Сæрд йæ тæмæны ис æмæ нæ алыварс æрдзмæ куы кæсæм, уæд адæймаг æхцондзинад фæисы йæ рæсугъддзинадæй. Нырма дæр зайæгойтæ сты сæ тæккæ рæзыныл. Фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ махæн зæрдæрухсы æнкъарæнтæ æмæ æнæниздзинад чи фæхæссы, уыцы зайæгойты цур арæх фенæн кæй вæййы, не ‘нæниздзинадæн нын тæссагдзинад чи æвзарын кæнынц, ахæм зайæгойты дæр. Уыцы зайæгойтæй сæ иу у амбрози.

Агроном Дыгъуызты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй ацы зайæгой нымад у карантиноныл. Уымæн æмæ дидинæг калыны рæстæджы уый зынын кæны аллергион низ поллиноз, зæгъгæ. Медицинæйы куыд бæрæг у, афтæмæй дзы адæймаг тынг фехснырсы, цæссыг фезгъæлы, хъустæ æмæ фындз сæхгæнынц, адæймагæн йæ тæвд схизы. Уымæй уæлдай ма амброзийы рыг свæййы хъуыры астмæйы æмæ æндæр æбуалгъ низты аххосаг.

Ацы зайæгой арæх фенæн ис канд нæ республикæйы хъæуты нæ, фæлæ горæты территорийыл дæр. Ахæм тæссаг зайæгой кæй у, уымæ гæсгæ махæй алчидæр хъуамæ архайа йе    скуынæг кæныныл. Раст мæнæ ацы афон, йæ тæккæ рæзыныл куы у, уæд æй хъæуы скуынæг кæнын, бындзарыл æй стонын. Кæннод райдайдзæн дидинæг калын æмæ цы бынаты нызгъæлы, уым дыккаг аз стыр гуыдынтæй сзайы. Ацы       хъуыддагмæ йæ хъус хъуамæ æрдарит алчи дæр æмæ йæ рæстæгыл куынæг кæниккой, архайой, кæм цæрынц, уыцы территори ацы зайæгойæ ссыгъдæг кæныныл.

Раздæр дæр афтæ уыд, хицауиуæгад-иу фæндон рахаста, цæмæй санитарон службæтæ бæрæг кодтаиккой куыстуæтты æмæ организациты æмæ амбрози куынæггонд кæм нæ цыд, уыцы куыстуæтты разамонджыты æфхæрдтаиккой. Уымæй уæлдай ма цæрджыты æхсæн дæр кодтой æмбарынгæнæн куыст, зæгъгæ, амбрози у адæймаджы организмæн зиан-хæссæг кæрдæг æмæ йæ хъæуы æппæт амæлттæй дæр куынæг кæнын. Амброзийы иу зайæгой радты 100 мин тауинаджы æмæ кæд дыккаг аз иууыл не сзайынц, уæддæр сæ цæрдхъомдзинад хъахъхъæд æрцæуы 40 азы бæрц. Гъе, уымæ гæсгæ у афтæ арæх нæ республикæйы территорийыл. Уый тынг арæх фенæн ис фæсфæд бынæтты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ амбрози фесафынæн ахсджиагдæр хос у мæрмæ нырыккон химион буарадтæ бахæссын, цæмæй бынтондæр скуынæг уа, уый тыххæй та хуыздæр у алы кæрдæджы дæр бындзарыл сыскъуынын», – зæгъы Дыгъуызты Таймураз.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.