Уæрæсейæ нæ республикæмæ æндæр æмæ æндæр фадгуыты кусынмæ цы специалисттæ хуынд æрцыдысты, уыдон 10-æм октябры сæ намысджын куысты тыххæй Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик схорзæхджын кодта Хæлардзинады ордентæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхы аккаг систы РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады миистрады уынаффæгæнæг Михаил Герасимов, Экономикæйы министрады уы-наффæгæнджытæ Вера Дэнк æмæ Павел Ковальский, Зонад æмæ ахуырады министрады уынаффæгæнæг Темина Казахова. Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрады уынаффæгæнæг Игорь Галь.

Хицауады Сæдар йæ раныхасы бафиппайдта уæрæсейаг специалистты æнувыд, æнтыстджын архайд нæ республикæйы  размæцыды тыххæй æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ.

«Сымахæй алчи дæр бакодта стыр куыст, йæ тыхтæ æмæ йæ зонындзинæдтыл нæ ауæрдгæйæ, уæ фæлтæрддзинад нæ хæлæг кодтат республикæйы экономикæйы рæзтæн, кæцыйы хъæуы, куыд методикон, консультативон, афтæ барадон æххуыс дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, æмбæлдыстут куысты рæстæджы зындзинæдтыл. Уырны нæ, кæд æмæ мах æрдыгæй фарс кæнгæ чи сты, ахæм бадзырдтыл нæ къух æрфыссын нæ бон нæ бауа, уæддæр не ‘хсæн баззайдзысты хъарм адæймагон ахастытæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Йæ раныхасы РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Натали дæр банысан кодта республи-кæйы ахуырадон модернизацийы системæмæ стыр кæй у Темина Казаховайы хайбавæрд.

«Æххæст кæны модернизацийы фыццаг этап æмæ йын ныридæгæн ис фæстиуджытæ. Фæлæ разæй нырма бирæ кусинæгтæ ис, æмæ мæн фидарæй уырны Темина Александры чызгимæ нæ куыст кæрæдзи æмбаргæйæ кæй адарддæр кæндзыстæм, уый. Махæн нæ куысты сæвзæрдис хорз адæймагон æмæ кусæгон ахастытæ. Уымæн æвдисæн сты, цы бирæ арфæйы фыстæджытæ райстам, уыдон», – загъта Гасситы Натали.

Нæ республикæйы территорийыл инвестпроекттæ реализаци кæныны тыххæй Павел Ковальскийы хайбавæрд егъау кæй у, уый банысан кодта йæ раныхасы РХИ-йы экономикæйы министр Кокойты Геннади дæр.

РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард дæр банысан кодта Михаил Герасимовы профессионалон архайд, кæцы цæттæ у йæ коллегæтæм алы уысм дæр йæ къух фæдаргъ кæнынмæ æмæ сын алы уавæрты дæр баххуыс кæнынмæ. Уый Инвестпрограммæйы объектты тыххæй йæхимæ райста бирæ хæстæ æмæ сæ сæххæст кæныныл архайы æппынæдзухæй.

Бирæ хъарм ныхæстæ загъдæуыд Вера Дэнкы æнувыд æмæ хæрзиуæгон архайды тыххæй. Уый зæрдæбынæй архайы нæ республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады системæ æрнывыл кæныны тыххæй.

РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги дæр бирæ арфæйы ныхæстæ загъта Игорь Галæн йе стыр хайбавæрды тыххæй нæ республикæйы медицинæйы къабаз райрæзын кæ-нынмæ.

Сæ рады, уынаффæгæнджытæ дæр стыр бузныджы ныхæстæ загътой республикæйы разамынад æмæ сæ коллегæтæн æмæ банысан кодтой, Хуссар Ирыстоны кусгæйæ уыдонмæ кæддæриддæр кæй æвзæрдис æвæрццаг тæлмæнтæ.

«Мæ бæллиц уыд рагæй фæстæмæ Кавказы цардуагимæ базонгæ уæвын. Æмæ мæ Хуссар Ирмæ мæ хъысмæт кæй æрхаста, уымæй æз райгонд дæн. Ам федтон адæймагон хъарм ахастытæ æмæ дзы мæхæдæг дæр бирæ цæуылдæрты сахуыр дæн. Æз дæр бацархайдтон, цæмæй мæ коллегæтæм адæдтон мæ куысты зонындзинæдтæ.Сымахæн уе стыр хъæздыгдзинад сты уæ адæм. Ам, сымахмæ ис хорз скъолатæ, хорз ахуыргæнджытæ. Мæ фыртыл ныр сæххæст фынддæс азы æмæ ам, Хуссар Иры, уый йæхи хаты тынг хорз, ссардта бирæ æмбæлттæ æмæ домы, цæмæй скъола кæронмæ бакæса ам. Мæн стыр бузныг зæгъын фæды Зæгъойты Эдуардæн, иумæ кæрæдзи æмбаргæйæ кæй фæкуыстам, уый тыххæй. Уый у æцæг куыстхъом адæймаг, кæцы зоны цыфæнды зын уавæрты сæрты дæр рахизын. Мæн уырны, цард мæ кæдæмфæнды ма фæхæсса, уæддæр, мæхи æмæ мæ бинонтæм дæр Хуссар Ирыстоны адæммæ цы хъармдзинад сæвзæрдис,уый баззайдзæнис цæрæн-бонтæм немæ», – дзырдта йæ раныхасы Михаил Герасимов.

Фембæлды рæстæджы банысанчындæуыд, Уæ-рæсейы специалисттимæ бадзырдты фарста, кæй ис æркæсыны стадийы Уæрæсейы иууыл егъаудæр кадрон агентадтæй сæ иу – арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Де Тек»-ы, кæцы æвзæрст æрцыд конкурсы бындурыл.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.