Паддзахадон телеуынынад «Ир»-ы хæрзаудæн проект «Бæллицты фонтан» сæххæст кодта 150 сывæллоны бæллиц. Проекты амонæг æмæ къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Еленæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз Митын дадамæ фыстæджытæ ныффыстой 300 сывæллоны. Уыдон, сæйраджыдæр, сты Ленингоры сывæллæтты хæдзар, Дзау æмæ Цхинвалы интернатты хъомылгæнинæгтæ. «Раздæр азтæм абаргæйæ ацы аз сабитæн сæ бæллицтæ хуымæтæгдæр уыдысты. Сæ фыстæджыты Митын дадайæ, сæйраджыдæр, куырдтой къахыдарæс, спортивон формæ, хъазæнтæ, адджинæгтæ. Сабиты бæллиццтæ сæххæст кæнынмæ министрадтæ æмæ организациты минæвæрттæ бирæйæ æрбацыдысты, фæлæ уæддæр «Бæллицты фонтан»-ы нырмадæр ис наутæ, кæцытæм тынг æнхъæлмæ кæсынц сæ хицæуттæ. Нæ республикæйы бирæ ис амалиуæггæнджытæ, фæлæ уыдон ацы аз сæхи уадиссаг нæ батыхсын кодтой.

Телеуынынадæй сабитыл цы чысыл сюжеттæ æвдыст æрцæуы, уыдонæй сæ иуы Хъуылымбегты Еленæ æхсæнады базонгæ кодта Цхинвалы скъола-интернаты коррекцион къласы хъомылгæнинæгтæ Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы цæрджытæ Дыгъуызты дыууæ æфсымæримæ. Сывæллæттæ цæрынц хъæуы æнæ мадæй, сæ фыдимæ. Сæ царды уавæртæ сты уæззау. Хæдзары сылгоймаджы куыстытæ дæр кæнынц сæхæдæг. Ацы сюжет фенгæйæ республикон стоматологион поликлиникæйы кусджытæ сфæнд кодтой сидзæр рынчын сывæллæтты хъысмæт фæрогдæр кæнын. Коллектив æрæмбырд кодта æхцайы фæрæзтæ æмæ Дыгъуызты бинонтæн балхæдта, иууыл зæрдиагæйдæр сæ цы гæрзтæ æхсæн машинæ хъуыд, уый.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.