Республикæ Хуссар Ирыстоны ныййарджытæ æмæ сæ сабитыл æрцыд æхсызгон хабар. Дæргъвæтин карантины фæстæ 2-æм июлы скуыстой сывæллæтты цæхæрадæттæ иууылдæр. Сабитыл цыппæрæмы райсомæй цытджын æгъдауæй, стыр цины æнкъарæнтимæ æмбæлдысты сæ хъомылгæнджытæ æмæ уагдæтты персонал. Кæд-иу раздæры рæстæджы сывæллæтты сæ хъомылгæнджытæ райстой, уæд сыл ныр та фыццаг æмбæлдысты медицинон кусджытæ. Уыдон маскæты æппæт сывæллæтты дæр басгæрстой сæ ныййарджыты цур, цæмæй дзы рынчын чи разындаид, уыдоны фæстæмæ раздæхтаиккой. Медицинон хотæ сдезинфекци кодтой сывæллæтты къухтæ æмæ ма семæ цы хъазæнтæ æрбахастой, уыдоны дæр. 

Дзауы районы цы сывæллæтты цæхæрадæттæ ис, уыдон куыд цæттæ сты сæ куыстмæ æмæ нырæй фæстæмæ кусджытæ цы домæнтæ æххæст кæндзысты, уый фæдыл нын радзырдта районы администрацийы ахуыры хайады гæс Битеты Мария. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй районы цæрджытæ, уæлдайдæр та ныййарджытæ ацы хъуыддагыл сæмбæлдысты стыр æхсызгонæй æмæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой фарст чи срæвдз кодта, æппæт уыдонæн. «Куыд зонæм, афтæмæй нæ Президент  хицауады уынаффæмæ гæсгæ нæ республикæйы цæмæй коронавирус ма апарахат уыдаид, уый тыххæй уалдзæджы райдианы ист æрцыдысты сæрмагонд мадзæлттæ. Фыццаг рады æхгæд æрцыдысты ахуырадон уагдæттæ, уыдон æмрæнхъ сывæллæтты цæхæрадæттæ дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы барамынд æмæ нæ хицауады уынаффæмæ гæсгæ скъуыддзаг æрцыдис, цæмæй  1-æм июлæй сæ куыстмæ рахизой нæ республикæйы скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæ. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад æмæ Ахуырад æмæ зонады министрадæн иумæ уагъд æрцыдис æмбырд, цыран ма хайад райстой скъолайы кары агъоммæйы уагдæтты къухдариуæггæнджытæ, хъомылгæнджытæ æмæ медицинон кусджытæ дæр. Уыдонæн реко-мендацитæ радтой, сывæллæттимæ кусгæйæ санитарон домæнтæ куыд хъуамæ æххæст кæной, уый фæдыл. Бацамыдтой сын куыд æмæ цавæр мадзæлттæ исын хъæуы ныры рæстæджы, уыдæттæ дæр.

Дзауы районы ис сывæллæтты æртæ цæхæрадоны – Къуайсайы æмæ, Дзауы сывæллæтты цæхæрадæттæ æмæ Гуфтайы скъолайы базæйыл конд æнахъомты ахуырадон къорд. Ацы уагдæттæ сæхи бацæттæ кодтой развæлгъау æмæ 2-æм июлы бакодтой сæ дуæрттæ. Сывæллæтты цæхæрадæтты кусджытæ сæ хъомылгæнинæгты æрбацыдмæ бафснайдтой уынгтæ æмæ бæстыхæйтты хатæнтæ. Уый фæстæ та сæ 30 июны скодтой дезинфекци. 1-æм июль нæ республикæйы кусгæ бон нæ уыд æмæ уымæ гæсгæ районы скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæ дæр сæ дуæрттæ байгом кодтой 2-æм июлæй. Сывæллæтты цæхæрадæттæ ифтонг сты æппæтæй дæр, цæмæй æнæкъуылымпыйæ æххæст кæной сæ куыст. Кусдзысты, раздæр цы режимыл куыстой, афтæ – райсом 8:30 изæры авд сахатмæ. Хъомылгæнджытæ хъæлдзæгæй æмбæлдысты сæ хъомылгæнинæгтыл æмæ сын медицинон хо та хицæн кабинеты уагъта басгæрстытæ, барстой сын сæ тæвд. Кæд æмæ,  сбæрæг уа ахæм сывæллон æмæ йыл ис æхснырсæг, кæнæ йæм ис тæвд, уæд æй уайтагъд акæнын кодтаиккой ныййарæгæн фæстæмæ. Ахæм санитарон домæнтæ ис ныртæккæ æмæ сæ хъуамæ æххæст кæнæм не ‘ппæт дæр. Ныййарджытæ дæр хъуамæ уой цырддзаст æмæ сæ сывæллæтты рынчынæй ма кæной цæхæрадæттæм. Уый тыххæй развæлгъау фæдзæхст цыдысты ныййарджытæ æмæ куыд рабæрæг фыццаг бонæй, уымæ гæсгæ дзы иу сывæллон дæр нæ разындис рынчын. Сывæллæттæ кæрæдзийыл цин кодтой æмæ ма сæ хъазынæй цы фсæста», – банысан кодта Битеты Мария. Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Вадимимæ азылдысты æмæ бабæрæг кодтой, сывæллæтты цæхæрадæттæ сæ куыст куыд райдыдтой фыццаг бонæй, уый. Битеты Мария ма куыд загъта, афтæмæй Дзауы сывæллæтты цæхæрадонмæ ног ахуыры азмæ ба-цæудзысты 23 сывæллоны.

Дзауы сывæллæтты цæхæрадонмæ бацæугæйæ мах федтам рæсугъд, хæрзæфснайд кæрты сывæллæттæ куыд хъазыдысты æмæ кæрæдзийыл куыд цин кодтой, уыцы нывтæ. Сабидоны сæргълæууæг Пæррæстаты Маринæ нын куыд загъта, уымæ гæсгæ стыр цинимæ сæмбæлдысты кусын кæй райдыдтой æмæ та сæ хъомылгæнинæгтыл кæй цин кæнынц, уый тыххæй. «Æртæ мæйы дæргъы мах нæ куыстам æмæ уымæ гæсгæ тынг æрымысыдыстæм нæ сывæллæтты. Ныр райдыдтам кусын раздæр куыд куыстам, афтæ. Ис нæм ныридæгæн 104 сывæллоны, кæцытæ дихгонд сты цыппар къордыл. Развæлгъау бацæттæ кодтам нæхи, бафснайдтам, кæм хъуыдис цалцæг кæнын, уыдон сцалцæг кодтам, стæй уый фæстæ та скодтам дезинфекци æнæхъæн бæстыхайы. Алы бон дæр-иу хъуамæ нæ медицинон хо Гæджиты чызг басгара сывæллæтты, сбара сын сæ тæвд, арæхдæр сын хъуамæ æхсын кæнæм сæ къухтæ, санитарон домæнтæ ныры рæстæджы æмæ уавæрты куыд хъуамæ æххæст цæуой, афтæ сæ æххæст кæндзыстæм. Нæ хъуыдыйы ис нырыккон тæвдбарæн балхæнын, мах æй рæхджы нæ афтиагы æххуысæй хъуамæ самал кæнæм æмæ уæд æнцондæр уыдзæн медицинон хойы куыст дæр. Ис ма нын лыстæг фарстытæ скъуыддзаг кæнинаг æмæ нын уыдон тыххæй ныфс бавæрдтой нæ районы администрацийы», – загъта Пæррæстаты Маринæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.