Фыдæлтæй нын баззад сывæллоны сахъатдзинады кой скæныны размæ, хибафæдзæхсæгау, афтæ зæгъын: «Хуыцаумæ хъыг ма фæкæсæд, фæлæ…»

Уымæн æмæ зын у, цæст нæ уарзы рæзгæ уды онгцух, зондцух, сахъатджын схонын. Фæлæ иугæр æгъатыр хъысмæты цæст уарзы сывæллæттæн ахæм цард дæттын, уæд сын афтæ цы нæ схонгæ ис. Фæлæ сæ хъысмæты фыдæнæн, хъуамæ кæнæм уæлдай рæвдыд, цæмæй сыл тынг ма ндава, хъысмæтæй æфхæрд кæй сты, уый…

Диссаг уый у, æмæ æрдзæй иу цæмæйдæр сахъат чи рахæссы, ахæм сывæллон æндæр цæмæйдæрты та вæййы уæлдай æххæст. Уымæй диссагдæр та уый у, мах, Ирыстоны сывæллæттæ иууылдæр æмхуызон рæсугъд кæй сты, куыд фæзæгъынц – цыкурайы фæрд-гуытæ.

Хъыгагæн, нæ чысыл республикæйы дæр ис, уæлдай рæвдыд кæй хъæуы, ахæм сабитæ. Уыдон, ис афтæ зæгъæн, æнæхъусдард не сты паддзахады рдыгæй, кæд ахæмтæм ахасты иуæй-иу дурзæрдæ чиновникты аххосæй æрцæуы хъæстаг хабæрттæ дæр, уæддæр…

Куыд фæзæгъынц, æрæджиауы рæвдыд дæр  зæрдæйæн æхсызгон у.

Ахæм уавæры уæвæг сывæллæтты барæвдауыны охыл мадзал хъуамæ уагъд æрцыдаид 1 июны – Сывæллæтты хъахъхъæныны ду-неон бон, фæлæ карантины аххосæй бакъуылымпы ацы арфæйаг хъуыддаг.

Фæлæ ногæй организацигонд æрцыд ацы бонты æмæ дзы хайад райста нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли дæр.

Президенты цур Сывæллæтты барты фæдыл бæрнджын Козаты Гульнарæ куыд загъта, афтæмæй сæ æнæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм сывæллæтты æмбæлон царды æмвæ-задмæ хауæг фарстатæ иудадзыгдæр сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты сæрмагонд хъусдарды бын.

«Абоны мадзал уæлдай хатт фадат дæтты нæ чысыл хуртæ æмæ сæ ныййарджытæн, цæмæй феной æмæ банкъарой, сæ зын уавæры иунæг кæй не сты, паддзахад сыл кæй ауды æмæ кæй архайы æппæт гæнæнуæвæг фадæттæй  дæр, цæмæй сæ цард уа æнцондæр æмæ æдыхстдæр. Уадз æмæ нæ æрвылбонон аудындзинад ахъаз кæнæд сæхицæн дæр æмæ сæ ныййарджытæн дæр, цæмæй сæ рох кæной сæ зындзинæдтæ, сæ уæнгты сын уадза сомбоны ныфс», – загъта Козаты Гульнарæ мадзалы ныхас кæнгæйæ.

Ныхасы бар лæвæрд æрцыд нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн дæр:

– Зынаргъ сабитæ, цытджын ныййарджытæ.

Фæнды мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын, абоны ахсджиаг мадзал чидæриддæр сорганизаци кодта, уыдонæн се ппæтæн дæр, сæрмагондæй та Козаты Гульна-рæйæн, сывæллæтты хъысмæтыл зæрдиагæй кæй ауды, уый тыххæй. Афтæ ма мæ бузныг зæгъын фæн-ды ахæм ныййарджытæн, кæцытæ хъомыл кæнынц, сæрмагонд хиæдтимæ рæзгæ сывæллæттæ. Æз кæсын æмæ уынын, ацы мадзалы сывæллæттæ сæхæдæг дæр куыд активон хайад исынц, куыд хъазынц, куыд цин кæнынц цардыл се нæниз æмкарæн сабитау», – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг мадзалы хайадисджыты зæрдыл æрлæууын кодта, се нæниздзинадмæ гæсгæ мæгуырау уавæры чи ис, уыцы сывæллæттæм кæй ис уæлдай паддзахадон хъусдард, сæ бинонтæн сын кæй бачындæуы материалон æххуыс.

– Дзырд уын дæттын, республикæйы къухдариуæгад уæ фарсмæ кæй уыдзæн алы хатт дæр, – загъта Бибылты Анатоли.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Сиукъаты Наира дæр лæмбынæг æрдзырдта, абоны онг Хуссар Ирыстоны ахæм категорийы сабиты хæрзиуæгæн цы мадзæлттæ æххæст цæуы, уыдæтты тыххæй.

Сиукъаты чызг куыд загъта, афтæмæй, æрмæст ацы бон нæ, фæлæ иунæг минут дæр ма хъуамæ рох кæнæм, æнæниз æмæ рæзгæ фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддаджы цы бæрндзинад хæссæм, уый.

Мадзалы кæрон сабитæ иууылдæр зæрдылдарæн лæвæрттæ райстой паддзахады сæргълæууæджы къухæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.