Адæмы ‘хсæн цы базырджын хъуыдытæ ныффидар, уыдонæй иу у, хъæбатыртæ нæ мæлынц, зæгъгæ. Æмæ æцæгæйдæр афтæ у, цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр нæ рох кæнынц, бæстæ æмæ йæ адæмы рæсугъд сомбоны тыххæй хъæбатырдзинад чи равдыста, уыцы адæймæгтæ. Æмæ æрмæст рох нæ, фæлæ сын æнусты дæргъы фæмысынц сæ хъæбатырдзинад, сæ кадджын нæмттæ.

Ахæм кады аккаг у Бекъойты Викторы фырт Павел. Уый кæд Ирыстонæн æддейæ райгуырд, Стараполы крайы горæт Железноводскы, уæддæр йе уæнгты конд æмæ йæ зондахастæй, стæй йæ ныфсхастдзинадæй дæр бæрæг уыд, ирон кæй у, уый. Скъола каст фæуыны фæстæ бацыд горæт Минскы радиотехникон институтмæ æмæ йæ каст фæци. Уый фæстæ Советон Æфсады рæнхъыты афицеры чины райдыдта йæ фæллойадон фæндаг. Алкæйы царды дæр вæййы æнæнхъæлæджы фæзилæнтæ. Павел дæр ныууагъта йе ‘фсæддон  архайд æмæ кусын райдыдта Минскы «Термопласт»-ы заводы мастерæй. Йæ куыст æмæ æнтыстытæй рухс кодта куыд йæхи, афтæ куыстуаты разамонджыты, йæ бинонты зæрдæ, фæлæ иу рæстæджы Павелмæ сæвзæрд æндæр хъуыды. Бафæндыд æй, цæмæй ногæй суа афицер, йе ‘фсæддон хæстæ æххæст кæна Афганистаны. Цалдæр хатты æфсæддон къамисариатмæ рапорттæ дæр балæвæрдта, фæлæ райдианы йæ фæндæй ницы уад.  Цалдæр мæйы фæстæ сæххæст йæ фæнд. Афганистанмæ ныццæугæйæ фидар æрцыд сæрмагонд æфсæддон хаймæ. Командæгæнджыты бирæ рæстæг нæ бахъуыд, цæмæй базыдтаиккой ирон лæджы тыхджын удыхъæд æмæ нысан æрцыдис ротæйы командирæй. Кæд, уæды батальоны командир Алексей Поповичмæ уыд Афга-нистаны тохты стыр фæлтæрддзинад, паддзахады ‘рдыгæй райста бирæ хорзæхтæ, уæддæр æй ирон афицеры арæхстдзинад æппæрста дисы. Арæх-иу загъта, зæгъгæ,  Афганистаны зæххыл йе ‘мбæстагон хæс чи фыста, уыдонæн се ‘ппæтæн  дæр зындгонд уыдысты йе сгуыхтдзинæдтæ. Чи сæ йæхæдæг уыдта, кæмæ та хъуыстысты дардмæ. Уыцы азты Павелы хуыдтой лæглегендæ, дзырдтой, адæмы ‘хсæн у хиуылхæцгæ,  тохы та, уромæн кæмæн нæй, ахæм афицер, зæгъгæ. Уымæн къуыримæ цы æнтыст, уый бирæтæ нæ арæзтой афæдзмæ дæр. Йе ‘нтыстытæ уыдысты сæйраджыдæр йæхи ныфсхаст æмæ хъæбатырдзинады фæрцы, стæй йын йæ хæстонтимæ иттæг хорз ахастытæ кæй уыд, уый фæрцы дæр.

Павел Афганистаны фæуæлахиз сæдæ тохæй фылдæры. Уыдон райдыдтой 1985 азæй. Уæд, октябры мæйы, æнтысгæйæ ныппырх кодта горæт Царзубаймæ хæстæг душманты къорды. Йæхи хæстонтæй та иу дæр нæ фæхъуыд. Иу мæй фæстæдæр та æндæр тохты Павелы ротæ басаста æндæр хæстон къорды. Байста сæ 9 зенитон-ракетæйон æхсæг комплекс æмæ бирæ нæмгуытæ. О, фæлæ Павел йæ ротæимæ иууыл стырдæр хъæбатырдзинад равдыста горæт Газнимæ хæстæг тохты. Ам иу бæрзæндыл стымбыл душманты стыр къорд, кæцытæ нæ хæстонтæн хастой стыр тасдзинад. Уыдон фæтæрын æфсæддон командæкæнынад бахæс кодта Павел æмæ йæ ротæйæн. Душмантæ цы бынæттæ бацахстой, уырдыгæй сæ фæтæрын уыд зын. Бамбæхстысты хæхты дæлвæзты æмæ-иу искæй куы суыдтой, уæд æй истой милмæ.

Павел бамбæрста уавæр, æмæ йæ хæстонтимæ æрзылд дæрдты, æндæр кæмттыл. Цалдæр къуыримæ душмантæ æмбæхст кæм уыдысты, уыцы хохы сæрмæ схызтысты æмæ сæ уырдыгæй райдыдтой æхсын.  Цалдæр боны фæстæ ма сæ удæгас чи баззад, йæ бон ма алидзын кæмæн уыд, уыдон фесты сæ сæртæ æфснайынмæ. Уым чи баззад, уыдоны та ракодтой уацары. Уыцы тохты фæстæ Павел æмæ йæ салдæтты хъæбатырдзинады кой арвы нæрынау айхъуыст нæ хæстонты ‘хсæн.

Павелы фæстаг тохтæ та уыдысты Сихибханы къуылдымтыл. Ардыгæй æрыхъуыст, зæгъгæ, французаг æфсæддон уынаф-фæгæнæгимæ иуран бирæ æртымбыл афганистайнаг бунтгæнджытæй. Æмбисбон Бекъойты лæппу йæ хæстонты сбадын кодта вертолетыл, сæ фæсурынæн бирæ тыхтæ нæ хъæуы æнхъæлæй æмæ  ацыдысты æдзæттæйæ. Цы бынæтты сæ æнхъæлдтой, уымыты басгæрстой бæстон, ничи дзы разынд, æмæ цасдæрбæрцæй фæныфсджындæр сты. Баззад ма сын иу кишлак басгарын. Бацыдысты йæм 50-70 метры хæстæг. Исчи ма дзы уыдзæнис, уый æнхъæл нал уыдысты, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Фæкодтой сæ нæмыджы бын. Тохтæ сытынг сты æмæ цыдысты цыппар сахатæй фылдæр, æххуысмæ сæм хæдтæхджытæ дæр æрбацыдысты, фæлæ сын уыдон дæр уадиссаг нал баххуыс кодтой, кæрæдзимæ бынтон æввахс кæй уыдысты, уый аххосæй нæ зыдтой, куыд æмæ кæдæм æхсой, уый. Уый уыдис 1986 азы 18 марты.

Павелы хъæбатырдзинадæн паддзахад скодта стыр аргъ. Йæ бирæнымæц хорзæхты ‘хсæн сты «Сырх Тырыса» æмæ «Сырх Стъалы»-йы ордентæ.

Ацы аз Павелы райгуырдыл сæххæст 60 азы. Ацы цауы тыххæй Цæгат Ирыстоны Альпинистты цæдис бауынаффæ кодта, цæмæй май-июны мæйы схизой, ном кæмæн нæма ис, Ирыстоны иу ахæм хохмæ æмæ йын радтой ном «Бекоев Пик».

Павел ирон кæй уыдис, йæ фыдæлтæ Цхинвалы районы Ходы хъæуæй ацæугæ кæй сты, уый тыххæй не ‘мбæстæгтæ, журналисттæ Лохты Джамбулат æмæ Коцты Къоста сфæнд кодтой горæт Минскмæ ацæуын æмæ документалон фильм Павелы цард æмæ архайды тыххæй саразын. Уый сын Хуссар Ирыстон-Паддзахад Ала-нийы Президент Бибылты Анато-лийы фæрцы æнтысгæ дæр бакодта. Ацыдысты Минскмæ. Уым фесты 11 боны æмæ, сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй цыдæриддæр фæнд кодтой, уый сын бантыст. Минскы сыл фембæлдысты хорз. Бацыдысты Павелы бинонтæм, фембæлдысты хиуæттæ æмæ Павелы зонгæтимæ. Уымæй дарддæр ма уыдысты, Минскы цы æртæ музей ис, уыдоны. Алы ран дæр дзы ис Павелы номарæн къуым. Бацыдысты, дидинтæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Минскы сæйраг хæстон цыртдзæвæныл, цыран бирæны-мæц мыггæгты ‘хсæн ставд дамгъæтæй фыст ис Бекъойты Павел Викторы фырты ном. Дидинтæ æмæ ма веноктæ сæвæрдтой Павелы    уæлмæрдыл дæр.

Джамбулат æмæ Къоста куыд зæгъынц, афтæмæй Бекъойты Павелы тыххæй æртымбыл кодтой бирæ æрмæг. Ацы бонты сыл кусынц, æмæ куыд зæгъынц, афтæмæй Ирыстоны дзыллæ сæ арæзт документалон киноимæ базонгæ уыдзысты апрелы мæйы. Документалон киноныв ма æрвыст æрцæудзæнис Минск, Дзæуджыхъæу, Мæскуы, Санкт-Петербург, Самара æмæ æндæр ирон диаспоратæм.

 

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.