Шахматтæй цымыдисон ерыстæ уагъд æрцыдысты телеуынынады. Уым æрæмбырд сты республикæйы иууыл тыхджындæр æвзонг шахматисттæ. Уыдон тох кодтой ПТРК «ИР»-ы призтæ рамбулыныл. Æдæппæтæй сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 22 адæймаджы. Уыдон уыдысты Цхинвалæй. Иу командæ та æрцыд Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайæ, кæцыты цæттæ кæны скъолайы директор Гуссойты Ласко.

Шахматон фæйнæджытæ æвæрд æрцыдысты телеуынынады сæйраг студийы. Уым сæйраджыдæр уагъд фæцæуынц æвзæрстыты æндыгъд дебаттæ. Ныр та дзы цыдысты карз спортивон тохтæ.

Турниры райдианæй цалдæр хатты фæивта йæ лидер. Æрмæстдæр фæстаг партийы бæрæг æрцыдысты ерысты уæлахиздзау æмæ призертæ. Фæйнæ 6 очкойы æрæмбырд кодтой Тыджыты Арсен æмæ Джыгкайты Артур. Фæлæ раздæры туртæй сæ иуы сæ дыууæимæ хъазты Тыджыйы фырт кæй рамбылдта, уый фæрцы ныр нымад æрцыд турниры уæлахиздзауыл. Джыгкайты Артур та ацыд дыккаг бынатыл. Æртыккаг та ссис Бахъаты Гамлет. Чызджыты ‘хсæн иууыл хуыздæр бæрæггæнæн равдыста Уанеты Валерия.

Уыдонæн лæвæрд æрцыдысты призтæ. Лæвæрттæ райстой турниры иннæ хайадисджытæ дæр.

           ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.