Нæ горæты  3-æм астæуккаг скъолайы ауагъд æрцыд поэтессæ Чехойты Оляйы сфæлдыстадон изæр.  Мадзал бацæттæ кодта райдиан кълæсты  ахуыргæнæг Санахъоты Аллæ. Ардæм æрбацыдысты сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, скъоладзаутæ. Изæры зæлыдысты Оляйы фыст æмдзæвгæтæ, йе ‘мдзæвгæтыл фыст зарджытæ, скъоладзаутæ радзырдтой поэтессæйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Оля йæхæдæг схъомыл ис сидзæрæй. Райгуырд 1947 азы Карелы районы, æхсæзаздзыдæй йæ йæ фыд Никъала радта йæ хо Аннæйы бинонтæм Бехъмары хъæумæ.

Оля у къорд поэтикон чиныджы автор. Æвдисы сæ йæ райгуырæн бæстæмæ, йæ адæммæ уарзондзинад, уæлдай æввахсдæр йæ зæрдæмæ исы сидзæрты зын хъысмæт.

Изæр рауад зæрдæмæхъаргæ. Цавæр фидар у адæймаджы уд? Цас бафæразын у йæ бон? Уымæн бæлвырд дзуапп бирæтæ нæ ратдзысты. Фæлæ сын Оля дзуапп раттынхъом у, уымæн æмæ царды бирæ цыдæртæ бавзæрста. Хуымæтæг, хæларзæрдæ, цæстуарзон адæймаг йæ зæрдæмæ исы алкæйы рис дæр. Фæнды йæ алкæмæн дæр баххуыс кæнын æмæ æххуыс дæр кæны.

Диссаджы патриотон æнкъарæнтæ ис Оляйæн йæ алы уацмысы дæр. Уый фыссы:

Уындзынæн ныр адæмы худгæ,

Хуыцау сын æххуысгæнæг уа.

Зæгъы сын мæ зæрдæ æрмæстдæр,

Сæ фидæн рæсугъддæр кæна.

Чехойты Оля йæ раныхасы загъта: “Фыццаджыдæр мæ раарфæ кæнын фæнды, ацы мадзал чи сарæзта, уыдонæн. Иннæ дæсныйæдтимæ абаргæйæ, ахуыргæнæджы дæсныйад у æппæтæй вазыгджындæр æмæ арфæйагдæр. Ныхасæн баззади, зæгъгæ, дам, Арв æмæ зæххы астæу сывæллоны  удæй сыгъдæгдæр нæй æмæ адæймаджы (ахуыргæнæджы)  уд дæр сывæллæттимæ кусгæйæ сыгъдæгдæр кæны. Куыд хорз уаид, алы сывæллоны зæрдæмæ дæр хицæн фæндаг куы ссарин, уæд. Мæ куыст Ирыстоны зӕххыл фарны уидæгтæ куы ауадзид. Мæ бон куы бауаид алы сывæллонæн дæр йæ рухс фæнд базонын, æмæ йын æй цыфæндыйæ дæр сæххæст кæнын!» Ацы хъуыдытæ сты йæ уарзондзинады æвдисæн йæ кæстæртæм. Чехойты Оляйæн нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ ног  сфæлдыстадон  æнтыстытæ.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.