архайынц куыд хицæн адæймæгтæ, афтæ куыстуæттæ æмæ уагдæтты кусджытæ дæр, фæлæ йын уæддæр кæронмæ сæ бон ницы цæуы.

Амбрози зиан хæссы æрмæст стырæй нæ, фæлæ рæзын куы райдайы, уæдæй фæстæмæ. Æвзонг зайæгой йæ цъæх сыфтимæ вæййы хъæдабæхуыз. Иугæр зайæгой дидин куы рафтауы, уæд байрæджы вæййы йæ ныхмæ тох кæнын. Уыцы рæстæджы йæ маргæйдзаг рыг уæлдæфмæ ахизы æмæ дарддæр уый фæрцы фæзыны ацы зайæгойы ног фæлтæр. Йæ рыг у зайæгойтæй иууыл тыхджындæр аллерген. Амброзийы фæстиуæгæн аллергийæ адæймаг æхснырсын райдайы, йæхи фæхаты мæгуырау, хъæлæс фæлæмæгъ вæййы, уæлтъыфылтæ срæсийынц æмæ цæссыг фезгъæлы. Ацы тæссаг зайæгойы аххосæй адæймаг фæрынчын вæййы астмæйæ æмæ ра-сайы хуыдуг кæнын.

Канд адæймаджы æнæниздзинадыл не ‘ндавы мæгуырауæрдæм, фæлæ стыр знаггад кæны быдыртæн дæр. Уый афтæ тынг бацахсы зæххы фæзуæттæ, фæцух вæййы хуры рухсæй æмæ уый фæстиуæгæн холлагон культурæйы рæзт бакъуылымпы вæййы. Холлагмæ куы бахауы, уæд тæссаг, маргджын зайæгойы сыфтæртæ æппæрццагæй бандавынц хъуджы æхсыры адыл.

Нæ республикæ дæр цух нæу ацы зианхæссæг зайæгойæ, уымæн фенæн ис бирæ бынæтты. Нæ быдырты иу хай раздæры азтау нал цæуы куыстгонд, зæрæстон зæхмæ та æмхиц сты алыгъуызон хæмпæлгæрдæг æмæ уæлдайдæр та – амбрози. Уый аххосæй нал бæззынц куыд сæрвæтæн, афтæ уыгæрдæнæн дæр.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.